Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегациты иумиаг хъусынгæнинаг Фæскавказы æдасдзинад æмæ сабырдзинады сæраппонд дунеон дискусситы

Женевæ, 8 июня 2010 года

8 июны 2010 азы Женевæйы уагъд цыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл фæлгæтты дунеон дискусситы иуæндæсæм фембæлд. Медведев – Саркозийы 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры сразыдзинæдтæм гæсгæ Женевайы уагъд цы дискусситæ цæуынц, уым æмбар бындурыл хайад исынц Абхазы, Республикæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы, Америкæйы Иугонд Штаты делегацитæ.
Радон фембæлдты тыххæй рагацау кæуыл бадзырдтой, уыцы боны фæткы хъуамæ уынаффæ цыдаит къорд ахæм фарстыл, кæцытæм сæйраджыдæр, хаудысты Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы фидар сабырадæн ææ æдасдзинадæн фæндæгтæ сыфтонг кæнынмæ, афтæ ма Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны 1989-1992, 1992-1993, 2004 æмæ 2008 азты Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн зиан кæуыл æрцыд, уыцы адæймæгты иумиаг проблемæтыл.
Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегациты æппæт архайджытæ дæр здæхт уыдысты вазыгджын фарстаты тыххæй сын сæ позицитæ, сæ адæмы царды интерестæ цæмæй бамбæрстаиккой, уымæ, фæлæ сын сæ разы ныхдуртæ æвæрдтой Дискусситы хайадисæг гуырдзиаг æмæ америкайаг минæвæрттæ. Æдасдзинад сыфтонг кæныны проблемæйы фæдыл кусæгон къорды гуырдзиаг æмæ АИШ-ы хайадисджытæ сарæзтой радон бафæлвырд, цæмæй урæд æрцыдаит Дискусситы иууыл ахсджиагдæр фарст- тыхæй ма спайда кæныны фæдыл фидæны документы проектыл уынаффæ кæнын. Уый бæсты сомодератортæ бафæлвырдтой, цæмæй сæ æркæсын кæнын кæнын кодтаиккой, къаддæр нысаниуæг кæмæн уыдис, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазæн æдасдзинады гарантии нæ ратгæйæ, хъуыды дæр кæм нæ уыдис, ахæм фарстатæм æрткæсынимæ.
Фембæлды фæлгæтты Хуссар Ирыстоны `рдыгæй фарс радон хатт рæвæрдта фарст 2008 азы августы Гуырдзыстоны оккупацитæ ссæрибаргонд чи æрцыдис, уыцы территоритæм газ уадзыны хъуыддаг сног кæныня тыххæй, фæлæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ дарддæр дæр блокадæ аразынц ацы вазыгджын гуманитарон проблемæтæн, алыгъуызон æрымысæггаг аххосæгтæм гæсгæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ сæрмагонд хъусдард аздæхтой Гуырдзыстоны тыхæн структурæтæ æнæзаконæй кæй æрцахстой æмæ Гуырдзыстоны ахæстыты чи хъизæмар кæнынц РХИ уыцы æмбæстæгты, афтæ мы Гуырдзыстоны полиции цы фæсивæды æрцахста æмæ æдзæмсæфт чи фесты, уыдон проблемæмæ. Куыд раздæры æппæт фембæлдтыты, афтæ та ныр дæр гуырдзиаг минæвæрттæн сæ бон нæ бацис рæвæргæ фарстытæн исты æмбæлон дзуапп радтын.
Дыккаг кусæгон къорды, гуманитарон фарстатыл æмæ иу ранæй иннæ ранмæ афтæг адæймагты проблемæтыл чи куыста, фидæны бадзырдты принципиалон контуртæ чи хъуамæ сараза, уыдон дарддæр кодтой сæ куыст.
Хъагагæн, къорды куыст цыдис æнæконструктивон уавæрты, абхазаг æмæ хуссарирвстойнаг бындургонд хъуыдытæ æмæ конструктивон фæндæгтæм, документыл уынаффæ кæнгæйæ, сæйраджыдæр, хæстон архайдзысты фæстиуæгæн иу ранæй иннæ ранмæ афтæг адæймæгты проблемæтыл чи цыдис, уыдон сæ хъус нæ дардтой. Фактон æгъдауæй сомодератортæ бафæлвæрдтой, цæмæй фыццаг бафарсты райст æрцыдаит æнæсразыгонд документы проект æмæ йæ рахуыдтаиккат «Сразыгонд уагæвæрдтæ, афтæмæй гуымир æгъдауæй хæлдтой фембæлдтытæ уадзыны иумиаг фæтк.
Сомодератортæ ницæмæ дардтой бадзырдты практикæйы æруадзæн кæмæн нæй, ахæм провокацион раныхæстæ æмæ гуырдзиаг минæвæрттæ кæй арæзтой, уыцы дæлдзиныггæнæг уагахаст дыккаг къорды куыстæн сарæзта ахæм уавæр æмæ йæ нормалон куыстæн нал уыдис ададрддæргæнæн.
Ахæм деструктивон æмæ æбæриддзинады практикæйæ тас у, хæлд куы `рцæуой Дискусситæ æмæ уый фæстиуæгæн та ахæм уавæр æмæ дызæрдыггæнæн уыдзæнис æввахсдæр фидæны перспективæйы куынæуал фæуа фадат бадзырдтæ уадзынæн, афтæмæй уыдоныл та комкоммæдæр баст сты бирæ адæймæгты хъысмæттæ.
Абхазаг æмæ Хуссар Ирыстойнаг фæрстæ æнæивгæйæ баззадысты ахæм фæрæзтæ агурыныл, кæцытæ райсинаг уой Женевайы процессы уæнгтæн æмæ бирæбæрцæй ахъаз кæной регионы иумиаг ситуации фæхуыздæр кæнынæн, фæлæ уæддæр афтæ нымадæуы æмæ сфæлдыстадон куыстæн уæнæн ис æрмæстдæр сомодератортæ æмхуызон хорз ахаст куы дарой дыууæ фарсы æппæт хайадисджытæм дæр.
Женевæйы Дискусситæн бынтондæр ницы хъуыды ис, дыууæ `рдыгæй фарс дæр дзы хайад куынæ исой, уæд. Абхазы æмæ Ирыстоны делегацитæ зæгъынц сæ цæттæдзинад Женевайы фембæлдты куысты дарддæр дæр хайад исынмæ. Уыимæ иумæ Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны фæрстæ ныфсдзинад зæгъынц уый тыххæй æмæ сомодератортæ кæй фæивдзысты сæ ахаст Дискуссийы хайадисджысты фæндæттæм, кæцы бæстæйы минæвæрттæ сты, уымæ нæ кæсгæйæ.