Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



23 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæр Нальан Антмены.


Фембæлды бæстон æмæ конструктивон ныхасы рæстæджы дзырд цыд Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты Хуссар Ирыстоны территорийыл архайды æппæт спектртыл, сæрмагондæй та, Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты йæ мандатмæ гæсгæ кæй æххæст кæны, уыцы гуманитарон программæтыл.

Æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны Æртæварсон координацион механизмы куыст ахсджиаг кæй у, уый дæр æрцыд нысангонд.

Антмен РХИ-ы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполатæн радзырдта организаци ныртæккæ цы проекттыл кусынц æмæ æввахс рæстæджы цы ис сæ зæрды саразын, уыдоныл.

ФХМ сæргълæууæг иумæйагæй æвæрццаг аргъ скодта ацæугæ азы ÆСДК архайдæн Хуссар Ирыстоны территорийыл æмæ йын бахахх кодта йæ ахсджиагдзинад.

Фембæлды хайадисджытæ равдыстой цæттæдзинад дарддæры æнтыстджын æмгуыстадмæ.


Цхинвал, 2016 азы 23 март