Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

chovrebov-mirzoyan.jpg

6 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъ. телефонæй фæдзырдта Хæххон Карабахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр К. Мирзоянмæ.


Ныхасы рæстæджы Цхуырбаты Хъасполат банысан кодта, Хæххон Карабахы конфликты зонæйы цаутæ кæй æвзарын кæнынц тыхстдзинад, уый. Министр загъта йæ коллегæйæн, Хуссар Ирыстоны лæмбынæгæй хъус кæй дарынц ситуацимæ, æмæ зæрдæ бавæрдта Хæххон Карабахы адæмæн. Банысангонд æрцыд, кæй хъæуы равдисын бæрндзинад æмæ хиуылхæцындзинад, цæмæй ситуаци контролгæнæн кæмæн нæй, ахæм уавæры онг ма æрцæуа, æмæ æнæхъæн регион ма фæдестабилизаци уа.

Цхуырбаты Хъ. мæсæллæй загъта мæрдджынты бинонтæн æмæ, фæстаг бонты цауты чи фæцæф ис, уыдонæн та ракодта тагъд сæнæниз кæныны арфæтæ.

Йæхи фарсырдыгæй, Карен Мирзоян, бузныджы ныхæстæ загъта æмæ банысан кодта, Хæххон Карабахы Республикæйы къухдариуæгад æппæтварсонæй кæй архайы, ситуаци сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæныны фæндæгтæ агургæйæ.


Цхинвал, 2016 азы 6 апрель