Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хыгъд 2012 азы бакæнгæ куысты тыххæй

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад 2012 азы йæ архайд дарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, æндæр закъæттæ æмæ Республикæйы нормативон-барадон базæмæ гæсгæ. 2012 азы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куысты сæйраг фæдыздæхтытæ, куыд раздæр, афтæ, бæлвырд цыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзты стратегийæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты домæнтæм гæсгæ.


Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад 2012 азы алы ран дæр арæзта æмæ фидар кодта Респуликæйы æвæрццаг фæлгонц, ахъаз кодта, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон алы ран дæр æвдыст цыдаид рæстонæй, куыд суверенон демократон бæстæ, афтæ, кæцыйæн ис нырыккон паддзахады æппæт атрибуттæ дæр, афтæ ма æргомæй æвдыста æмæ цæттæ уыдис æппæт бæстæтимæ дæр æмгуыстгæнынадмæ.

Ацы аз Хуссар Ирыстоны æддагонполитикон уагдонæн уыдис зæрдылдаринаг, юбилейон. 28 майы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад банысан кодта йæ сарæзты 20 азы бон æмæ уый цытæн сорганизаци кодта химæрайст.

Æттагон политикæйы приоритетон нысаниуæг лæвæрд цæуы Уæрæсейы Федерациимæ, нæ стратегион партнеримæ, хæларадон æмахастыты дарддæры фидардæр æмæ арфдæр кæнынæн. 2012 азы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ фыст æрцыд 6 Фидыдыл.

1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн базарадон минæварæдтæ бакæныны тыххæй (2009 азы 1 декабрь).

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн товартæй базар кæныны режимы тыххæй (2012 азы 2 март).

3. Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитет æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон таможнæйон службæйы ‘хсæн, цы бынæтты хъуамæ уой, сæ службæгæнджыты нымæц, сæ равæрын æмæ спецализацигонд таможнæйон органты регионалон архайды тыххæй (2012 азы 16 апрель).

4. Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитет æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон таможнæйон службæйы ‘хсæн таможнæйон операцитæ уадзыны факттæ æмæ товартыл æмæ транспортон фæрæзтыл таможнæйон контрол æххæст кæныны тыххæй (2012 азы 16 апрель).

5. Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитет æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон таможнæйон службæйы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитеты ‘хсæн барадхъахъхъæнынад æмæ æмархайд æххæст кæныны тыххæй (2012 азы 13 сенрябрь).

6. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн æхсæнадæмон автомобилон змæлды тыххæй (2012 азы 24 апрель).

Ныртæккæ куыст цæуы 20 фидыдæй фылдæрыл, уыцы нымæцы дывæр æмбæстагдзинады фарстытæ æрбæстон кæныны фæдыл Бадзырд æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хуссарирыстойнаг паддзахадон арæны тыххæй Бадзырд.

Уæрæсеимæ æмахастыты РХИ æддагон политикæ иууыл ахсджиагдæр фæдыздæхт кæй у, уымæн æвдисæн сты нæ дыууæ бæстæйы къухдариуæггæнджыты фембæлдтæ дæр.

2012 азы 12 майы г. Сочийы уыдис Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Владимиры фырт Путины æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид Харитоны фырты фембæлд. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ РХИ президент йæ бынаты куы слæууыдис, уæд ын Уæрæсемæ балц кæй ссис фæсарæнтæм йæ фыццаг визит. Афтæ ма 2012 азы 23 октябры Мæскуымæ президент Тыбылты Леонидæн йæ официалон визит.

РХИ æмæ УФ ‘хсæн æмахастытæ фидар кæныны контексты, æнæмæнг банысан кæнын хъæуы УФ Хицауады Сæрдар Д.А.Медведевы кусæгон балц Республикæ Хуссар Ирыстонмæ, кæцы баст уыдис 2008 азы 8 августы агрессийыл цыппар азы сæххæсты бонимæ.

РХИ æмæ УФ ‘хсæн æмахастытæ фидар кæныны хъуыддаджы стыр куыст æххæст æрцыдис æддагонполитикон уагдоны хаххыл дæр.

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ныр цыппæрæм аз Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн рахицæн кæны бынæттæ йæ профилон уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Ацы аз мах ауагътам конкурс, кæцыйы фæстиуджытæм гæсгæ фондз адæймаджы рекомендацигонд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуддæгты министрады Дунеон ахастыты Мæскуйы паддзахадон институтмæ (университет) ахуырмæ бацæуынмæ.

2012 азы 25 июны Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. фембæлд Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады статс-секретарь, Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Г. Б. Карасинимæ.

2012 азы 9 октябры Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы хуындмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауытæн Уæрæсемæ уыдис официалон визит.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ нæ бæстæты ‘хсæн экономикон бастдзинæдтæ рæзын кæныны хъуыддаджы исынц активон хайад.

2012 азы 21 июны XVI Дунеон экономикон форумы фæлгæтты куысты хайад райста Хуссар Ирыстоны делегаци. Йе сконды уыдысты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г., экономикон рæзты министры хæстæ ‘ххæстгæнæг Хæбæлаты А. К. æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын Минæвар Медойты Д. Н.

21 сентябры уагъд чи цыдис, уыцы XXI Дунеон инвестицион форум «Сочи-2012»-ы организацион комитеты куысты хайад райста Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К. Форуммæ РХИ бавдыста иууыл ногдæр технологитæй пайда кæныны бындурыл арæзт чи уыд, ахæм инвестицион проекттæ.

УФ РХИ минæварад дæр ахъаз кодта Хуссар Ирыстоны экономикæмæ инвестицитæ бакæнынæн, сæрмагондæй та, сентябры кæрон Республикæмæ æрцыдис китайаг æмæ корейаг бизнесменты делегаци, кæцытæ сæ къухтæ ‘рфыстой æмæ фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Кореяйы Республикæйы ‘хсæн HYEOB JEON ELECTRIC CO.,LTD зонадон-техникон æмæ сæудæджерады æмкуысткæнынад.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куысты иннæ бындурон фæдыздæхт та у хæлар бæстæтæ - Республикæ Абхаз, Приднестроваг Молдаваг Республикæ æмæ Хæхон Хъарабахы Республикæимæ хæларадон ахастытæ тыхджындæр æмæ фидардæр кæнын.

2012 азы 6 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г.кусæгон визитимæ уыдис Абхазы, кæцыты рæстæджы фембæлдис Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.Чиркибаимæ.

20123 азы ма къухтæ фыст æрцыдысты РХИ æмæ АР хъахъхъæнынады министрады ‘хсæн Фидыдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон делегаци РХИ Парламенты Сæрдар Коцты С. Я. сæргълæудæй 31 августæй 3 сентябрмæ уыдис Приднестроваг Молдоваг Республикæйы, кæцы нысан кодта йæ хæдбардзинад расидыны 22 азы бæрæгбон. Делегацийы сконды ма уыдысты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты К. И. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тæлмæцты хайады хистæр Тадтаты С. Ю. Ацы азы 17 июлы РХИ делегаци РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А. К. сæргълæудæй æрвыст æрцыдис цæстдарæгæй ХХъР президенты æвзæрстытæм.

Раздæрау ныр дæр актуалон у Гуырдзыстоны информацион политикæйы æмæ йæ фарсхæцджыты ныхмæлæуд, кæцыты æцæгдзинад æвдисынц бынтондæр зыгъуыммæгондæй. Уый фæдыл Министрады информацион-аналитикон управлении ацы азы дæргъы дунеон æмæхсæнадæн лæвæрдта комментаритимæ йæ хъусынгæнинæгтæ, кæцыты хъусын кодта РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъуыды æмæ позици. 2012 азы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ сайтыл ныммыхуыр кодта 50 хъусынгæнинагæй фылдæр.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хайад исы Республикæ Хуссар Ирыстонмæ фæсарæйнаг делегациты визиттæ организации æмæ æхæст кæныны.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты суагъæты управлении суагъæтæ аразы официалон мадзæлттæн иууыл бæрзонддæр æмæ бæрзонд æмвазады визитæн, кæцыты хсæн рахицæнгæнæн ис ахæмтæн:

2012 азы 15-17 августы Республикæ Венесуэлайы Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын минæвар Уго Хосе Гарсия Эрнандесы визит.

19-20 сентябры Науруйы Республикæйы президент Спрента Джареда Дабвидойы визит.

19-20 сентябры-Уæрæсейы Федерацийы Сомалийы Республикæйы Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæвар, минæвæртты клубы президент æлдар Махамед Мохамуд Хандулайы визит.

19-20 сентябры-Уæрæсейы Федерацийы Никарагуайы Минæварады фыццаг секретарь Хуан Эрнесто Васкез Арайяйы визит. Ахсджиаг къахдзæф уыдис РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады инициативæйы 2012 азы 8 августы организацигонд чи ‘рцыдис, уыцы Тымбыл фынг «Ирон ныхас, фæсаранты чи цæры, уыцы ирон общинæты химæ æрбаввахс кæныны хъуыддаджы. Цы дисскусситы дзы уагъд æрцыдысты, уыдоны хайад истой Бельгийы Нидерландты, Уæрæсейы Федерацийы, Сирийы, Турчы, Францы, Голландийы ирон общинæйы минæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ирон зонады зындгонд минæвæрттæ.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмархайд кæны, нæ бæстæйы чи кусы, уыцы æнæхицауадон организацитимæ. Абоны бонмæ махмæ кусы Сырх Дзуары Комитет. Уыимæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн ис æдзухон иудзинад æмæ йын ахъаз кæны гуманитарон программæтæ æххæст кæныны хъуыддаджы.

Министрад æмæ нæ фæсарæйнаг уагдæттæ æххæст кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны цы документтæ лæвæрд цæуынц, уыдон легализаци. РХИ æмбæстагдзинад райсыны тыххæй æркастæуыдис 250 куырдиатмæ. Фæстæмæ рыздæхыны тыххæй лæвæрд æрцыдис 150 бæлвырдгæнæнæй фылдæр, легализацигонд æрцыдысты 200 документæй фылдæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн консулон лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæнын æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый адыл, Уæрæсейы Федерацийы территорийыл РХИ президент Тыбылты Леониды Указмæ гæсгæ 21 декабры г. Владикавказы арæзт æрцыдис Консулон агентад. Ныртæккæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кусы организацион фарстатыл, цæмæй Консулон агентад бæстон æххæст æрцæуа ифтонггæрзтæй.

Ног, бæрзонддæр æмвазадмæ хизынц Никарагуа, Венесуэла, Науру æмæ Тувалуимæ æмахастытæ. Ацы бæстæтæ географион равæрдмæ гæсгæ кæд дард сты, уæддæр ис иумиаг проекттæ. Семæ æххæст цæуынц бадзырдтæ, цæмæй ссардæуа экономикæйы иумиаг нысæнттæ, фæлæ ма дзы ис æндæр сферæтæ дæр, ахæмтæ, куыд спорт, аивад, кæцыты хъæуы рæзын кæнын.

2012 азы 2 августы Мæскуыйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты К.И. Фембæлд уыдис Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Кирен Кекеимæ.

2012 азы 5 декабры Мæскуыйы Нациты хæдзары уыдис документалон фильм «Фыццаг Минæварад-ы» премьерæ. Систа йæ зындгонд режиссер-документалист Цæлыккаты Вадим Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады æххуысæй.

Фильмы презентацийы уыдысты бæрзонд рангы уазджытæ, се ‘хсæн - Венесуэлæ, Никарагуа æмæ Уæрæсейы дипломаттæ.

Ацы аз Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кадрон ивындзинæдтæ кæй æрцыдис, уымæ гæсгæ декабры кæрон РХИ Президенты Указæй Венесуэлæйы Боливарон Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæварæй нысан æрцыдис Тыбылты Даниель Израилы фырт.

Министрады бындурон фæдыздæхтытæй иу уыд, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æндæр бæстæтæ дæр банымадтаиккой. Нырыккон дунеон политикон тыхты равæрд хынцгæйæ, уый æнцон хъуыддаг нæу. Министрад агуры æмæ рæзын кæны контакттæ, фæдфæдылон æгъдауæй алыгъуызон æмвæзадты организаци кæны фембæлдтæ, кусы континенты бирæ паддзахæдтимæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон дунеон æмæхсæнады суа æмбар уæнг, ИНО æмæ æндæр дунеон организациты уæнг.


г. Цхинвал, 2012 азы 29 декабр