Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



4 апрелы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмкусджытæ æрбахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварадмæ дидинджытæ, 3 апрелы Санкт-Петербурджы террористон акты фæстиуæгæн чи фæмард, уыдон ном арынæн.


Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ боны дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварады агъуыстмæ хастой дидинджытæ, Уæрæсейы Федерацийы адæмæн тæфæрфæс кæнгæйæ.

Теракты чи бахауд, уыдон нымæцы ис Хуссар Ирыстоны гуырд Хаситы Виталий. Уый ныртæккæ ис Санкт-Петербурджы рынчындонтæй иуы.


Цхинвал, 2017 азы 5 апрель