Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры дзуапп ИА – «Рес»-ы фарстатæн 2008 азы Хуссар Ирыстоны хæстон конфликты, йæ сæргъ Хайди Тальявини кæмæн лæууыд, Евроцæдисы уыцы къамисы сæйраг хайдзæгты тыххæй

Фарст: Европарламент рахæцыдис, йæ сæргъ Хайди Тальявини кæмæн лæууыдис Евроцæдисы уыцы дунеон хæдбар къамисы басгæрсты сæйраг доклад, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хæст райдыдта Гуырдзыстон. Дæ хъуыдымæ гæсгæ Тальявинийы хатдзæгтæ бандавдзысты, Ныгуылæны ныртæккæйы Гуырдзыстоны режимы `вварс чи кæны, уыдон политикæйыл?

Дзуапп: Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонбæрцон цымыдисимæ æнхъæлмæ кастысты, йæ сæргъ Хайди Тальявини кæмæн лæууыдис æмæ 2008 азы августы цаутæ чи бæрæг кодта, Евроцæдисы уыцы дунеон къамисы хатдзæгтæм. Къамис стыр куыст бакодта дыууæрдыгæй фарсæй дæр 2008 азы августы хæсты хайад чии ста, уыдонимæ.
Къамисы уæнгты профессионалондзинад æмæ æмткæй сæ саразгæ хатдзæгты тыххæй ныфсытæ раст рауадысты. 2009 азы декабры саразгæ доклады æмæ АИШ-ы конгрессы раз раныхæсты госпожа Тальявини 2008 азы августы хæст райдайыны тыххæй дзуаппдæттæгыл банымадта Гуырдзыстоны æмæ йæ хицауады. Фæнды мæ ахæм ныфсдзинад зæгъын æмæ, бонæн уæддæр кæй базондзæнис æмæ Саакашвилийы режимы `вварс кæй нал хæцдзысты æмæ йæ хæцæнгæрзтæй дæр кæй нал ифтонг кæндзысты.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
пресс-службæ