Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Заявления МИД РЮО

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн

30 июлы Гуырдзыстоны райдыдтой НАТО æмæ альянсы партнер «Аккаг партнер 2017» иумæйаг, нымæцмæ гæсгæ æртыккаг уæрæхмасштабон æфсæддон ахуыртæ, цыран æнæпрецедентон æгъдауæй уæрæхгонд æрцыд ахуырты цы æфсæддон потенциал цæуы пайдагонд, уый.
Æфсæддон маневрты хайад исынц 3 мины бæрц æфсæддонтæ Гуырдзыстон, АИШ, Стыр Британи, Германи, Турк, Словени, Украина æмæ Сомихæй. Гуырдзыстоны территоримæ æрбакондæуыд фæсарæйнаг уæззау техникæ æмæ авиаци. Ахуырты райдианы церемонийы хайад райста Гуырдзыстонмæ æрцæуæг АИШ-ы вице-президент.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боныл 25 аз сæххæсты цытæн

1992 азы майы 28-29 бонты Гуырдзыстоны хотыхджын агресси Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ æмæ тугкалæн хæст куы сытынг сты, уæд Цхинвалы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сесси, цыран ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн

20 майы æрвылаз Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц «Гуырдзиаг агрессийы амæттæгты мысæн бон». Ацы бон 25 азы размæ ирон хъæу Зармæ æввахс фæндагыл Гуырдзыстоны хотыхджын æфсад бакодтой æвирхъау фыдракæнд. Фæсфæдæй комкоммæ æхст æрцыд Хуссар Ирæй Цæгатмæ цæуæг лигъдæтты колоннæ. Ацы фыдракæнды фæстиуæгæн бабын 33 адæймаджы – сæ фылдæр сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, 20 адæймаджы бæрц райстой уæззау цæфтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз

1484856674_img_7482.jpg

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Референдум ауадзыныл 25 азы сæххæсты фæдыл

19 январы æххæст кæны дыууын фондз азы историон цау – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады референдумыл. Дыууын фондз азы размæ хуссарирыстойнаг адæм сæ паддзахаддзинад арæзтады фæндагыл акодтой хъысмæтскъуыддзаггæнæг къахдзæф. Æппæтадæмон хъæлæсæппæрсты рæстæджы, кæцы уагъд æрцыд æнæаиппæй юридикон нормæтæм гæсгæ бирæнымæц æхсæнадæмон цæстдарджыты цур, реализацигонд æрцыдысты нæ адæмы æнæисгæ бартæ хæдбардзинад, сæрибар æмæ æдас размæцыды фæндаг равзарыны бартæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн

«НАТО-Гуырдзыстон 2016»-ы ахуырты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æвдисы тыхстдзинад 10-20 ноябры цы ахуыртæ хъуамæ æрцæуой уагъд «НАТО-Гуырдзыстон 2016», зæгъгæ, уыдон тыххæй. Ацы ахуырты сæйраг хæс нысангонд æрцыд, куыд «Гуырдзыстон, альянс æмæ партнер-бæстæты æфсæддон тыхты кæрæдзи æмбарындзинад фæбæрзонддæр кæнын, æмæ сæ къухдариуæгад æмæ контрол кæныны гæнæнтæ фæфылдæр кæнын».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз

26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл аст азы сæххæсты цытæн. Раст 8 азы размæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А. Медведев йæ къух бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ паддзахадон суверенитет банымайыны историон Барамындыл. Уымæн йæ размæ уыд хуссарирыстойнаг адæмы бирæазон тугкалæн тох Гуырдзыстоны ныхмæ сæрибар цард æмæ аккаг фидæны сæраппонд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2016 азы 11 майы Гуырдзыстоны дыккаг хатт райдыдтой НАТО-йы уæрæхмасштабон хæстон ахуыртæ «Nobie partner-2016». Уыдоны нысан у Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æхсæн хæстон æмгуысткæнынад æмæ æмархайды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй гуырдзиаг æфсады дæлхæйтты хайадист иумæйаг хæстон операциты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн

Венесуэлæйы парламентон æвзæрстыты фæстиуджыты фæдыл

6 декабры Венесуэлæйы уагъд æрцыдысты æвзæрстытæ Националон Ассамблеямæ.

Æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты архайæг закъондæттынад æмæ конституцион нормæтæм гæсгæ. Венесуэлæйы Президент Николас Мадуро сразы ис æвзæрстыты фæстиуджытыл.

Развæлгъау нымадмæ гæсгæ националон парламенты фылдæр хъæлæстæ райста оппозицион блок.