Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Хуссар Ирыстоны лæмбынæг сæ хъус дарынц Хъырымыцаутæм, кæцыран республикæйы дарддæры хъысмæты фарсты фæдыл уагъд æрцыдис референдум. Хъæлæс кæныны хайад чи райста, уыдонæй 96% фылдæр се’мзæрдæдзинад равдыстой сæ фидæн равзарыны хъуыддаджы Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй.


20 бæстæйæ дзы цы дунеон цæстдарджытæ уыдис, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ референдум уагъд цыдис бæрæгбонон уавæрты, дунейон-райстгонд стандартон æмæ демократон процедурæты нормæты закъондæттынад æххæст кæнгæйæ.

Хуссар Ирыстон аргъ кæны Хъырымы цæрджыты бартæн, сæ хъысмæт сæхæдæг цæмæй сбæлвырд кæной, уый кæй равзæрстой, уымæн. Æнæбанысангæнгæ нæй киеваг хицауады позици дæр, кæцытæ сæхиуыл фæхæцыдысты Хъырымы цæрджыты ныхмæ сæ фæнд зæгъыны фæдыл ныхдуртæ кæй не’вæрдтой, уымæн дæр. Хуссар Ирыстоны сæ сæрибардзинад семæ фæндагыл рацæуыны сæр, не ‘мбæрстдзинад æмæ дывæр стандарттæ иуварс кæнгæйæ. Дунеон ахастыты демократон принциптæ фидар кæныны семæ дунеон барады фундаменталон нормæты æмæ принципты роль дæттынц уый фадат æмæ Хъырымы адæмы фæндоныл дунеон æмæхсæнад кæй сразы уыдзæнис, уымæн æмæ уый у адæмы суверенон фæндон.


Цхинвал, 2014 азы 17 март