Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



8 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры рæстæгмæ хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты А. В. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ хайад райстой Кад æмæ Мысæны гирляндæйы сæвæрды церемонийы Кады аллейæйы Фыдыбæстон хæсты Фæуæлахизы 71 азы цытæн.

Цхинвал, 2016 азы 8 май