Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

Нæ хъус æрдардтам, Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй ауадзыны фæдыл АИШ-ы Паддзахадон департаменты официалон минæвары раныхасмæ.


Радон хатт та загъд æрцыдысты, 24 азы размæ йæ актуалондзинад чи фесæфта, уыцы ныхæстæ канд Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады тыххæй нæ, фæлæ ма бынтон æнæбындур ныхæстæ Хуссар Ирыстоны ахæм референдум ауадзыны тыххæй дæр.

Ацы хъуыддаджы нæ дисы æфтауы канд АИШ-æн характерон чи у, ахæм афæлвæрд иннæ паддзахады суверенон хъуыддæгты гуымир æгъдауæй хитъыст нæ, фæлæ ма, референдумы руаджы йæ хъысмæт чи бæрæг кæны, адæмы ахæм комкоммæ демократон фæндондзинадмæ æвæрццаг ахасты факт. Æмæ ацы ахаст равдыстой растдæр Иугонд Штаттæ, кæцытæ сæхи нымайынц демократийы сæйраг фидарыл.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты бар сæ бæстæйы сомбон бархийæ бæрæг кæнынæн сæ нæ хъæуы Паддзахадон департаменты разыдзинад, уымæ гæсгæ нымайæм хъæуæгыл ногæй АИШ-æн рекомендаци радтын, цæмæй бæстонæй æркæсой Хуссар Ирыстоны нæуæг историмæ, æхсæнадæмон барады сæйраг принциптæм æмæ Хуссар Кавказы регионы уæвæг реалитæм.

АИШ-ы хъуамæ æмбарой уый, æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тырнындзинад бындуриуæг кæны йæ æдасдзинад бахъахъхъæныныл æмæ регионы стабилондзинад бавæрыныл, уæлдайдæр та Гуырдзыстоны реваншистон фæндты фоныл, кæцыты сын сæ къух политикон æмæ æфсæддон сферæты аразынц Иугонд Штаттæ.


Цхинвал, 2016 азы 31 май