Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Адæмон хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады делегациты дыууæварсон фембæлды фæдыл



Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæмæ визиты фæлгæтты 7-8 марты Каракасы уыд дыууæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Адæмон хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты делегациты æхсæн.


Фембæлды фæстиуæгæн РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан æмæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Иван Хиль сæ къухтæ æрфыстой Суагъæйыл. Бафыстгонд документы Дыууæ Фарсы сразы сты, хæларадон ахастытæ æмæ æмгуыстад культурæ, ахуырад, экологи æмæ туризмы сферæты фидар кæнын кæй хъæуы, ууыл. Дыууæ Фарсы ма бадзырдтой æртын боны æмгъуыдмæ æрфыссын визæйон формалондзинæдтыл къух сисыны фæдыл Бадзырд. Документы ма æвдыст цæуы Дыууæ Фарсы фæнд куыст адарддæр кæнын дыууæварсон боны фæткы алы къабазы дæр, цæмæй рауæрæх кæной æмгуыстад дыууæ бæстæйы æхсæн æмæ æркæсой ахæм бадзырдтæ æрфысынмæ, кæцыты фæрцы фæфылдæр уыдзæн Хицауадты æхсæн кæрæдзи фæлтæрд æмæ информацийæ ифонгкæнынад.


Цхинвал, 2017 азы 9 март