Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



Дарддæр кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы визит Венесуэлæмæ. Делегацийы сконды сты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Нарим.


Хуссарирыстойнаг делегаци хайад райста Венесуэлæйы лидер Уго Чавесы мæлæтыл цыппар азы сææхæсты цытæн мысæн мадзæлтты. Делегаци фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Минæвар Венесуэлæйы Владимир Заемскиимæ. Уымæй дарддæр ма уыд фембæлдтытæ æндæр бæстæты делегациты минæвæрттимæ, кæцытæ истой хайад мысæн мадзæлтты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци йæхимæ райста Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Делси Родригес Гомес. Венесуэлæйы ФХМ консультациты рæстæджы дзырд цыд алыхуызон сферæты дыууæварсон æмгуыстады фарстатыл.


Цхинвал, 2017 азы 9 март