Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Ацы бонты æгас дунейы хъусдард здæхт у XXII зымæгон Олимпиадæйы райдианмæ. Уый байгом уыдзæнис 2014 азы 7 февралы Уæрæсейы Федерацийы горæт Сочийы. Уæрæсейы Федераци, куыд Олимпиадæ организацигæнæг æмæ уадзæг, афтæ æрсидтис хотыхджын конфликты æппæт хайадисджытæм, цы бæстæты æмæ континенты сты, уыдонмæ нæ кæсгæйæ, цæмæй расидой «олимпион бафидыды» рæстæгæй.


Суанг ма-иу Рагон Грецийы дæр, Олимпион хъæзтытæ уагъд куы цыдысты, уæд-иу куыд фæтк, афтæ урæд æрцыдысты æппæт хуызы хæстытæ дæр. Ацы традици у, дипломатон фæрæзтæй хæстон конфликттæ æрбæстон кæнынмæ тырнындзинад. Уый фæстæдæр, 1993 азы 25 ноябры бафидаргонд æрцыдис БНО 48/11 ГА резолюцийы.

Фæлæ абон Олимпиадæ ссис политикон æндæвдады фактор, афтæ æмæ дзы спайдагæнæн ис алкæйы хæрзиуæгæн дæр æмæ иннæрдæм дæр. Фæлæ ацы резолюци, гуманизмы рухс идеалты æвдисæндары Гуырдзыстон бынтондæр ницæмæ ‘рдардта. Уый нæ, фæлæ ма 2008 азы Пекины Олимпион хъæзтыты райдианæй, куыд хорз фадат, афтæ спайда кодта йæ фыдракæндон хъуыддæгтæ сæххæст кæныны.

2008 азы 8 августы Олимпион хъæзтыты боны Гуырдзыстон æппæт йæ хæстон хъомысад, хæстон архайдтыты спайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм хæцæнгæрзтæй арты зæй рауагъта Хуссар Ирыстоны сабыр цæрæг фынæй адæмыл. Ацы худинаггæджы сау тæпп цæрæнбонтæм баззайдзæнис, ацы агресси чи сарæзта, уыдон намысыл. Фондз азæй фылдæр рæстæг рацыдис гуырдзыстойнаг-хуссарирыстойнаг хæсты фæудæй, фæлæ гуырдзыстойнаг къухдариуæгад уæрæх дипломатон фадæттæй пайда кæнгæйæ, абон дæр дунеон æмæхсæнадмæ хæццæ кæны йæхицæн хуыздæр цы у, ахæм информаци æмæ аххосджын кæны Хуссар Ирыстоны.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хæцы «Олимпион бафидыд» расидыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаджы фарс. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад нæ дызæрдыг кæны ууыл æмæ хъæзтытæ кæй ацæудзысты иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл æмæ дзы уæлахиздзаутæ та кæй суыдзысты дунейы спортсментæй хуыздæрты хуыздæртæ.


Цхинвал, 2014 азы 7 февраль