Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

2015 азы 18 декабры Еврокъамис ныммыхуыр кодта, Гуырдзыстон Евроцæдисимæ визæйон режим фæхуымæтæгдæр кæныны охыл Архайды пъланы куыд сæххæст кодта, уый фæдыл æвæрццаг хыгъд.


Европæйаг визæйон режим либерализаци кæныны тыххæй Евроцæдисы æмбæлон политикон уынаффæйы райстмæ нæ банхъæлмæ кæсгæйæ, Гуырдзыстоны дзурын райдыдтой, Шенгены зонæйы бæстæтæм, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы цæрджытæн æнæкъуылумпыйæ цæуыны тыххæй Гуырдзыстоны биометрион паспорттæ дæттыны хъуыддаг фæхуымæтæгдæр кæныны гæнæнтыл.

Æцæгæйдæр, Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн гæнæн ис æмæ бæрæг зындзинæдтæ фæзына иуæй-иу европæйаг бæстæтæм бацæуыны тыххæй визæтæ райсыны хъуыддаджы. Дзырд цæуы, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй УФ-йы фæсарæйнаг паспорттæ чи райста æмæ, уæлдайдæр та, сæ паспорты сæ райгуырды бынаты Хуссар Ирыстон кæмæн у амынд, уыдоныл. Хъыгагæн, ис ахæм дискриминацион практикæ æмæ дзы иу-цалдæр европæйаг бæстæйы пайда кæнынц. Сусæггаг нæу, адæттæ гуырдзиаг хицауады хъæппæрисæй кæй цæуынц арæзт, уый дæр.

Ацы проблемæйы кой хуссарирыстойнаг делегаци бирæ хатт сæвæрдта Женевæйаг дискусситы фæлгæтты.

Растдæр уый тыххæй ис схонæн, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ Евроцæдисы арæнтыл цæмæй æнцондæрæй хизой, ууыл Гуырдзыстоны «аудгæ» ахастæн циникон. Уый уыдзæн сæ радон мæнг къахцæф.

Уымæй дарддæр ма, Европæмæ æнæ визæйæ гуырдзиаг паспортимæ ацæуыны фадат баст у, Европæйы цы бирæнымæц гуырдзиаг æнæлегалтæ æмæ криминалон архайджытæ ис, уыдоны дызæрдыггаг репутацийыл хибабæттынимæ, æмæ уыцы перспективæ та Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цæрджытæй бæллиццаг никæмæ фæкæсдзæн.

Радон хатт та нæ бауырныдта, Гуырдзыстонæн патологон æгъдауæй кæй нæу йæ бон йæ сыхæгтимæ уæздан ахастыл æмæ конструктивон æгъдауыл æхсæнпаддзахадон ахастытæ саразын, уый.

Ногæй та хъусдард здахæм, Республикæ Хуссар Ирыстонимæ сæ ахастыты Гуырдзыстоны абоны хицауиуæггæнджытæн сæ размæйы кусджытау кæй нæй прогресс, уымæ. Раздæрау ныфс æвæрынц «фæлмæн тых» æмæ «æрбасайын»-ы политикæ реализаци кæныны охыл зæрдæ балхæнынæй. Æниу, бæрæгæй зыны ахæм хуызы балхæныны элементы эволюци: 2004 азы адæмы æлхæдтой хъацæнты голджытæй, 2015 азы та – гуырдзиаг паспорттæй.


Цхинвал, 2015 азы 25 декабрь