Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдмæ уæлæмхас сразыдзинæдтæ бахæссыны тыххæй

2015 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент В.В. Путин сæ къухтæ ‘рфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдыл.


Бадзырды 14-æм статьямæ гæсгæ уый йæ тыхы бацыдис 2015 азы 30 июлы, кæрæдзимæ ратификацион грамотатæ куы радтой, уæдæй фæстæмæ.

Бадзырды амынд цæуы уæлæмхас сразыдзинæдтæ саразыны тыххæй, кæцытæ бадзырдон-барадон базæйыл рæзын кæндзысты æндæр æмæ æндæр къабæзты æхсæнпаддзахадон æмкуысткæнынад æмæ æмархайд. Уыцы документыл куыст цæуы дыууæ паддзахады ‘хсæн æмкуысткæнынад æмæ æмархайды фæткæйтæм гæсгæ, уæвæг нормæтæ æмæ фæткойтæ фидарæй хъахъхъæнгæйæ.



РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ
2015 азы 2 сентябрь