Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



11 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста хæдбар æхсæнадæмон эксперт Душан Игньятовичы, кæцы ОБСЕ-йы æрхуындмæ гæсгæ 2015 азæй фæстæмæ архайы Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ссарыныл.


Фембæлды рæстæджы дзырд цыд эксперты архайдыл æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныны хъуыддаджы.

Игньятович ма фембæлд РХИ Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, МПРИ-йы форматы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Санахъоты Давидимæ æмæ æбæрæгæй сæфт Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты хиуæттимæ.

Фембæлдтыты хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Æххæстбарджын адæймаджы барты фæдыл Тасойты Инал.


Цхинвал, 2016 азы 11 ноябрь