Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Ацы аз, 8 декабры бафидауын кæныны æмæ æмбæстагон æмбардзинады фарстаты фæдыл Гуырдзыстоны Паддзахадон министр Закареишвили Паата фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон цæттæ у цахæмфæндыйы формæйы диалогмæ дæр, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны Хицауиуæгадимæ дæр. Уыимæ иумæ май æ министрады куысты фæдыл æлдар Закареишвили Паата банысан кодта, зæгъгæ, уый сæйраджыдæр «йæ хъусдард здæхта абхазаг æмæ ирон æхсæнадимæ кусынмæ», кæцы фадат радта адæмы ‘хсæн æмахастытæ фидар кæнынмæ æмæ ахъаз кодта кæрæдзийыл æууæндындзинад фидар кæнынæн. Министр куыд уырнын кæны, афтæмæй «арæзт æрцыдысты серьезон къахдзæфтæ, ахæмтæ, куыд газификаци, донхæры æмæ нуазыны донæй ифтонг кæныны хъуыддаг, скъолаты, сывæллæтты цæхæрадæтты арæзтад, фæндæгты реабилитаци».


Æцæгдзинадимæ иумиагæй кæмæн ницы ис, Гуырдзыстоны хицауиуæгады минæвæртты уыцы радон инсинуацитæ сæ разы хæс æвæрынц, цæмæй дунеон æмæхсæнадæн бауырнын кæной ирæттимæ сæ ахастытæ бæстонгонд кæй цæуынц. Фæлæ уый бынтондæр раст нæу. Алкæмæн дæр зындгонд у ахæм хъуыддаг æмæ ныр фондз азæй фылдæр Гуырдзыстоны хицауиуæгад цæхгæр кæй нæ разы кæны тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хосджынгæнæг документы къух æрфыссыныл. Ахæм хъуыддаг æвдисæн у уымæй æмæ Тбилисаг хицауиуæгады фæнд кæй у, цахæмфæнды амалæй дæр, уыцы нымæцы тыхы фæрцы дæр Хуссар Ирыстон баконд æрцæуа Гуырдзыстоны скондмæ. Афтæмæй сафы Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн комкоммæ контакттæ æххæст кæныны гæнæнтæ дæр Женевайы дискусситы форматтæн æдте, цалынмæ тыхæй ма спайда кæныны Сразыдзинадыл æмæ дипломатон ахастытæ саразыны тыххæй къухтæ ма ‘рфысса, уæдмæ.

Абон царды æмвæзад Гуырдзыстоны бирæ ныллæгдæр у, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ ма Хуссар Ирыстоны сыхæгтæ чи сты, Уæрæсейы Федерацийы уыцы субъекттæй дæр. Хуссар Ирыстоны æхсæнадон хуыздæр медицинон æххуыс кæнын, кæцыйы æххæст кæнынц не ‘мбæстæгтæм ахасты ныгуылæйнаг грантты æмæ алыгъуызон фондты хыгъдæй, у мидис кæм нæй, ахæм хъуыддаг.

Сусæггаг никæмæн у ахæм хъуыддаг æмæ Гуырдзыстонæн йæхи æмбæстæгтæн кæй ис ныллæг социалон гарантитæ, се ‘мбæстæгты бирæ фылдæр хайæн зынаргъ лæууынц хос кæныны æмæ хосты аргъ.

Газификаци, социалон объектты инфраструктурæйы æмæ фæсконфликтон æндидзынкæныны тыххæй дзырд куы цæуа, уæд банысан кæнын хъæуы уый æмæ кæд сæхимæ хæстæ райстой Уæрæсейы Федерацийы хицауады æмæ Гуырдзыстоны хицауады ‘хсæн сразыдзинадæй, цæмæй 1993 азæй райдайгæйæ, гуырдзиаг-ирон конфликты районты экономикон æгъдауæй æндидзын кæныны сæраппонд, уæддæр Гуырдзыстон. Хуссар Ирыстоны цы объекттæ ныппырх кодта, уыдон сæндидзын кæныны сæраппонд иунæг сом дæр нæ рахицæн кодта. Абон Хуссар Ирыстоны æндидзын кæнынæн чи баххуыс кодта, уый у иунæг иу Уæрæсейы Федераци.

Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарсæн афон у, цæмæй бамбара уый æмæ æцæгдзинад ницы хуызы баст нæу, Гуырдзыстоны политикты цæстытыл цы нывтæ уайынц, уыдонимæ. Хуссар Ирыстон дыууын цыппар азæй фылдæр рæстæджы у суверенон паддзахад æмæ фидарæй æххæст кæны дунеон барады норматæ. Мах кæддæриддæр уыдыстæм æмæ стæм Гуырдзыстонимæ æмбар, хæларсыхагон ахастыты ‘вварс. Хъыгагæн, нæ ахæм хъуыддаг нæ хъары Гуырдзыстоны хицауиуæгадимæ.


Цхинвал, 2014 азы 13 декабрь