Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Фидыд Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн специализацигонд таможнӕйон органы бæрнон кусджыты уынаффӕтыл, архайдыл (ӕнӕархайдыл) бахъаст кӕныны фӕткы тыххӕй

Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федераци, дарддӕр Дыууӕ Фарсы,


сӕ адӕмты историон уавӕрты сӕвзӕргӕ фидар бастдзинӕдтыл, хӕларадон ӕмӕ хӕларсыхагон ахастытыл ӕнцой кӕнгӕйӕ,

Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн Хӕлардзинад, ӕмгуыстад ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕныны фӕдыл 2008 азы 17 сентябры фыст æрцæуæг Бадзырды уагæвæрдтыл бындуриуæг кæнгæйæ,

Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн таможнӕйон хъуыддӕгты ӕмгуыстад ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕныны фӕдыл 2010 азы 9 декабры ӕрфысгӕ Фидыды (дарддӕр – 2010 азы 9 декабры ӕрфысгӕ Фидыд) 26 уацыл бындуриуӕг кӕнгӕйӕ,

хӕларадон ахастытӕ, уыцы нымӕцы таможнӕйон хъуыддӕгты къабазы, рӕзын кӕнгӕйӕ,

Дыууӕ Фарсы ‘рдыгӕй дӕр таможнӕйон закъондӕттынад хъахъхъӕныны хъуыддаг сифтонг кӕнын ӕмӕ таможнӕйон бархалынадты ныхмӕ тох кӕнын Дыууӕ Фарсы таможнӕйон службӕты ӕмгуыстады фӕрцы уӕлдай ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕй цӕудзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ Дыууӕ Фарсы ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ закъонон интерестӕ хъахъхъӕнгӕйӕ,

сразы сты дӕлдӕруӕвӕгыл:

Уац 1

Ацы Фидыд фидар кӕны иу Фарсы таможнӕйон службӕ 2010 азы 9 декабры ӕрфысгӕ Фидыды 26 уацмӕ гӕсгӕ иннӕ Фарсы территорийыл кӕй сарӕзта, уыцы специализацигонд таможнӕйон органы бӕрнон адӕймӕгты уынаффӕты, архайды (ӕнӕархайды) тыххæй бахъаст кӕныны фӕтк.

Уац 2

Ӕмбарынадтӕн, кӕцытӕй пайда цӕуы ацы Фидыды, ис бӕлвырд нысӕнттӕ 2010 азы 9 декабры ӕрфысгӕ Фидыды.

Уац 3

Алы адӕймагӕн дӕр бар ис хъаст бадӕтта специализацигонд таможнӕйон органы бӕрнон адӕймаджы уынаффӕ, архайды (ӕнӕархайды) фӕдыл, кӕд ӕмӕ нымайы, уыцы уыныффӕ, архайдӕй (ӕнӕархайдӕй) хӕлд кӕй ӕрцыдысты йӕ бартӕ, сӕрибардзинад кӕнӕ закъонон интерестӕ, кӕд арӕзт ӕрцыд ныхдуртӕ уыдон среализаци кӕнынӕн, кӕнӕ йыл ӕвӕрд ӕрцыд ӕнӕзакъонон хӕстӕ.

Уац 4

Специализацигонд таможнӕйон органы бæрнон кусджыты уынаффӕ, архайды (ӕнӕархайды) тыххӕй, уыцы специализацигонд таможнӕйон органы хистӕры уынаффӕ, архайды (ӕнӕархайды) йедтӕмӕ, бахъастгӕнӕн ис уыцы специализацигонд таможнӕйон органы хистӕрмӕ.

Специализацигонд таможнӕйон органы хистӕры уынаффӕ, архайды (ӕнӕархайды) тыххӕй, уыцы уынаффӕ дӕр сӕм бафтаугӕйӕ, кӕцы уый райста уыцы специализацигонд таможнӕйон органы бӕрнон адӕймаджы уынаффӕ, архайды (ӕнӕархайды) фӕдыл, хъаст бадӕттӕн ис, уыцы специализацигонд таможнӕйон орган саразӕг Фарсы таможнӕйон службӕйы къухдариуӕггӕнӕгмӕ, кӕнӕ уыцы таможнӕйон службӕйы къухдариуӕггӕнӕг хъастмӕ ӕркӕсын кӕмӕн бахӕс кӕна, ахӕм бӕрнон адӕймагмӕ. Ахӕм хъаст гӕнӕн ис лæвæрд æрцæуа, уыцы специализацигонд таможнӕйон орган саразӕг Фарсы таможнӕйон службӕйы къухдариуӕггӕнӕгмӕ комкоммæ, афтæ ма ӕмӕ хъаст кӕй уынаффӕйыл, архайдыл (ӕнӕархайдыл) цӕуы, уыцы специализацигонд таможнӕйон органы уылты.

Таможнӕйон службӕйы къухдариуӕггӕнӕджы, кӕнӕ ацы уацы дыккаг абзацы банысангонд хъӕстыты фӕдыл бӕрнджын адӕймаджы уынаффӕйыл гӕнӕн ис бахъаст ӕрцӕуа, ацы специализацигонд таможнӕйон орган кӕй таможнӕйон службӕ сарӕзта, уыцы Фарсы тӕрхондонмӕ, уыцы Фарсы закъондӕттынады нысангонд фӕткойтӕ хынцгæйæ.

Уац 5

Специализацигонд таможнӕйон органы бӕрнджын адӕймаджы уынаффӕйыл, архайдыл (ӕнӕархайдыл) хъаст бадӕттӕн ис ӕртӕ мӕйы дӕргъы:

уыцы бонӕй, хъастгӕнӕг кӕд базыдта, кӕнӕ кӕд хъуамӕ базыдтаид, йӕ бартӕ, сӕрибардзинад кӕнӕ закъонон интерестӕ хӕлд кӕй ӕрцыдысты, уыдон среализаци кӕнынӕн йын ныхдуртӕ ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, кӕнӕ йыл ӕнӕзакъонон хӕстӕ ӕвӕрд кæй ӕрцыд;

специализацигонд таможнӕйон орган кӕнӕ йӕ бӕрнджын адӕймаджы уынаффӕ кӕнӕ архайды фӕдыл барӕнтӕ райсыны ӕмгъуыды фæуыны бонӕй, специализацигонд таможнӕйон орган саразӕг таможнӕйон службӕйы Фарсы таможнӕйон закъондӕттынад кӕнӕ ӕндӕр таможнӕйон хъуыддӕгты къабазы сфидаргонд барадон актмӕ гӕсгӕ.

Уац 6

1. Ацы Фидыды 5 уацы банысангонд ӕмгъуыдӕй айсинаг аххоссагмӕ гӕсгӕ ма спайда кӕныны рӕстӕджы специализацигонд таможнӕйон органы уынаффӕйыл, архайдыл (ӕнӕархайдыл) бахъаст кӕныны ӕмгъуыд хъастгӕнӕджы (дарддӕр – хъастгӕнӕг) куырдиатмӕ гӕсгӕ ногӕй йӕ тыхы уадзы уыцы хъастмӕ ӕркӕсыны фӕдыл бӕрнджын адӕймаг.

2. Специализацигонд таможнӕйон органы бӕрнджын адӕймаджы уынаффӕйыл, архайдыл (ӕнӕархайдыл) хъаст бадӕттыны ауадзгӕ ӕмгъуыд ногӕй йӕ тыхы цӕуы хъаст фактон ӕгъдауӕй ӕркӕсынмӕ райсынӕй.

Уац 7

Хъаст лӕвӕрд цӕуы фыстӕй. Кӕд хъаст лӕвӕрд ӕрцӕуа хъастгӕнӕджы минӕвары къухӕй, уӕд хъастимӕ хъуамӕ уой, ахӕм бар йын кӕй ис, уый бӕлвырдгӕнӕг документтӕ.

Уац 8

1. Специализацигонд таможнӕйон органы бӕрнджын адӕймаджы уынаффӕйыл, архайдыл (ӕнӕархайдыл) хъаст бадӕттынӕй урӕд нӕ цӕуы, кæуыл хъаст цæуы, уыцы уынаффæ, архайд ӕххӕст кӕнын.

2. Фаг бындуртӕ куы уа афтӕ нымайынӕн, кӕуыл бахъастчындӕуыд, уыцы уынаффӕтӕ, архайдтытӕ (ӕнӕархайд) кӕй не сты специализацигонд таможнӕйон орган саразӕг Фарсы закъондӕттынадмӕ гӕсгӕ, афтӕ ма ахӕм цауы, йӕ сӕххӕст кӕнын урӕд кӕмӕн не ‘рцыд, уыцы уынаффӕйӕн, архайдӕн гӕнӕн ис уа, срастгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фӕстиуджытӕ, уæд хъастмӕ ӕркӕсӕг адӕймагӕн бар ис, бынтондӕр кӕнӕ хайгай ӕрурома, хъаст кӕуыл цыд, уыцы уынаффӕтӕ ӕххӕст кӕнын, цалынмӕ хъасты фӕдыл уынаффӕ хаст ӕцӕуа, уӕдмӕ.

Уац 9

Специализацигонд таможнӕйон органы бӕрнджын адӕймаджы уынаффӕ, архайдыл (ӕнӕархайдыл) хъастгӕнӕгӕн йӕ бон у, кӕдфӕндыдӕр фӕстӕмӕ ахӕсса йӕ хъаст, цалынмӕ йӕ хъасты фӕдыл уынаффӕ хаст не ‘рцӕуа, уӕдмӕ.

Ахӕм цауы рӕстӕджы фӕстӕмӕ уыцы-иу хъуыддаджы тыххӕй ногӕй хъаст бадӕттынӕн гӕнӕн ис ацы Фидыды 5 уацы сфидаргонд ӕмгъуыдты.

Уац 10

1. Специализацигонд таможнӕйон органы бӕрнджын адӕймаджы уынаффӕйы, архайды (ӕнӕархайды) тыххӕй бадӕтгӕ хъаст хъуамӕ равзара специализацигонд таможнӕйон органы хистӕр, специализацигонд таможнӕйон органы хистӕры уынаффӕ, архайды (ӕнӕархайды) фӕдыл бадӕтгӕ хъаст та хъуамӕ равзара, уыцы специализацигонд таможнӕйон орган саразӕг Фарсы таможнӕйон службӕйы къухдариуӕггӕнӕг, кӕнӕ уыцы таможнӕйон службӕйы къухдариуӕггӕнӕг ахӕм хъӕстытӕм ӕркӕсыны сӕраппонд кӕй бабӕрнджын кӕна, ахӕм бӕрнджын адӕймаг. Хъаст хъуамӕ равзара йӕ райсыны бонӕй иу мӕйы дӕргъы, хъаст равзарыны фӕдыл ацы Фидыдмӕ гӕсгӕ бар кӕмӕн, уый.

2. Кӕд специализацигонд таможнӕйон органы бӕрнон адӕймаг кӕнӕ хистӕры уынаффӕ, архайды (ӕнӕархайды) фӕдыл хъаст ӕвзарӕг бӕрнджын адӕймӕгтӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл банымайой хъастмӕ ӕркӕсыны ацы уацы 1 пункты банысангонд ӕмгъуыд адарддӕр кӕнын, уӕд сӕ бон у адарддӕр кӕной уыцы ӕмгъуыд, фӕлӕ иу мӕйӕ фылдӕр рӕстӕгмӕ нӕ, уый тыххӕй хъуамӕ фыстӕй фехъусын кӕной хъастгӕнӕгӕн, цы аххосагмӕ гӕсгӕ ӕргъӕвд цӕуы, уый банысан кӕнгӕйӕ.

Уац 11

Хъасты фӕдыл уынаффӕ ист цӕуы фыстӕй, хъаст кӕй уынаффӕйыл, архайдыл (ӕнӕархайдыл) цӕуы, уыцы таможнӕйон орган саразӕг Фарсы таможнӕйон службӕйы сфидаргонд формӕйы, ӕмӕ ӕрвыст цӕуы хъастгӕнӕгмӕ ацы Фидыды 10 уацы банысангонд ӕмгъуыды фӕлгӕтты.

Уац 12

1. Ацы Фидыды уагӕвӕрдтӕ нӕ ныхилынц, Дыууӕ Фарсы хайадисджытӕ кӕм сты, уыцы ӕндӕр дунеон бадзырдтӕй гуыргӕ хӕсистытӕм.

2. Ацы Фидыд кӕй нӕ нывыл кӕны, уыцы хайы пайда цӕуы, кӕй бӕрнон адӕймӕгты уынаффӕ, архайдыл (ӕнӕархайдыл) хъаст цӕуы, уыцы специализацигонд таможнӕйон орган саразӕг Фарсы закъондӕттынадӕй.

3. Ацы Фидыд йӕ тыхы цӕуы, йӕ тыхы бацӕуыны тыххӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг мидпаддзахадон процедурӕтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй Дыууӕ Фарсы кӕрӕдзийӕ фӕстаг зонӕнтӕ фыстӕй куы райсой, уыцы бонӕй.

Ацы Фидыды архайд урӕд цӕуы 2010 азы 9 декабры Фидыды архайд ӕруромыны, бонӕй.

4. Ацы Фидыдмӕ Дыууӕ Фарсы ӕмхуызон разыдзинадмӕ гӕсгӕ бахӕссӕн ис ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ фидаргонд цӕуынц хицӕн суагъӕтӕй.

Арæзт æрцыд сахар Цхинвалы 2013 азы апрелы 18 боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæй дæр дыууæ текстæн ис æмхуызон тых.