Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Nov 2012

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 28 ноябры Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Минæварады Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауытæн фембæлд уыди Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатон академийы хъусджытимæ æмæ Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институт (Университет), афтæ ма Уæрæсейы паддзахадон социологион университеты дунеон ахастыты факультетмæ Хуссар Ирыстонæй ахуырмæ ‘рвыст чи рцыд, уыдонимæ.

Фембæлды уыд УФ Республикæ Хуссар Ирыстоны Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Д.Н.

November 24th

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн дунеон автомобилон фæндæгты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр - Дыууæ Фарсы,


дыууæ паддзахады ‘хсæн базарадон æмæ экономикон ахастытæ рæзын кæнгæйæ,

алфæмблай бахъахъхъæнын æмæ фæндагон æзмæлд сифтонг кæныны æнæмæнгхъæуындзинад хынцгæйæ,

дыууæ паддзахады ‘хсæн бæлцæттæ æмæ уæзтæ ласыны æмæ сæ территоритыл транзитон фæндагон змæлд рæзын кæнынмæ тырнындзинадыл, афтæ ма уыцы фæндагон змæлд фæрогдæр кæныныл къухдариуæггæнгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

November 23rd

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг

23 азы размӕ, 1989 азы 23 ноябры, Цхинвалмӕ ӕрбацӕуӕны урӕд ӕрцыдис, Гуырдзыстоны хицауады ӕххуысӕй националистон змӕлдты лидертӕ кӕй сорганизаци кодтой, уыцы цалдӕр дӕсгай мин гуырдзиаг экстремистты марш. Цхинвалмӕ стӕрӕн йӕ нысан уыдис ирӕтты фӕтӕрсын кӕнын ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ та Хуссар Ирыстоны территорийӕ фӕсурын. Уӕд гуырдзиаг националистты фӕнд нӕ рауадис, фӕлӕ ноябры уыцы бонтӕ систы Хуссар Ирыстоны адӕмӕн сӕ цард, сӕрибардзинад ӕмӕ адӕймагӕн цахӕм ӕмбӕлы, ахӕм цард кӕныны сӕраппонд бирӕазон тохы райдиан.

November 20th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службайы хъусынгæнинаг

20 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæртæ. Делегацийы Цхинвалы сæхимæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минææвæрттæ фæсконфликтон ситуации æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.