Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

Хуссар Ирыстоны æнæ хъусдард нæ баззадысты, 14 сентябры ТАСС-ы пресс-центры пресс-конференцийы рæстæджы загъд чи æрцыд, В.В. Жириновскийы уыцы фидиуæнтæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты тыххæй. Сæрмагондæй уый загъта, зæгъгæ, «ЛДПР позици у – никæмæн æххуыс кæнын, ницæй республикæтæ, никуы... кæнæ сæхæдæг размæ цæуæнт, æнæ уæрæсейаг фæрæзты æххуысæй, кæнæ Уæрæсейы скондмæ бацæуæнт, кæнæ аздæхæнт æндæр регионы скондмæ».


Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы уынаффæ æнæаивгæ кæй у, уыимæ иумæ ма, Уæрæсейы Федерацийы разамынды курс, Хуссар Ирыстонæн æмæ йæ адæмæн æмгуыстады алы сферæты дарддæры æххуысмæ здæхт кæй у, уый уæрæсейаг хицауады минæвæрттæ бирæ хæттыты банысан кодтой.

Владимир Вольфовичы æмвæзады политик хъуамæ æмбара, ахæм æнæууылд æмæ ницæмæй фидаргонд ныхæстæ кæй сты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы знæгтæн ахъаз, æмæ кæй не сты пайда æцæг хæларадон дывæрсыг ахастыты хæрзгъæд имидж аразынæн. Жириновский дзуры Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн социалон-экономикон ахастытыл, уый та у сæрмагонд специалистты прерогативæ.

Фæлæ, ацы политик иттæг эмоционалон кæй у æмæ йæ зæрды кæй ис, УФ Паддзахадон Думамæ æвзæрстыты куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр хъæлæстæ райсын, уый хынцгæйæ, мах ныфс ис æмæ Владимир Вольфовичы ныхæстæ ницы хуызы бандавдзысты хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг адæмты фидар хæларадон бастдзинадыл.


Цхинвал, 2016 азы 15 сентябрь