Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн дунеон автомобилон фæндæгты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр - Дыууæ Фарсы,


дыууæ паддзахады ‘хсæн базарадон æмæ экономикон ахастытæ рæзын кæнгæйæ,

алфæмблай бахъахъхъæнын æмæ фæндагон æзмæлд сифтонг кæныны æнæмæнгхъæуындзинад хынцгæйæ,

дыууæ паддзахады ‘хсæн бæлцæттæ æмæ уæзтæ ласыны æмæ сæ территоритыл транзитон фæндагон змæлд рæзын кæнынмæ тырнындзинадыл, афтæ ма уыцы фæндагон змæлд фæрогдæр кæныныл къухдариуæггæнгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

1. Ацы Фидыдмæ гæсгæ Дыууæ Фарсы паддзахадты ‘хсæн æххæст цæуынц бæлцæттæ æмæ уæзты регулярон æмæ æнæрегулярон аластытæ æмæ транзитæй сæ территоритыл, афтæ ма æртыккаг паддзахадты (æртыккаг паддзахадтæй) автотранспортон фæрæзтыл, кæцытæ регистрацигонд уой Республикæ Хуссар Ирыстоны кæнæ Уæрæсейы Федерацийы.

2. Ацы Фидыд нæ хъыгдары Дыууæ Фарсæй алкæцыйы æндæр дунеон бадзырдтæй, кæцыты хайадисджытæ сты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци гуыргæ бартæ æмæ химæрайсгæ хæстæ.

3. Ацы Фидыд, афтæ ма æндæр дунеон бадзырдтæ дæр, кæцыты хайадисæг сты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, кæй нæ бæстон кæны, уыцы ахастытæ бæстон цæуынц Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Уац 2

Ацы Фидыды пайда кæмæй цæуы, уыцы æмбарынадтæ нысан кæнынц:

1) "компетентон органтæ":

Республикæ Хуссар Ирыстоны - Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты министрад, æмæ ацы Фидыды 6-æм уацы архайды та - Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддагты министрад;

Уæрæсейы Федерацийы - Уæрæсейы Федерацийы транспорты министрад, ацы Фидыды 3-æм уацы 2 æмæ 3 пунктты æмæ 6-æм уацы банысангонд уавæртæ куыд æххæст цæуынц, ууыл контрол кæныны хайы та - Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министрад.

Дыууæ Фарсы сæ компетентон органты æрцæугæ ивындзинæдты тыххæй кæрæдзийæн хъусын кæнынц дипломатон каналтыл;

2) "ласæг" - Дыууæ Фарсæй иуы паддзахады территорийыл регистраци æрцæуæг цыфæнды физикон кæнæ юридикон цæсгом, æмæ уыцы паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ бæлцæттæ кæнæ уæзты дунеон автомобилон аластытæ æххæст кæнынмæ уагъд æрцæуæг;

3) "автотранспортон фæрæз" - ласæгмæ хисæрмагонд исады баримæ чи уа, гъе та бадзырды бындурыл арендæйы, кæнæ лизингмæ гæсгæ:

уæзтæ ласыны рæстæджы - уæзласæн машинæ, уæзласæн машинæ уæлæмхас æфтауæнимæ, уæзтæласæн машинæ кæнæ æрдæгуæлæмхас æфтауæнимæ уæзтæласæн машинæ;

бæлцæттæ ласыны рæстæджы:

автобус, ома автотранспортон фæрæз, кæцы у бæлцæттæ ласынæн æмæ дзы æппынкъаддæр ис 9 бадгæ бынаты, скъæрæгы бынат нæ нымайгæйæ;

рог такси, ома транспортон фæрæз, кæцы у бæлцæтты коммерцийы бындурыл ласынæн æмæ дзы нæй 8 бадæн бынатæй фылдæр, скъæрæгы бынат нæ нымайгæйæ, кæцы ифтонг у, кæм регистрацигонд у, уыцы Фарсы паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ;

4) "барлæвæрд" - Дыууæ Фарсæй иуы паддзахады ласæджы автотранспортон фæрæзæн иннæ Фарсы паддзахады территорийыл цæуыны бар дæдтæг документ;

5) "сæрмагонд барлæвæрд" - иу Фарсы паддзахады ласæджы чи у, уыцы автотранспортон фæрæз уæззау уæзтимæ, сæвджын кæнæ тæссаг уæзимæ иннæ Фарсы территорийыл цæуыны иухаттон уæлæмхасæн бар, афтæ ма ахæм иухаттон цæуыны бар автотранспортон фæрæзæн иннæ Фарсы территорийæ æртыккаг бæстæйы территоримæ кæнæ æртыккаг паддзахады территорийæ иннæ Фарсы паддзахады территоримæ цæуынæн;

6) "арæнгæрон фæндаг" - Дыууæ Фарсы паддзахадты арæнгæрон территоритыл уæвæг цæрæн пунктты ‘хсæн бæлцæттæласæн фæндаг;

7) "бæлцæтты регулярон аластытæ" - Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органты æмразыйæ маршрутмæ гæсгæ бæлцæтты автобусыл ласын, фæндагон змæлды ранывæзт, тарифтæ æмæ уромæн пункттæм гæсгæ, кæцы рæтты ласæг бæлцæтты бадын æмæ хизын кæны;

8) "бæлцæтты æнæрегулярон аластытæ" - бæлцæтты автобустæ æмæ рог такситыл ласын, кæцы нæ хауы "бæлцæтты регулярон аластыты" æмбарынадмæ;

9) "санитарон контроль" - санитарон, ветеринарон, афтæ ма фитосанитарон контроль.

Уац 3

1. Ацы Фидыды банысангонд аластытæ, гæнæн ис æххæст кæной æрмæстдæр ахæм ласджытæ, кæцытæ сæ паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ уагъд цæуынц дунеон аластытæ æххæст кæнынмæ.

2. Дыууæ Фарсы паддзахадты ласджыты автотранспортон фæрæзтæм, кæцытæ æххæст кæнынц дунеон аластытæ, хъуамæ уа сæ паддзахады регистрацион æмæ зонæн нысæнттæ.

3. Уæлæмхасæн æфтауæнтæ æмæ æрдæгуæлæмхасæн æфтауæнтыл гæнæн ис уа æндæр паддзахадты зонæн нысæнттæ ахæм уавæрты, кæд æмæ уæзласæн машинæтыл, уæззаууæзы машинæтæ æмæ автобустыл уа Дыууæ Фарсы паддзахадты регистрацион æмæ зонæн нысæнттæ.

Уац 4

Иу Фарсы паддзахады ласæгæн бар нæй бæлцæттæ æмæ уæзтæ ласынæн иннæ Фарсы паддзахады территорийыл уæвæг пунктты ‘хсæн.

Уац 5

1. Ахæм рæстæджы, иу Фарсы ласæн фæрæзы ас, уæз кæнæ автотранспорты уæз (уæзимæ кæнæ æнæ уæзæй) иннæ паддзахады территорийыл фидаргонд нормæтæн дзуапп куынæ дæдтой, уæд ласæг хъуамæ развæлгъау райса сæрмагонд уæмхасæн бар иннæ Фарсы компетентон органæй аласт сæххæст кæныны тыххæй.

2. Дыууæ Фарсы паддзахадты территоритыл тæссаг уæзтæ ласын æххæст цæуы, Дыууæ Фарсы паддзахадты ахæм аластытæ бæстонгæнæг алкæй закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Кæд Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæдтынадмæ гæсгæ тæссаг уæзтæ ласын домы сæрмагонд барлæвæрд, уæд æй Дыууæ Фарсæй иуы паддзахады ласæг хъуамæ райса иннæ Фарсы паддзахады компетентон органæй, цалынмæ аласт нæ сæххæст кæна, уæдмæ.

3. Кæд ацы уацы 1 кæнæ 2 пункты банысангонд сæрмагонд барлæвæрдтæ хауынц транспортон змæлды бæлвырд маршрутмæ, уæд аласт хъуамæ æххæст æрцæуа, уыцы маршрутмæ гæсгæ.

Уац 6

1. Дыууæ Фарсы паддзахадты ласджытæ æмæ автотранспортон фæрæзты экипажтæ хæсджын сты, аласт кæцы Фарсы паддзахады территорийыл æххæст кæнынц, уый закъондæдтынад æмæ фæндагон змæлды фæткойтæ æххæст кæнын.

2. Автотранспортон фæрæзы скъæрæгмæ хъуамæ уа националон кæнæ дунеон машинæскъæрæджы æвдисæндар (ахæм рæстæджы, кæд æмæ йемæ уа националон автотранспорт-скъæрæджы æвдисæндар) æмæ автотранспортон фæрæзæн националон регистрацион документтæ 1968 азы 8 ноябры райсгæ фæндагон змæлды Конвенцийы домæнтæм гæсгæ.

3. Барлæвæрд æмæ æндæр документтæ, кæцыты домдæуы ацы Фидыдмæ гæсгæ, хъуамæ уой автотранспортон фæрæзы скъæрæгмæ æмæ бавдыст цæуæй, Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органтæй автомобилон транспортыл контролы тыххæй бæрндзинад чи хæссы, уыдоны æрдомдмæ гæсгæ.

Уац 7

1. Автотранспортон фæрæз регистрацигонд кæй территорийыл у, уыцы Фарсы паддзахады компетентон органтæ хæсджын сты, ацы Фидыды уагæвæрдтæ иннæ Фарсы территорийыл ласæг серьезон æгъдауæй кæнæ радон хатт куы фехала, кæнæ уыцы Фарсы паддзахады компетентон органты домæнмæ гæсгæ райса ахæм барæнтæ:

ласæджы бафæдзæхсын;

ласæгæн рæстæгмæ кæнæ бынтондæр йæ аластытæ æххæст кæныны бар æрисын, фæткхалынад кæм æрцыд, уыцы Фарсы паддзахады территорийыл.

2. Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органтæ ацы уацы 1 пунктмæ гæсгæ кæрæдзийæн хъусын кæнынц райсгæ барæнты тыххæй.

3. Ацы уацы уагæвæрдтæм гæсгæ гæнæн ис санкцитæ ист æрцæуа иннæ Фарсы паддзахады ласæг æмæ транспортон фæрæзы экипажмæ, фæткхалынад кæм æрцыд, уыцы паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Уац 8

Дыууæ Фарсы паддзахадты ласджытæ æмхуызон бындурыл сæрибар цæуынц фидтонтæ æмæ хъалонтæй, ацы Фидыды фæлгæтты бæлцæттæ æмæ уæзтæ ласыны рæстæджы сæхи чи у кæнæ кæмæй пайда кæнынц, уыцы транспортон фæрæзы тыххæй (уæззау æмæ сæвджын транспортон фæрæзты йедтæмæ), иннæ Фарсы паддзахады автомобилон фæндаг дарын кæнæ дзы пайда кæныны тыххæй, æрмæст аргъыл чи у, уыцы фæндæгтæ, автомагистралтæ, хидтæ æмæ тоннелтæй пайда кæныны тыххæй фидтонты йедтæмæ, кæд æмæ уыцы фидтонтæ ласджыты автотранспортон фæрæзты тыххæй ист цæуой æнæдискриминацийы бындурыл, куыд иу, афтæ иннæ Фарсы паддзахады дæр.

Уац 9

1. Ацы Фидыды бындурыл аластытæ æххæст кæныны рæстæджы иу Фарсы паддзахадты территорийæ иннæ Фарсы паддзахады территоримæ ласгæйæ æмхуызон сæрибар цæуынц таможнæйон æмбырдтæ, хъалонтæ æмæ фидтонтæй:

1) автотранспортон фæрæзы алы моделы дæр йæ рауадзæг-заводы арæзт æртаджы гæрзы, кæцы технологион æмæ конструктивон æгъдауæй баст у йæ змæлынгæнæн системæимæ, дзаг æртаг, афтæ ма уæлæфтуанæмæ æрдæгуæлæфтуанты сæ рауадзæг заводы æвæрд гæрзты уæвæг æртаг, кæцы хъæуæг у автотранспортон фæрæзы хъармгæнæн кæнæ уазалгæнæн ифтонггæрзтæн;

2) автотранспортон фæрæзы эксплуатацийæн аласт æххæст кæныны рæстæджы фаг сæрдæн æрмæджытæ;

3) дунеон аласт æххæстгæнгæйæ транспортон фæрæзы фæндагыл фехæлгæйæ цалцæг кæнынæн хъæуæг мигæнæнтæ æмæ фæсауæрцы хæйттæ.

2. Ацы уацы 1 пункты банысангонд мигæнæнтæ æмæ кæмæй не спайдачындæуыд, уыцы фæсауæрцы хæйттæ ласт цæуынц фæстæмæ. Ивдæрцæуæг фæсауæрцы хæйттæ хъуамæ ласт æрцæуой фæстæмæ кæнæ бахауой, Дыууæ Фарсæй уыцы фæсауæрцы хæйттæм ахасты таможнæйон режимы ивындзинад кæй территорийыл æрцыд, уыцы паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ скуынæг кæныны таможнæйон процедурон фæткмæ.

Уац 10

1. Бæлцæтты афтобустыл регулярон аластытæ организаци цæуынц Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органты ‘хсæн æмразыдзинадмæ гæсгæ.

2. Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органтæ 5 азы æмгъуыдмæ æмдзых кæнынц бæлцæтты регулярон аластытæ маршруты уыцы фадыджы, кæцы цæуы сæ паддзахадты территоритыл.

3. Бæлцæтты автобустыл аласын сорганизаци кæныны фæндæттæ кæрæдзимæ лæвæрд цæуынц рæстæгыл Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органты фæрцы, æмæ сæ хъуамæ уа ахæм зонæнтæ:

1) ласæджы (фирмæйы) ном;

2) маршрут;

3) змæлды ранывæзт æмæ тарифтæ;

4) аластытæ æххæст кæнынæн банысангонд æмгъуыд æмæ регулярондзинад;

5) æрлæууæн пункттæ, кæцыты ласæг бадын æмæ хизын кæны бæлцæтты, æмæ арæныл хизæн пункттæ;

6) бадзырды тыххæй зонæнтæ, ахæм рæстæджы, кæд æмæ лæггæдтæ кæнын æрхауа цалдæр ласæгмæ иумæ.

Уац 11

Арæнгæрон фæндæгтыл бæлцæтты автобустыл дунеон аластыты фæтк бæлвырд цæуы Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органты æмразыйæ.

Уац 12

1. Ацы Фидыды 13 уацы банысангонд аластыты йедтæмæ, бæлцæтты фæндагыл æнæрегулярон дыууæрдæм аласт домы иннæ Фарсы паддзахады компетентон органы барлæвæрд. Алы ахæм барлæвæрд дæр бар дæдты иу рейсæн уырдæм æмæ фæстæмæ, кæд барлæвæрды æндæр банысангонд нæ уа, уæд.

2. Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органтæ бæлцæтты æнæрегулярон аластыты тыххæй барлæвæрды бланктæ æрвылаз дæр лæвар дæдтынц кæрæдзийæн, сæ нымæцыл æмхуызон сразыйæ. Уыцы бланктыл хъуамæ уа компетентон органы мыхуыр æмæ барлæвæрд радтæг бæрнджын адæймаджы къухфыст.

3. Барлæвæрдæн тых ис 1календарон азы дæргъы.

Уац 13

1. Барлæвæрд нæ домдæуы бæлцæтты автобустæ кæнæ рог такситыл аласыны рæстæджы, ахæм уавæрты, кæд æмæ бæлцæтты къорд уыцы-иу скондæй ласт цæуы уыцы автобусыл кæнæ рог таксийыл æнæхъæн балцы рæстæджы, ахæм уавæрты, куыд:

1) балц райдыдта æмæ фæцис, автобус кæнæ рог такси регистрацигонд кæм у, уыцы Фарсы паддзахады территорийыл;

2) балц райдыдта, автобус кæнæ рог такси регистрацигонд кæм у, уыцы Фарсы паддзахады территорийыл, æмæ фæцис иннæ Фарсы паддзахады территорийыл, ахæм уавæры, кæд автобус кæнæ рог такси уыцы территорийæ ацæудзæн афтидæй;

3) автобус кæнæ рог такси бацæуы иннæ Фарсы паддзахадты территоримæ, цæмæй раласа, уырдæм уыйразмæ кæй баласта, уыцы бæлцæтты къорды.

2. Барлæвæрд нæ домдæуы бæлцæтты транзитæй æнæрегулярон аластытæ æххæст кæныны рæстæджы.

3. 10 уацы 1 пункты, 12 уацы 1 пункты æмæ ацы уацы 1 æмæ 2 пункттæм гæсгæ аластыты рæстæджы автобусы кæнæ рог таксийы скъæрæгмæ хъуамæ уа балцæтты номхыгъд. Ацы номхыгъды формæ хъуамæ уа, ацы Фидыды 20-æм уацмæ гæсгæ арæзтæрцæуæг Æмхæццæ къамисы æмразыдзинадæй.

4. Барлæвæрд нæ домдæуы бæлцæтты æнæрегулярон аластыты рæстæджы хæлд автобус кæнæ рог такси æндæр автобус кæнæ рог таксийæ баивыны рæстæджы.

Уац 14

1. Дыууæфарсон кæнæ транзитон фæндагыл уæзтæ ласын, ацы Фидыды 15 уацы банысангонд аластыты йедтæмæ, æххæст цæуынц Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органты лæвæрд разыдзинады бындурыл.

2. Алы уæзтæ аластæн дæр лæвæрд цæуы хицæн барлæвæрд, кæцы бар дæдты иу рейсæн уырдæм æмæ фæстæмæ, кæд уыцы барлæвæрды æндæр ницы ис нысангонд, уæд. Барлæвæрд домдæуы иннæ Фарсы паддзахады территоримæ бацæуæг афтид автотранспортон фæрæзтæн дæр.

3. Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органтæ æрвылаз дæр кæрæдзийæн æнæаргъæй дæттынц, сæ нымæцыл иумæ кæмæн сразы уой, ахæм уæзтæ аласынæн бардæдтæг бланктæ. Уыцы бланктыл хъуамæ уа, барлæвæрд радтæг компетентон органы мыхуыр æмæ бæрнджын адæймаджы къухфыст.

4. Барлæвæрдæн тых ис 1къалендарон азы æмгъуыдмæ.

Уац 15

1. Ацы Фидыды 14 уацы банысангонд барлæвæрд нæ домдæуы ахæм рæстæджы:

1) армукæтæ æмæ равдыстытæм экспонаттæ, ифтонггæрзтæ æмæ æрмæджытæ ласгæйæ;

2) спортивон мадзæлттæ ауадзынæн æмæ цирк равдисынын хъæуæг транспортон фæрæзтæ, цæрæгойтæ, афтæ ма алыгъуызон инвентар æмæ фæллой ласгæйæ;

3) театралон декорацитæ æмæ реквизиттæ, музыкалон инструменттæ, киноныв исынæн, радио æмæ телеалæвæрдтæ аразынæн хъæууæг æрмæджытæ æмæ ифтонггæрзтæ ласгæйæ;

4) мард ласгæйæ;

5) постон æрвитæгкæгтæн;

6) хæлд автотранспортон фæрæзтæ æмæ техникон æххуысы машинæтæ, цалцæг кæнынмæ кæнæ хæлд автотранспортон фæрæз сыфцæй раласынмæ цæугæйæ;

7) цæрæнбынат ивæджы змæлгæ исад ласгæйæ;

8) медикаменттæ, медицинон мигæнæнтæ æмæ ифтонггæрзтæ, афтæ ма æндæр уæзтæ, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг сты æрдзон æнамонддзинæдты рæстæджы æмæ гуманитарон æххуыс ласгæйæ, кæд сæ нысаниуæгыл раст æмбæлынц, уый бæлвырд уа, уæд;

9) автотранспортон фæрæзтимæ уæзтæ, уыцы нымæцы уæлæмхас æфтауæн, 6 тоннæйæ фылдæр йæ максималон уæз кæмæн нæ уа кæнæ гæнæнуæвæн уæзисæн, уыцы нымæцы уæлæмхас æфтауæн, йæ уæз 3,5 тоннæйæ фылдæр куыд нæ уа ласгæйæ;

2. Ацы уацы 1 пункты "1", "2" æмæ "3" дæлпунктты банысангонд хатыртæн тых ис æрмæстдæр ахæм рæстæджы, кæд æмæ фæллой фæстæмæ ласинаг у, Дыууæ Фарсæй автотранспорт регистрацигонд кæм у, уыцы паддзахады территоримæ, кæнæ, кæд уыцы фæллой фæстæмæ ласинаг у æртыккаг паддзахады территоримæ.

Уац 16

1. Дыууæ Фарсæй иуы паддзахады ласæгæн йæ бон у иннæ Фарсы территорийæ æртыккаг паддзахады территоримæ бæлцæттæ æмæ уæзтæ аласа, афтæ ма æртыккаг паддзахады территорийæ иннæ Фарсы территоримæ, кæд уый тыххæй иннæ Фарсы паддзахады компетентон органæй сæрмагонд барлæвæрд райста, уæд.

2. Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органтæ иумæ æмразы кæнынц ацы уацы 1 пункты банысангонд сæрмагонд барлæвæрды бланктæ кæрæдзийæн дæттыны фæтк. Уыцы бланктыл хъуамæ уа иннæ Фарсы паддзахады сæрмагонд барлæвæрд радтæг компетентон органы мыхуыр æмæ бæрнджын адæймаджы къухфыст.

3. Сæрмагонд барлæвæрд йæ тыхы ис 1 къалендарон азы дæргъы.

Уац 17

1. Арæнгæрон, таможнæйон, транспортон æмæ санитарон контролмæ ахасты пайда цæуы Дыууæ Фарсы паддзахадтæ хайадисæг кæм сты, уыцы дунеон бадзырдты уагæвæрдтæй, ацы бадзырдтæ кæй нæ бæстон кæнынц, уыцы фарстатæ скъуыддзаг кæнгæйæ та пайда цæуы, банысангонд контрол кæм æххæст цæуы, уыцы Фарсы паддзахады закъондæдтынадæй.

2. Арæнгæрон, таможнæйон, транспортон æмæ санитарон контрол тагъд медицинон æххуыс кæй хъæуы, ахæм бæлцæтты ласгæйæ, бæлцæтты автобустыл регулярон аластытæ æххæст кæныны рæстæджы, афтæ ма цæрæгойтæ æмæ тагъд хæлæг продукттæ ласыны рæстæджы æххæст цæуы фыццаграды.

Уац 18

Ацы Фидыды бындурыл бæлцæттæ æмæ уæзтæ ласын æххæст цæуы, автотранспортон фæрæзты хицæуттæн æмбæстагон бæрндзинады æнæмæнгхъæуæг фæдзæхстады уавæрты, æртыккаг цæсгæмтты бахъыгдарыны тыххæй. Ласæг хæсджын у, банысангонд аластытæ чи æххæст кæны, уыцы алы автотранспортон фæрæз дæр развæлгъау радта фæдзæхсты.

Уац 19

Дыууæ Фарсы æмразыдзинадæй ацы Фидыдмæ гæнæн ис хаст æрцæуа ивындзинæдтæ.

Уац 20

1. Ацы Фидыд æмбарын кæнын æмæ дзы пайда кæныны рæстæджы фæзынгæ быцæуаг фарстатæ Дыууæ Фарсы скъуыддзаг кæнынц иумиаг консультацитæ æмæ баныхæсты фæрцы, уый тыххæй Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органтæ аразынц Æмхæццæ къамис. Æмхæццæ къамис цæттæ кæны фæндæттæ ацы Фидыды уагæвæрдтæм ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Æмхæццæ къамисы куысты хайад райсынмæ гæнæн ис хуынд æцæуой Дыууæ Фарсы паддзахадты автомобилон транспорты националон ассоциациты минæвæрттæ.

2. Дыууæ Фарсы паддзахадты компетентон органтæ иумæ разы кæнынц, ацы Фидыды 12, 14 æмæ 16 уацты банысангонд барлæвæрды бланкты æрвылазон лæвæрды фæтк, афтæ ма сæ пайда кæнын уавæртæ дæр.

Уац 21

1. Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы, йæ тыхы бацæуыны тыххæй Дыууæ Фарсы рдыгæй дæр æнæмæнгхъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ ауагъды тыххæй дипломатон каналтыл фыстæй фехъусын кæныны бонæй 30 боны фæстæ.

2. Ацы Фидыд арæзт цæуы æнæ бæлвырд æмгъуыдмæ, æмæ архайы, Дыууæ Фарсæй иу иннæ Фарсæн йæ архайд æруромыны тыххæй фæндон дипломатон каналтыл фыстæй фехъусын кæныны бонæй цалынмæ 6 мæйы рацæуа, уæдмæ.

Арæзт æрцыд сахар Мæскуыйы 2012 азы октябры мæйы «24» -æм боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзагыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.