Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы минæвары Джиоты М.О. комментарий

9 ноябры каталониаг парламент, æмбæлон резолюци райсгæйæ, райдыдта автономон æмæхсæнады Испанийæ ахицæн кæныны процесс.


Ацы резолюцимæ Мадриды æмæ æмткæй ЕЦ карз реакцимæ нæ кæсгæйæ, нæ ныфс ис, дыууæ фарсмæ дæр кæй разындзæнис хиуылхæцындзинад æмæ кæй баззайдзысты сабырадон политикон инструментарийы фæлгæтты цы хъаугъайаг фарстытæ сæм фæзына, уыдон скъуыддзаг кæнгæйæ, æнтысгæйæ кæй райдайдзысты Европæйы демократон æргъадтæ афтæ уæрæх чи пропаганда кæны, уыдоны амындмæ хъусгæйæ.

Мах аргъ кæнæм каталониаг адæмы сабыр фæндондзинадæн, хæцæм, цæмæй сын уа фадат сæхицæн æвзарын сæ рæзты фæндæгтæ æмæ рæзты формæтæ æвзарын. Уый у дунеон барады ахсджиагдæр принципиалон бындуртæй сæ иу.


Цхинвал, 2015 азы 13 ноябрь