Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий.

Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе дыццæджы, 17 апрелы, брифингы фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад «комментаритæ нæ кæндзæн Хуссар Ирыстоны де-факто хæдрасидгæ президенты Тыбылты Леониды инициативайæн Эргнеты хъæуыцур базары куысвт сног кæныны тыххæй»
Æхсин Каландадзейы ацы хъусынгæнинаг, уæлæнгай йæ куы з зæгъæм, уæд дисы баппæрста, уымæн æмæ 2012 азы 8 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмы сæвзæрстонд президент Тыбылты леонид ницахæм инициативæ загъта Эргнеты хъæуы цур базар скуысын кæной æви йæ ма скусын кæной, уый тыххæй. Ацы базар 2004 азмæ архайдта Гуырдзыстоны территорийыл. Æмæ йæ 2004 азы кæй зыхгæдтой, уый дæр æмæ йæ дардæры хъысмæт дæр гуырдзыстонæн у йæхи мидæггагон хъуыддаг.
Хуссар Ирыстоны хъухдариуæгад кæддæриддæр уыдис Гуырдзыстонимæ ахастытæ дунеон нормæтæм гæсгæ æмбардзинады бындурыл скуддзаг кæныны фарс æмæ йæхи нæ хæццæ кодта æмæ ныр дæр нæ фæнд кæны йæ мидæггагон хъуыддæгты йын йæхи хæццæ кæнынмæ.

Цхинвал,
2012 азы 18 апрелы.

----------------