Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

24-25 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ауагъта конкурсон равзæрст Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) нысанон бынæттæм.


Конкурсон фæлварæнтæ уагъд цыдысты «Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дунеон ахастыты мæскуыйы паддзахадон институт(Университет) Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн цы нысанон бынæттæ рахицæн кодта, уыдон фæдыл конкурсон фæлварæнтæ ауадзыны фæткы тыххæй» Уагæвæрды бындурыл.

Конкурсон фæлварæнты хайад райстой 18 адæймаджы. Фæуæлахизуæвджыты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад срекомендаци кæндзæнис, цæмæй сæ айсой Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У)-мæ.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бузныг зæгъы конкурсон экзаментæ ауадзыны хъуыддаг сорганизаци æмæ ауадзыны тыххæй Тыбылты А. номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты Ректор Тедеты В.Б., афтæ ма Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Тедеты З.К. æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Цхуырбаты М.В. конкурсон куыстытæ кæй сраст кодтой, уый тыххæй.


Цхинвал, 2016 азы 2 март