Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн фсæддонслужбæгæнджыты æмæ сæ бинонты пенсийæ сифтонг кæныны фæткы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, дарддæр – Дыууæ Фарсы,


Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзион æххуысы тыххæй 2008 азы 17 сентябры фыстæрцæуæг Бадзырдæй къухдариуæг кæнгæйæ,

æфсæддонслужбæгæнджытæ, æфсæддон службæйæ чи ссæрибар, уыдон æмæ сæ бинонты пенсийæ сифтонг кæныны къабазы æмгуыстад кæныны фæндондзинад æвдисгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

У а ц 1

1. Ацы Фидыды нысан у Дыууæ Фарсы æфсæддонслужбæгæнджыты æмæ сæ бинонты пенсийæ сифтонг кæнын.

2. Æфсæддонслужбæгæнæг куы амæла, уæд ын йæ бинонтæн пособитæ снысан кæнын æмæ фидыны фарстатæ æмæ æфсæддонслужбæгæнджыты æнæмæнгхъæуæг паддзахадон фæдзæхстады фарстатæ биноныг нæ цæуынц ацы Фидыдæй.

У а ц 2

1. Æфсæддонслужбæгæнæгæн пенси снысан кæнын æххæст кæнынц, пенсийы ацæуыны баримæ æфсæддон службæйæ кæй территорийыл ссæрибар, уыцы Фарсы компетентон органтæ, уыцы Фарсы закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Æфсæддон службæйæ ссæрибаруæвæг æфсæддонслужбæгæнæгæн пенси рахынцын æмæ фидын æххæст кæнынц, иудадзыг кæй территорийыл цæры, уыцы Фарсы компетентон органтæ, уыцы Фарсы закъондæдтынадмæ гæсгæ.

2. Йæ дарæг кæмæн фесæфт, ахæм æфсæддонслужбæгæнджыты бинонты пенсийæ ифтонг кæнынц, иудадзыг цæрæн бынатæн равзæрст Фарсы компетентон органтæ, уыцы Фарсы закъондæдтынадмæ гæсгæ.

3. Æфсæддонслужбæгæнджытæ æмæ сæ бинонтæн пенси снысан кæнынæн æхцайы фагбæрц (куысты аргъ) бæлвырд цæуы, пенси чи нысан кæны, уыцы Фарсы закъондæдтынады сфидаргонд фæткмæ гæсгæ. Иу паддзахадæй иннæмæ æдзух цæрынмæ ацæуæг пенсиисæгæн пенси хынцынад компетентон органтæ æххæст кæнынц, ног цæрæн бынатæн кæй равзара, уыцы Фарсы закъондæдтынады фæткмæ гæсгæ.

У а ц 3

Æфсæддонслужбæгæнæгæн пенси снысан кæнынæн азты фагбæрцыл хынцыд цæуы (уыцы нымæцы уæлбарон уавæрты дæр) Гарзджын Тыхты æмæ Дыууæ Фарсы уæлдæрлæууæг паддзахадон органты саразгæ æндæр æфсæддон баиугæндты, æдасдзинады органты æмæ мидхъуыддæгты органты, афтæ ма раздæры ССР Цæдисы æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады Баиугонд Гарзджын тыхты службæ, кæм службæ кодтой, уыцы Фарсы закъондæдтынады сфидаргонд фæткмæ гæсгæ. Сфидаргонд азты фагбæрцæн аивæн нæй æндæр Фарсæн.

У а ц 4

Æфсæддон службæгæнджыты æмæ сæ бинонты пенсийæ ифтонг кæныны хæрдзтæ æххæст кæнынц Дыууæ Фарсы хæдбарæй сæ бюджетты хардзæй, се ‘хсæн æнæ кæрæдзион хыгъдтæй.

У а ц 5

Ацы Фидыд реализаци кæныныл дзуаппдæдтæг органтæ (дарддæр - Бæрнджын органтæ) сты:

Хуссарирыстойнаг фарсæй - Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет;

Уæрæсейаг фарсæй - Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæ.

Бæрнджын органты ивындзинæдтæ æрцæуыны тыххæй Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн хъусын кæнынц дипломатон каналтыл.

У а ц 6

Бæрнджын органтæ кæрæдзийæн информаци дæдтынц æфсæддонслужбæгæнджыты æмæ сæ бинонты пенсийæ ифтонг кæныны тыххæй сæ паддзахадты архайæг закъондæдтынад æмæ йæ ивындзинæдты тыххæй.

У а ц 7

Дыууæ Фарсы ‘хсæн ацы Фидыдæй пайда кæнын æмæ йæ æмбарын кæнынимæ бастуæвæг фæзынгæ фарстатæ скъуыддзаг цæуынц Дыууæ Фарсы Бæрнджын органты ‘хсæн консультацитæ æмæ баныхæсты фæрцы.

У а ц 8

Ацы Фидыды фæлгæтты æмгуыстад æххæст цæуы уырыссаг æвзагыл.

У а ц 9

Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы, йæ тыхы бацæуынæн æнæмæнгхъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй Дыууæ Фарсы кæрæдзийæ фæстаг фыстæй фехъусынкæнинаг кæд райсай, уыцы бонæй.

Ацы Фидыд арæзт цæуы 10 азы æмгъуыдмæ æмæ йæхигъæдæй дарддæргонд цæуы фæд-фæдылонæй фæстæцæуæг фондзазон æмгъуыдтæм, кæд йæ радон æмгъуыды фæудæй æппынкъаддæр æхсæз мæйы раздæр Дыууæ Фарсæй иу фыстæй нæ фехъусын кæна йæ архайд æруромыны фæндон, уæд.

Ацы Фидыдмæ гæсгæ йæ архайды рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты пенсийæ ифтонг кæныны сфидаргонд бартæ хъахъхъæд цæуынц, ацы Фидыд йæ архайд куы æрурома, уæд дæр.

Ацы Фидыдмæ Дыууæ Фарсы фыстæй æмразыдзинадмæ гæсгæ гæнæн ис ивындзинæдтæ æмæ баххæсткæнинæгтæ бахæссæн, кæцытæ фидаргонд цæуынц хицæн суагъæйæ, æмæ сты ацы Фидыды æнæаскъуынгæ хай.

Фыст æрцыд сахар Мæскуыйы 2014 азы январы 10 боны дыууæ экземплярæй ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.