Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн кæрæдзийæн уголовон хъуыддæгты барадон æххуыс кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, дарддæр - Дыууæ Фарсы,


дыууæ паддзахады ‘хсæн фыдракæндты ныхмæ тох кæныны къабазы уæлдай эффективондæр æмгуыстад сифтонг кæныны фæндонимæ,

уголовон хъуыддæгты фæдыл кæрæдзийæн барадон æххуыс кæныны къабазы дыууæ паддзахады ‘хсæн ацы Бадзырды фæрцы ахастытæ сфидардæр кæнынмæ тырнгæйæ,

суверенитет, æмбардзинад æмæ æмхуызон пайдайы принциптыл бындуриуæг кæнгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Барадон æххуыс бакæныны фæдыл химæрайсгæ хæс

1. Дыууæ Фарсы ацы Бадзырдмæ гæсгæ уголовон хъуыддæгты фæдыл кæрæдзийæн кæнынц æмхуызон барадон æххуыс (дарддæр - барадон æххуыс).

2. Барадон æххуыс чындæуы ацы Бадзырдмæ гæсгæ, кæд домæн кæй тыххæй райстæуа, уыцы ракæнд Дыууæ Фарсы паддзахæдты закъондæттынадмæ гæсгæ хауа уголовон æфхæрдмæ. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарсæн йæ бон у, йæхи барвæндæй бакæна барадон æххуыс ахæм уавæры дæр, кæд домæн кæй тыххæй райстæуыд, уыцы ракæнд йæ закъондæттынадмæ гæсгæ нæ хауы уголовон æфхæрд райсынмæ.

3. Ацы Бадзырды нысан у иу Фарс иннæ Фарсæн барадон æххуыс бакæна, уый. Ацы Бадзырды уагæвæрдтæ не сты искæцы физикон æмæ юридикон цæсгæмттæн сбæлвырд кæныны кæнæ аиуварс кæныны тыххæй сæ бартæ халынмæ здæхт, кæнæ барадон æххуыс сæххæст кæнынæн ныхдуртæ æвæрынæн.

4. Ацы Бадзырд нæ дæтты иу Фарсы компетентон органтæн иннæ Фарсы территорийыл ахæм уæлбартæ æххæст кæныны бар, кæцытæ хауынц æрмæстдæр иннæ Фарсы компетентон органтæм.

5. Ацы Бадзырдæй пайда чындæуы барадон æххуысы тыххæй домæнтæм ахасты, кæцыты райстæуа, ацы Бадзырд йæ тыхы куы бацæуа, уый фæстæ, уыдон, æгæрыстæмæй, уымæй размæ æрцæугæ фыдракæндтимæ баст куы уой, уæддæр.

Уац 2

Барадон æххуысы гуырахст

Барадон æххуысмæ хауынц:

а) процессуалон документтæ дæттын;

æ) бæлвырдгæнæнтæ райсын;

б) цæсгæмттæ æмæ предметтæ кæм сты, уый сбæрæг кæнын, æмæ уыдон индентификаци кæнын;

в) домæг Фарсы компетентон органмæ æвдисæнты, æфхæрдбаййафджыты æмæ экспертты барвæндонæй æрбацæуынмæ фæхонын;

г) домæг Фарсы территорийыл уголовон тæрхондæттынады хайад исыны тыххæй ахстыты, æфхæрдбаййафджыты кæнæ домæны нысангондуæвæг æндæр процессуалон архайды хайадисджыты æвдисæнты хуызы раттын;

д) райсын, æрцахсын, фыдракæнды фæстиуæгæн байсгæ мулк сконфискаци кæнын æмæ фыдракæнд саразыны фæрæзтæ байсыны фæдыл барæнтæ райсын;

е) документтæ, предметтæ æмæ æндæр бæлвырдгæнæнтæ раттын;

ж) домæг Фарсы компетентон органты минæвæрттæн домæн æххæст кæныны хъуыддаджы хайад райсыны бар раттын;

з) кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы æмбæстæгты æмæ йæ территорийыл æдзух æнææмбæстагдзинадæй чи цæры, уыдонмæ ахасты сæ ракæндты тыххæй уголовон фæдагуырд æххæст кæнын, кæцыты тыххæй райстæуыд домæн;

и) ацы Бадзырды нысæнттæм гæсгæ барадон æххуысы цыфæнды æндæр хуызтæ дæр, кæцытæ не сты кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы закъондæттынады ныхмæ.

Уац 3

Централон æмæ компетентон органтæ

1. Ацы Бадзырды фæлгæтты Дыууæ Фарсы æмбæлон æмгуыстады нысæнттæн нысан цæуынц Дыууæ Фарсы централон органтæ.
Хуссарирыстойнаг Фарсæй централон органтæ сты:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад - Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхондæтты архайдимæ бастуæвæг фарстаты;

Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ - барадон æххуыс бакæныны иннæ æппæт фарстаты.
Уæрæсейаг Фарсæй централон органтæ сты:

Уæрæсейы Федерацийы Юстицийы министрад - Уæрæсейы Федерацийы тæрхондæтты архайдимæ бастуæвæг фарстаты;

Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæ - барадон æххуыс бакæныны иннæ æппæт фарстаты.

2. Дыууæ Фарсы компетентон органтæ сты, ацы Бадзырд реализаци кæныны Дыууæ Фарсæй хайадисæг органтæ.

3. Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн æвæстиатæй дипломатон каналтыл хъусын кæнынц сæ компетентон органты æмæ сæ компетенцийы сферæйы ивындзинæдты тыххæй.

4. Дыууæ Фарсы централон органтæ комкоммæ æрвитынц æмæ исынц ацы Бадзырды нысангонд барадон æххуыс бакæныны тыххæй домæнтæ (дарддæр - домæн), æмæ уыдонæн дзуаппытæ.

5. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы централон орган комкоммæ æххæст кæны домæн, кæнæ йæ сæххæст кæныны тыххæй æрвиты компетентон органмæ.

Кæд централон орган домæн йæ сæххæст кæныны тыххæй æрвиты компетентон органмæ, уæд ахъаз кæны, цæмæй уыцы компетентон орган домæн сæххæст кæна оперативонæй æмæ бæстонæй.

Уац 4

Домæны формæ æмæ мидис

1. Домæн арæзт цæуы фыстæй.

2. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс æвæстиатæй æххæст кæнынмæ исы телекс, факс, электронон пост кæнæ бастдзинады æндæр ахæм хуызы йæ райсгæйæ, уымæй дæр ын домæг Фарс гæнæнуæвæг цыбыр æмгъуыдты æрвиты йæ оригинал. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс информаци дæтты домæг Фарсæн домæн сæххæст кæныны фæстиуджыты тыххæй, æрмæстдæр ын йæ оригинал райсыны уавæрты.

3. Домæны хъуамæ уа:

а) барадон æххуыс домæг компетентон органы ном;

æ) домæны нысан æмæ кæй домдæуы, уыцы барадон æххуысы афыст;

б) басгæрст цы фыдракæндты тыххæй цæуы, уыцы ракæндты афыст, фæдагуырд кæнæ тæрхонæвзæрст, ракæнды юридикон квалификаци, ракæнд уголовон æфхæрдмæ кæмæ гæсгæ хауы, уыцы закъоны текст, афтæ ма, æнæмæнгхъæуæг куы уа, уæд уыцы ракæнды фæстиуæгæн баййафгæ зианы гуырахст;

в) домæг Фарс домæн сæххæст кæныны тыххæй кæй куры, уыцы сæрмагонд процедурæты райсыны æнæмæнгхъæуæгдзинад банысан кæнын æмæ бæстон афыст;

г) басгæрст кæй фыдракæндон хъусынгæнинæгты тыххæй цæуы, уыцы цæсгæмтты бæлвырд зонæнтæ, фæдагуырд кæнæ тæрхонæвзæрст;

д) æвдисæнтæ кæнæ æфхæрдбаййафджыты зонæнтæ;

е) домæг Фарсы фæндиагмæ гæсгæ домæн сæххæст кæныны æмгъуыд;

ж) мыггæгтæ æххæстæй, нæмттæ (фыды нæмттæ) æмæ адрестæ, афтæ ма гæнæнуæвгæйæ, процессуалон æрмæджытæ кæмæ лæвæрд цæуынц, уыцы цæсгæмтты телефонты номыртæ æмæ сæ ахаст фæдагуырд кæнæ тæрхонæвзæрст хъуыддæгтæм;

з) басгæрст ауадзын æнæмæнгхъæуæг кæм у, уыцы бынатмæ бацамынд æмæ йæ афыст, афтæ ма байсинаг чи у, уыцы предметтæм дæр;

и) кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы территорийыл зонæнтæ райсынæн сæ раттын æнæмæнгхъæуæг кæмæн у, ахæм фарстатæ;

к) домæн æххæст кæныны рæстæджы домæг Фарсы компетентон органты минæвæртты уæвынады тыххæй куырдиат куы уа, уæд - сæ æххæст мыггæгтæ, нæмттæ (фыды нæмттæ), цы бынæтты кусынц, уый æмæ сæ уæвынад æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый бафидаргæнæг афыст;

л) райсгæ домæны конфиденциалондзинад бахъахъхъæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй куырдиат куы уа, уæд йæ мидис æмæ (кæнæ) домæны тыххæй цыфæнды райсгæ архайд;

м) домæн сæххæст кæныны тыххæй, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсæн пайда чи уа, ахæм цыфæнды æндæр информаци дæр.

4. Кæд, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс афтæ нымайы, зæгъгæ, домæны нысангонд чи сты, уыцы зонæнтæ фаг не‘сты йæ сæххæст кæнынæн, уæд уыцы Фарсæн йæ бон у æрдома уæлæмхасæн информаци.

Уац 5

Æвзæгтæ

Ацы Бадзырды фæлгæтты домæн, уымæ хауæг документтæ æмæ уæлæмхасæн информаци фыст цæуынц уырыссаг æвзагыл, кæнæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй уæлæмхасæнимæ.

Уац 6

Барадон æххуысыл ма сразыуæвын кæнæ йæ аргъæвын

1. Барадон æххуысыл масразыуæвæн ис ахæм цауты:

а) домæн сæххæст кæнын гæнæн ис разиан кæна, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы суверенитет, æдасдзинад, æхсæнадон фæтк кæнæ æндæр ахсджиаг интерестæн;

æ) домæн сæххæст кæнын куы уа, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы закъондæттынады ныхмæ кæнæ ма уа ацы Бадзырды уагæвæрдтæм гæсгæ;

б) кæд домæн хауа ахæм ракæндмæ, кæцыйы тыххæй домæг Фарсы уголовон бæрндзинадмæ æркæнгæ цæсгомæн тæрхонхаст æрцыд кæнæ йæ сраст кодтой, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы, кæнæ уыцы ракæнды тыххæй æфхæрды æмгъуыд аивгъуыдта;

в) кæд кæмæй домдæуы, уыцы Фарсæн уа фидар бындур афтæ нымайынæн, домæн кæй тыххæй рарвыстæуыд, ахæм цæсгомы агурынæн - адæймаджы равзæрд, æрд, дин, æмбæстагдзинад, нацийы хатт кæнæ йæ политикон цæстæнгасмæ гæсгæ, гъе та, гæнæн ис æмæ йын разиан кæна ацы аххосæгтæй искæцы.

2. Бангон кæнæ хъалонон сусæгдзинæдтæ æргом кæнын нæй гæнæн æмæ бындур уа барадон æххуыс бакæныныл ма сразы уæвынæн.

3. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарсæн йæ бон у, аргъæва кæнæ ма сразы уа барадон домæн сæххæст кæныныл, кæд æмæ нымайа, зæгъгæ, йæ сæххæст кæнын, гæнæн ис, бахъыгдара кæнæ зындзинæдтæ сæвзæрын кæна йæ территорийыл уадзгæ фæдагуырд сæххæст кæнын кæнæ тæрхонæвзæрстæн.

4. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс цалынмæ домæн сæххæст кæнын кæнæ йыл масразыуæвыны уынаффæ рахæсса, уæдмæ æвзары фарст уый тыххæй - гæнæн ис æви нæ, барадон æххуыс бакæна, æнæмæнгхъæуæгыл кæй нымайа, ахæм уавæрты. Кæд домæг Фарс разы уа ахæм уавæрты барадон æххуысыл, уæд йæхимæ исы сæ хъахъхъæныны хæс.

5. Кæд, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс райса барадон æххуыс бакæныныл масразыуæвыны, кæнæ йæ аргъæвыны уынаффæ, уæд уый тыххæй хъусын кæны йæ централон органы фæрцы, ахæм уынаффæ рахæссыны аххосаг банысан кæнгæйæ.

Уац 7

Уголовон фæдагуырд æххæст кæныны домæн

1. Дыууæ Фарсæй алкæцыйæн дæр йæ бон у иннæ Фарсмæ арвита уголовон фæдагуырд сæххæст кæныны домæн кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы æмбæстæгтæ æмæ йæ территорийыл æнææмбæстагдзинадæй цæрджытæм ахасты, кæцытæ ракодтой домæг Фарсы юрисдикцимæ хауæг фыдракæндтæ.

Ахæм домæн райсгæйæ, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс æрвиты райсгæ æрмæджыты йæ компетентон органæн, йæ закъондæттынадмæ гæсгæ уголовон фæдагуырд сæххæст кæныны фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

2. Кæд уголовон хъуыддаг цы ракæнды тыххæй бакондæуыд, уый йæ фæдыл сайы, фыдракæнд кæмæн разиан кодта, ахæм цæсгæмтты æмбæстагон-барадон домæнтæ, уæд уыцы цæсгæмтты куырдиæтты уæвыны рæстæджы бакæнгæ зиан бафидын æвзæрст цæуы банысангонд уголовон хъуыддаджы фæлгæтты.

3. Уголовон фæдагуырд сæххæст кæныны домæны ис:

а) кæмæй домдæуы, уыцы компетентон органы ном;

æ) фыдракæнд саразынæй зæрдæ кæмæ æхсайы, уымæн йæ мыггаг, ном (фыды ном), йе ‘мбæстагдзинады тыххæй зонæнтæ, цæрæнбынат кæнæ кæм уæвынад кæны, гæнæнуæвгæйæ йæ бакасты афыст, къам, йе ‘нгуылдзты фæдтæ, кæй фæрцы йæ базындæуа, æндæр ахæм зонæнтæ;

б) домæн цы уголовон фæдагуырды тыххæй æрвыст цæуы, уыцы ракæнды барадон квалификацийы афыст;

в) гæнæнуæвгæйæ ноджы бæлвырддæр бацамынд ракæнды рæстæг æмæ бынаты тыххæй;

г) кæд æнæмæнгхъæуæг уа, уæд, раргом кæнынæн ахсджиаг æвдисæндартæ чи уой, уыцы документты æмæ предметты оригиналты фæстæмæ рарвитыны домæн.

4. Уголовон фæдагуырд сæххæст кæныны домæнимæ хъуамæ уой:

а) уголовон-барадон нормæты текст, кæд æнæмæнгхъæуæг у, уæд домæг Фарсы закъондæттынадмæ гæсгæ æндæр нормæтæ, кæцытæн уголовон фæдагуырдæн ис ахсджиаг нысаниуæг;

æ) хъуыддаджы æрмæджытæ кæнæ уыдон фидаргæнæг халдихтæ, афтæ ма уæвæг ахадæн æвдисæндартæ дæр;

б) бакæнгæ зиан баххæст кæныны куырдиат, кæд ахæм уа, æмæ, гæнæнуæвгæйæ йæ гуырахсты зонæнтæ;

в) уголовон фæдагуырд бакæныны тыххæй æфхæрдбаййафджыты куырдиæттæ (кæнæ сæ фидаргæнæг халдихтæ), кæд уый дома, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы закъондæттынад, уæд.

5. Æртыккаг цæсгæмтты закъонон бартæ сифтонг кæныны нысæнттæн, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс, ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, уыцы документты æмæ предметты оригиналтæ фæстæмæ æрвиты домæг Фарсæн.

6. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс æвæстиатæй хъусын кæны домæг Фарсæн, йæ домæнмæ гæсгæ цы барæнтæ райста, уыдоны тыххæй, хъусын кæны уголовон тæрхондæттынад сæххæст кæныны фæстиуджыты тыххæй æмæ æрвиты хъуыддаджы фæдыл рахæсгæ уынаффæйы халдих.

7. Кæд домæн райсыны фæстæ, домæны нысангонд чи ис, уыцы цæсгоммæ ахасты кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы тæрхондонон органты уынаффæ райстæуыд æмæ закъонон тыхы бацыд, уæд домæг Фарсы компетентон органтæн сæ бон нæу уыцы цæсгоммæ ахасты уыцы ракæнды тыххæй сæххæст кæной уголовон фæдагуырд.

8. Кæд кæмæй домдæуы, уыцы Фарс домæнмæ ахасты райса уынаффæ барæнтæ ма райсын кæнæ йæ райсыныл масразыуæвыны тыххæй, гъе та райстæуа уголовон хъуыддаг ма бакæныны кæнæ йæ æруромыны тыххæй æнæтæрхондонон уынаффæ, уæд домæг Фарсмæ æвæстиатæй фæстæмæ æрвыст цæуынц уымæй райсгæ уголовон хъуыддаджы æрмæджытæ æмæ æргомгæнæг бæлвырдгæнæнтæ.

Уац 8

Документы æцæгдзинад

1. Ацы Бадзырды бавдисгæ æмæ æрвитæг Фарсы компетентон орган кæнæ централон органы гербон мыхуырæй фидаргонд документтæ ист цæуынц æнæ уыдоны легализаци кæнæ æндæр фидаргæнæг формæтæй.

Домæг Фарсы куырдиатмæ гæсгæ ацы Бадзырды фæлгæтты æрвыстцæуæг документтæ гæнæн ис, фидаргонд æрцæуой, домæны нысангонд чи уа, æндæр ахæм хуызы, кæд уый, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы закъондæттынады ныхмæ нæ уа, уæд.

2. Ацы Бадзырды нысæнттæн документтæ, кæцытæ официалон сты иу Фарсы территорийыл, ахæмтыл нымад цæуынц иннæ Фарсы территорийыл дæр.

Уац 9

Информацийæ спайда кæныны фæкъуындæгдæркæнынад æмæ конфиденциалондзинад

1. Домæг Фарсы централон органы куырдиатмæ гæсгæ, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс йæ закъондæттынадмæ гæсгæ ифтонг кæны барадон æххуыс райсыны фактмæ ахасты йæ мидис кæнæ домæн райсыны фæдыл райсгæ цыфæнды архайды конфиденциалондзинад, æрмæстдæр ахæм цауты йедтæмæ, кæд домæн сæххæст кæнынæн йæ раргом кæнын æнæмæнгхъæуæг уа, уæд.

Кæд домæн æххæст кæныны рæстæджы фæзына ацы къуындæгкæнынад сисыны æнæмæнгхъæуындзинад, уæд, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс фыстæй куры, æнæуый домæн сæххæст кæнæн кæмæй нæй, домæг Фарсы уыцы разыдзинад.

2. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс домæг Фарсы æнæразвæлгъау бар ратгæйæ нæ пайда кæны ацы Бадзырды фæлгæтты райсгæ информаци кæнæ бæлвырдгæнæнтæй, домæны нысангонд чи нæ уа, ахæм æндæр нысæнттæн.

3. Кæд домæг Фарсы бахъæуа райсгæ иформаци кæнæ бæрæггæнæнтæй æнæхъæнæй кæнæ хайгай спайда кæныны сæр кæнæ сæ раргом кæнын домæны нысангонд чи нæ уа, æндæр ахæм нысæнттæн, уæд куры æмбæлон разыдзинад, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсæй, кæцы гæнæн ис сразы уа кæнæ ма сразы уа æнæхъæнæй кæнæ хайгай ахæм разыдзинад раттыныл.

Уац 10

Домæнтæ æххæст кæнын

1. Домæнтæ æххæстгонд цæуынц, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы закъондæттынад æмæ ацы Бадзырды уагæвæрдтæм гæсгæ.
Домæг Фарсы куырдиатмæ гæсгæ, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс барадон æххуыс кæны, домæны нысангонд чи сты, уыцы формæ æмæ сæрмагонд процедурæмæ гæсгæ, кæд уый, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы закъондæттынады ныхмæ нæ уа, уæд.

2. Кæд домæг Фарс ахæм куырдиатимæ бахата, цæмæй йæ компетентон органты минæвæрттæ хайад исой домæн æххæст кæныны рæстæджы, уæд, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс хъусын кæны йæ уынаффæ. Кæд æвæрццаг уынаффæ райса, уæд домæг Фарс рæстæгыл хъусын кæны домæн сæххæст кæныны рæстæг æмæ бынат.

3. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы централон орган рæстæгыл æрвиты домæн æххæст кæныны фæстиуæгæн райсгæ информаци æмæ бæлвырдгæнæнтæ домæг Фарсы централон органмæ.

4. Кæд домæнæн сæххæстгæнæн нæ уа æнæхъæнæй кæнæ хайгай, уæд, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс æвæстиатæй хъусын кæны уый тыххæй домæг Фарсы централон æрганæн æмæ информаци дæтты домæн сæххæст кæнын чи хъыгдары, уыцы аххосæгты тыххæй.

Уац 11

Документтæ раттын

1. Домæн сæххæст кæныны тыххæй, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс æнæаргъæвгæйæ æххæст кæнæ организаци кæны процессуалон документтæ раттын.

2. Домæн сæххæст кæнын фидаргонд цæуы рæстæджы нысан æмæ адресаты къухфыстимæ документæй кæнæ кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы компетентон органы хъусынгæнинагæй, цыран фидаргонд цæуынц факт, рæстæг æмæ йæ раттыны фæтк. Документтæ раттыны тыххæй æвæстиатæй информаци лæвæрд цæуы домæг Фарсæн.

Уац 12

Кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы территорийыл бæлвырдгæнæнтæ райсын

1. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс йæ закъондæттынадмæ гæсгæ йæ территорийыл исы æвдисæнтæ æмæ æфхæрдбаййафджыты бавдисæнтæ, эксперты хатдзæгтæ, домæны нысангонд документтæ, предметтæ æмæ æндæр бæлвырдгæнæнтæ, æмæ сæ дæтты домæг Фарсæн.

2. Домæн æххæст кæныны рæстæджы домæг Фарсы компетентон минæвæрттæн бар ис фарстатæ бацæттæ кæнын æмæ раттынæн, кæцытæ гæнæн ис, лæвæрд æрцæуой, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы компетентон органы минæвары фæрцы æмбæлон цæсгоммæ.

3. Домæг Фарс хъахъхъæны, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс æм кæй ратта, уыцы документтæ æмæ предметтæм ахасты цыфæнды загъдгонд уавæртæ дæр, уыцы нымæцы ахæм документтæ æмæ предметтæм ахасты æртыккаг цæсгæмтты бартæ дæр.

4. Домæг Фарс, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы домæнмæ гæсгæ гæнæнуæвгæ цыбыр æмгъуыдты фæстæмæ æрвиты ацы уацы 1 пунктмæ гæсгæ райсгæ документтæ æмæ предметты оригиналтæ.

Уац 13

Цæсгæмттæ æмæ предметты бынат æмæ идентификаци сфидар кæнын

Кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы компетентон органтæ йæ закъондæттынадмæ гæсгæ домæны фæдыл исынц æппæт банысангонд мадзæлттæ цæсгæмттæ æмæ предметты бынат æмæ идентификаци сфидар кæныны тыххæй.

Уац 14

Домæг Фарсы территоримæ æвдисæнтæ, æфхæрдбаййафджытæ æмæ æндæр цæсгæмттæм фæсидын

1. Кæд домæг Фарс бавдиса цæсгоммæ йæхимæ фæсидыны, йæ территорийыл æвдисæндзинæдтæ радтын экспертизæтæ æмæ æндæр процессуалон архайдтытæ ауадзыны тыххæй, уæд, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс хъусын кæны уыцы цæсгомæн домæг Фарсы фæхуынды тыххæй, цæмæй фæзына уый компетентон органмæ.

2. Цæсгоммæ фæсидыны домæны хъуамæ уа фæстæмæ рарвитинаг цæсгоммæ ахасты уавæртæ æмæ хæрдзты тыххæй зонæнтæ, афтæ ма гарантиты ранымад, кæцытæ йын лæвæрд цæуынц ацы Бадзырды 15 уацмæ гæсгæ.

3. Цæсгоммæ домæны ма хъуамæ уа, уыцы цæсгом домæг Фарсы территоримæ куынæ фæзына, уый охыл бандавыны кæнæ бафхæрыны тыххæй æртхъирæнтæ.

4. Кæмæ сидтæуы, уыцы цæсгом йæхибарвæндонæй исы уынаффæ æрцæуыны тыххæй. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы централон орган æвæстиатæй информаци дæтты домæг Фарсы централон органæн уыцы цæсгомы уынаффæйы тыххæй.

Уац 15

Сидтрайсæг цæсгомæн лæвæрдцæуæг гарантитæ

1. Домæг Фарсы фæсидтмæ гæсгæ фæзынгæ цæсгом йæ æмбæстагдзинадмæ æнæкæсгæйæ нæй гæнæн конд æрцæуа домæг Фарсы территоримæ æрбацæуыны агъоммæ æруадзгæ ракæнды тыххæй уголовон кæнæ административон бæрндзинадмæ, ахст æрцæуа, кæнæ йын æристæуа йæ сæрибардзинады бартæ кæнæ æфхæрд æрцæуа йæ ракæнды тыххæй.

2. Кæй фæхуындæуа, уыцы цæсгом сафы ацы уацы 1 пункты банысангонд æнæфæныхилыны бар ахæм рæстæджы, кæд æмæ йын уыд домæг Фарсы территорийæ ацæуыны фадат, кæнæ афтæ нæ бакодта, йæ уæвынад æмбæлон компетентон органæн æнæмæнгхъæугæ кæй нал у, уый тыххæй фыстæй сидты гæххæт райсынæй 30 суткæйы дæргъы, кæнæ, уыцы территорийæ ацæуыны фæстæ æрбаздæхт фæстæмæ.

3. Домæны нысангонд чи нæ уа, æндæр исты ахæм хъуыддаджы тыххæй æвдисæндзинад радтыны тыххæй нæй гæнæн æрхонгæ цæсгоммæ тых бахæссынæн.

Уац 16

Ахстыуæвæг цæсгæмтты рæстæгмæ раттын (уыцы нымæцы сæ сæрибардзинад сын æрисыны хуызы ахæстоны бадджыты)

1. Ахстыуæвæг (уыцы нымæцы йæ сæрибардзинад ын æрисыны хуызы ахæстоны бадæг) цæсгом йæ æмбæстагдзинадмæ йын æнæ кæсгæйæ гæнæн ис, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы централон органы разыдзинадæй рæстæгмæ лæвæрд æрцæуа домæг Фарсмæ æвдисæн кæнæ æфхæрдбаййафæджы хуызы бавдисæнтæ раттынмæ, гъе та домæны банысангонд æндæр процессуалон архайдтыты тыххæй, ахæм дзырдæй, фæстæмæ конд кæй æрцæудзæн, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы банысангонд æмгъуыдты.

Фыццаградон æмгъуыд, кæцыйы цæсгом лæвæрд цæуы, нæй гæнæн ахиза 90 бонæй. Домæг Фарсы сæрмагонд бындурон домæнмæ гæсгæ цæсгомы уæвынады æмгъуыд гæнæн ис адарддæр кæна, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы централон орган.
Цæсгомы раттын æмæ йæ фæстæмæ рарвитыны уавæртæ æмæ фæтк иумæ æмразы кæнынц Дыууæ Фарсы централон органтæ.

2. Цæсгом раттыныл масразыуæвæн ис ахæм цауты рæстæджы:

а) ахстыуæвæг (уыцы нымæцы йæ сæрибардзинад ын æрисыны хуызы ахæстоны бадæг) цæсгом уый тыххæй фыстæй разыдзинад куынæ ратта;

æ) кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы территорийыл уадзгæ тæрхондæттынады уыцы цæсгомы хайадист æнæмæнгхъæуæг куы уа, уæд;

б) ахстыуæвæг (уыцы нымæцы йæ сæрибардзинад ын æрисыны хуызы ахæстоны бадæг) цæсгомæн йæ раттын куы адарддæр кæна йе ‘мгъуыд.

3. Домæг Фарс хæсджын у, кæй йæм раттой, уыцы цæсгомы дара ахстæй, цалынмæ, ахсты йæ дарыны тыххæй, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы компетентон органы уынаффæ йæ тыхы уа, уæдмæ. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы уынаффæмæ гæсгæ кæй раттæуыд, уыцы цæсгом ахстæй куы ссæрибар уа, ахæм рæстæджы домæг Фарс уыцы цæсгоммæ ахасты пайда кæны ацы Бадзырды 14, 15 æмæ 21 уацты уагæвæрдтæй.

4. Ратгæ цæсгомы, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы территорийæн æдтейæ уæвынады рæстæг нымад цæуы ахсты йæ дарыны (уыцы нымæцы йæ сæрибардзинад ын æрисыны хуызы ахæстоны бадыны рæстæджы æмгъуыд) иумиаг æмгъуыды хайыл.

5. Кæд ахстыуæвæг цæсгом (уыцы нымæцы йæ сæрибардзинад ын æрисыны хуызы ахæстоны бадæг) разыдзинад нæ дæтта домæг Фарсмæ йæ арвитыны тыххæй, уæд уымæ ахсты ист нæ цæуынц тыхбахаст кæнæ æфхæрд баййафыны барæнтæ.

Уац 17

Домæг Фарсы территоримæ фæсидтмæ фæзынæг кæнæ ратгæ цæсгæмтты хъахъхъæнын

Ацы Бадзырды 14 æмæ 16 уацтæм гæсгæ æнæмæнгхъæуæг куы уа, уæд домæг Фарс ифтонг кæны, йæ территоримæ фæсидтмæ фæзынæг кæнæ ратгæ цæсгæмтты хъахъхъæнынад.

Уац 18

Дипломатон минæварадтæ æмæ консулон уагдæтты уæлбартæ

1. Дыууæ Фарсæн ис сæ æмбæстæгтæм документтæ дæттыны бар сæ дипломатон минæварадтæ кæнæ консулон уагдæтты фæрцы.

2. Дыууæ Фарсæн ис сæ компетентон органты бахæсмæ гæсгæ сæ æмбæстæгтыл фарста уадзынæн сæ дипломатон минæварадтæ æмæ консулон уагдæтты фæрцы.

3. Ацы уацы уагæвæрдтæ реализаци кæныны рæстæджы нæй фæрæзтæй пайда кæныны тыхбахасты кæнæ уыдонæй æртхъирæны бар.

Уац 19

Барадон æххуыс кæныны рæстæджы сæрмагонд цаутæ

Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс дæтты уголовон хъуыддæгтæй сфыстытæ æмæ (кæнæ) уыдонмæ бардарæг документты кæнæ предметты, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг сты фæдагуырд æмæ (кæнæ) тæрхониртасынæн, кæд йæ компетентон органтæ уыдоны райсой аналогон цауты, æрмæстдæр паддзахадон сусæгдзинадимæ мидис кæмæн ис, уыцы документтæ æмæ предметты йедтæмæ.

Уац 20

Байсын, æрцахсын, фыдракæндон архайды фæстиуæгæн байсгæ æфтиаг конфискаци кæнын æмæ фыдракæнд саразыны фæрæзтæ байсыны барæнтæ æххæст кæнын

1. Дыууæ Фарсы сæ закъондæттынадтæм гæсгæ кæрæдзийæн кæнынц æмхуызон барадон æххуыс сбæрæг кæнын, ныццауазын, æрцахсын, фыдракæндон архайды фæстиуæгæн байсгæ æфтиаг байсын æмæ конфискаци кæнын, фыдракæнд саразыны фæрæзтæ байсыны фæдыл.

Ацы Бадзырды нысæнттæн «фыдракæндон архайды фæстиуæгæн райсгæ æфтиæгтæ» æмбарын хъæуы фыдракæнд æруадзыны фæстиуæгæн райсгæ æхцайы фæрæзтæ кæнæ æндæр исад, мызд æмæ æндæр пайдайæгтæ, æфтиæгтыл нымад æрцæуæг исад, кæцытæ ист æрцыдысты фыдракæндон архайд саразыны фæстиуæгæн, кæнæ исад, кæцытæм хауынц фыдракæндон архайд саразыны фæстиуæгæн райсгæ æфтиæгтæ.

2. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс райсгæ домæны бындурыл исы мадзæлттæ, фыдракæндон архайды фæстиуæгæн райсгæ æфтиæгтæ æмæ фыдракæнд саразыны фæрæзтæ йæ юрисдикцимæ хауынц æви нæ, уый сбæрæг кæныны тыххæй, информаци дæтты домæг Фарсæн ахæм агуырды фæстиуджыты тыххæй æмæ барæнтæ исы æхцайы фæрæзтæ æмæ исад сбæрæг кæныны тыххæй, финансон операциты фæд ссарын æмæ æндæр информаци кæнæ бæлвырдгæнæнтæ райсыны тыххæй, кæцытæ гæнæн ис фæахъаз уой фыдракæндон архайды фæстуæгæн райсгæ фæрæзтæ фæстæмæ раздахынæн. Домæны банысангонд архайдтыты тыххæй домæг Фарс, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсæн информаци дæтты ахæм бындурты тыххæй, кæцытæм гæсгæ нымайæн ис, ахæм æфтиæгтæ æмæ фыдракæнд саразыны фæрæзтæ гæнæн ис разыной, кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы юрисдикцийы.

3. Ацы уацы 2 пунктмæ гæсгæ фыдракæндон архайды фæстиуæгæн райсгæ æфтиæгтæ æмæ фыдракæнд саразыны фæрæзтæ куы разыной, уæд, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс домæны бындурыл æххæст кæны ныццауазын æмæ æрцахсыны фæдыл домæг Фарсы компетентон органы рахæсгæ уынаффæ, кæнæ исы ахæм барæнтæ йæ закъондæттынадмæ гæсгæ ахæм æфтиæгтæ æмæ фыдракæнд саразыны фæрæзтæм ахасты сæ раттын кæнæ сæ спайда кæныны цыфæнды архайд аиуварс кæныны нысанæн, кæмæй домдæуы, кæнæ домæг Фарсы тæрхондоны кæронбæттæн уынаффæ рахæссыны онг.

4. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс йæ закъондæттынадмæ гæсгæ æххæст кæны домæг Фарсы компетентон орган кæй рахаста æмæ йæ тыхы чи бацыд, уыцы уынаффæ фыдракæндон архайды фæстиуæгæн райсгæ æфтиæгтæ, ахæм æфтиæгтæй райсгæ быфыстытæ æмæ æндæр пайдатæ, фыдракæндон архайды фæстиуæгæн райсгæ æфтиæгты фæрцы сырæзгæ кæнæ скæнгæ исад, кæнæ фыдракæндон архайды фæстиуæгæн æфтиæгтæй бафтгæ исад байсын æмæ сконфискаци кæныны тыххæй.

Ацы уацы уагæвæрдтæ парахат кæнынц конфискацийы тыххæй уголовон, адмистративон æмæ æмбæстагон тæрхондæттынады фæлгæтты рахæсгæ уынаффæтыл.

5. Ацы уацы уагæвæрдтæ реализаци кæнгæйæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой æртыккаг намысджын цæсгæмтты - кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы закъондæттынадмæ гæсгæ æфтиагисджыты бартæ.

6. Домæг Фарсы домæны бындурыл, кæмæй домдæуы, уыцы Фарс йæ закъондæттынад æмæ Дыууæ Фарсы централон органты æмразыдзинадмæ гæсгæ уавæрты домæг Фарсæн дæтты фыдракæндон архайды фæстиуæгæн райсгæ æфтиæгтæ æмæ фыдракæнд саразыны фæрæзтæ.

Уац 21

Хæрдзтæ

1. Кæмæй домдæуы, уыцы Фарс йæхимæ исы домæнтæ æххæст кæныны фæдыл хуымæтæджы хæрдзтæ, домæг Фарс кæй кæны, уыцы дæлдæрнысангонд хæрдзты йедтæмæ:

а) ацы Бадзырды 14 æмæ 16 уацтæм гæсгæ йæ территоримæ æмæ уырдыгæй фæстæмæ цæуæг цæсгæмтты фæндаггаг æмæ уыцы территорийыл сæ уæвынадимæ бастуæвæг хæрдзтæ, афтæ ма уыцы цæсгæмттæм хауæг æндæр бафыстытæ;

æ) экспертты хæрдзтæ æмæ гонорартæ;

б) ацы Бадзырды 10 уацы 2 пунктмæ гæсгæ домæн æххæст кæныны рæстæджы домæг Фарсы компетентон органты минæвæртты фæндаггаг, сæ æрцыд æмæ хайадистимæ бастуæвæг хæрдзтæ;

в) кæмæй домдæуы, уыцы Фарсы территорийæ домæг Фарсы территоримæ æрвитгæ предметты аласын æмæ фæстæмæ æрбаласыны фæдыл хæрдзтæ.

2. Кæд домæн сæххæст кæнын домы ахадæн кæнæ уæлвæткон хæрдзтæ, уæд дыууæ Фарсы централон органтæ уадзынц консультацитæ, домæн кæмæ гæсгæ æрцæуа æххæст, ахæм уавæртæ сбæлвырд кæнынæн, афтæ ма хæрдзтæ бамбæрзыны фæткы тыххæй дæр.

Уац 22

Консультацитæ æмæ быцæутæ скъуыддзаг кæнын

1. Дыууæ Фарсы централон органтæ сæ иуы фæндонмæ гæсгæ уадзынц консультацитæ ацы Бадзырд æмбарын æмæ дзы пайда кæнынмæ хауæг фарстаты фæдыл, æнæхъæнæй кæнæ конкретон домæны тыххæй.

2. Ацы Бадзырд æмбарын æмæ дзы пайда кæныны рæстæджы фæзынгæ быцæутæ скъуыддзаг цæуынц консультацитæ æмæ баныхæсты фæрцы.

Уац 23

Кæронбæттæн уагæвæрдтæ

1. Дыууæ Фарсы æмхуызон сразыдзинадмæ гæсгæ ацы Бадзырдмæ гæнæн ис хаст æрцæуа ивындзинæдтæ, кæцытæ сæ тыхы цæуынц ацы уацы 2 пункты сфидаргонд фæткмæ гæсгæ.

2. Ацы Бадзырд йæ тыхы цæуы, йæ тыхы бацæуынæн æнæмæнгхъæуæг чи у, ахæм мидпаддзахадон процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй Дыууæ Фарсы дипломатон каналтыл кæрæдзийæн фæстаг хатт фыстæй куы фехъусын кæной, уыцы бонæй 30 боны фæстæ.

3. Ацы Бадзырды архайд урæд цæуы, йæ архайд æруромыны фæндон иу Фарс инæ Фарсæн дипломатон каналтыл фыстæй куы фехъусын кæна, уыцы бонæй 180 боны фæстæ.

4. Ацы Бадзырды архайд æруромын бындур нæу, ацы Бадзырдæн йæ архайд æруромыны боны онг арвитгæ домæнтæ ма сæххæст кæнынæн.

Фыст æрцыд сахар Мæскуйы 2014 азы октябры мæйы 14-æм боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых. Кæд йæ æмбарын кæныны рæстæджы æнæмбæрстдзинад уа, уæд пайда цæуы уырыссаг текстæй.