Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг



1 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты Андрей райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæр Нальан Антмены.


Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитет Хуссар Ирыстоны территорийыл цы проекттæ сарæзта, уыдоныл æмæ ма æввах рæстæджы йæ дарддæры куысты пълæнттыл.

Антмен загъта бузныджы ныхæстæ Министрадæн йе’ххуысы тыххæй æмæ конструктивон æмгуыстады тыххæй ÆСДК-йы архайдæн Республикæйы.

Бахаххгонд æрцыд гуманитарон фарстатæ скъуыддзаг кæныны фадыджы дардддæры æмгуыстадмæ дывæрсыг тырнындзинад.


Цхинвал, 2016 азы 1 июль