Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

30 декабры Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уыд æмбырд, цыран РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. ацæугæ азæн сарæзта хатдзæгтæ æмæ 2017 азы сæйраг хæстæ снысан кодта.


Министр банысан кодта, 2016 аз Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн кæй уыд æнтыстджын, уый, уымæн æмæ Министрад иумæйагæй сæххæст кодта РХИ уæвæг закъондæттынады бындурыл ын Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент йæ разы цы хæстæ сæвæрдта, уыдон.

Министрады сæйраг хæс у Хуссар Ирыстонæн дипломатон ахастытæ цы бæстæтимæ ис, уыдонимæ кæрæдзийæн пайда æмахастытæ дарддæр фидар æмæ рæзын кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы приоритетон здæхт у Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстад фидар кæнын. Дыууæварсон ахастытæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн арæзт цæуынц масштабон бадзырдон-барадон базæ хынцгæйæ, æмæ нæ уагдон æрвылбонон куыст кæны уыцы фадыджы. Сæрмагондæй, ацæугæ азы Уæрæсейы Федерациимæ баконд æрцыд алыхуызон æмвæзадыл 14 бадзырды, 7 та дзы ис сæ бакуысты стадийыл.

Рагон ахастытæ нын ис Абхазы Республикæмæ, Днестргæрон Молдаваг Республикæимæ, Хæххон Карабахы Республикæимæ, уыдонимæ бирæ азты дæргъы хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзи нымайыны бындурыл размæ кæнæм æхсæнпаддзахадон ахастытæ. Ацы ран банысан кæнын хъæуы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы æхсæн сноггонд Хæларад, æмгуыстад æмæ партнердзинады тыххæй Бадзырд, кæцы æрфыстæуыд Цхинвалы 20 сентябры.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад стыр куыст кæны хæларадон бæстæты нымæц фæфылдæр кæныны, контакттæ райрæзыны æмæ фембæлдтæ алыхуызон æмвæзадтыл цæттæ кæныны хъуыддаджы.

РХИ ФХМ хайад исы Республикæ Хуссар Ирыстонмæ цы фæсарæйнаг делегацитæ цæуы, æмæ Хуссар Ирыстонæй цы делегацитæ цæуынц фæсарæйнаг бæстæтæм, уыдон визиттæ цæттæ æмæ амал кæныны хъуыддаджы.

РХИ ФХМ йæ архайдæй ахъаз кæны, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон дунейы ахада, куыд суверенон демократон бæстæ, кæцы нымайы æмæ æххæст кæны æхсæнадæмон барад æмæ кæцы цæттæ у æмгуыстадмæ алыхуызон æхсæнадæмон фарстаты фадыджы, уыдоны æхсæн сабырад сфидар кæнын æмæ æдасдзинады фарстатæ.

Министрады ахсджиаг здæхæн уыди æмæ у Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы хайадист, цыран сæйраг хæс у Гуырдзыстоны æрдыгæй къух æрфыссын юридикон тых кæмæн ис, ахæм документыл тыхæй ма спайда кæныны тыххæй.


Цхинвал, 2016 азы 30 декабрь