Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цыхуырбаты Казбулаты дзуаппытæ ОБСЕ Астаны саммиты фæстиуджыджытæм гæсгæ хуссарирыстойнаг информацион агентад «Рес»-ы фарстытæн

Фарст: Цахæм аргъ скæндзынæ ОБСЕ цы саммит уыдис, уымæн, æмæ цахæм уыдысты йæ фæстиуджытæ?

Дзуапп: 1-2 декабры ОБСЕ-йы цы саммит уыдис, уый ныридæгæн бирæтæ хонын райдыдтой историон. Фыццаджыдæр уый, æмæ уымæй размæ цы саммит уыдис, уæдæй фæстæмæ рацыдис 11 азы, дыккаджы та уый, æмæ уагъд æрцыдис Азийы.
Саммиты фæстиуæг ссис Астаны цы декларации ист æрцыдис, уый. Уым бафидаргонд æрцыдысты ОБСЕ бындурон принциптæ. Сагъæс æвзæрын кæны уый æмæ саммиты хайатджыты фылдæр хай хонынц. Фæлæ иттæг зæрдиагæй райсæн ис ахæм фактæн æмæ Астаны кæрон бæттæн кæй нæй формулировкæ «конфликт Гуырдзыстоны», кæд Гуырдзысдоны Хицæуæгад ууыл тынг архайдта, уæддæр.
Æнæуæлдай ныхасæй хæцын Уæрæсейы Федерацийы президент Д.А.Медведевы хъусынгæнинаджы фарс, кæцы ран дзырд цæуы, зæгъгæ, тынг ахсджиаг хъуыддаг у, конфликттæ æрбæсдон кæныны тыххæй багкуыстгонд æрцæуой иууон принциптæ, ахæмтæ, кæцыты æххæст кæной хицæн кæйдæрты æвзаргæйæ нæ, фæлæ се ппæт дæр, цæмæй та ногæй дзурын ма бахъæуа «дывæр стандарты» политикæйы тыххæй. Ацы сферæйы иумиаг хъуыдымæ æрцæугæйæ ,гæнæн ис æмæ тагъд рæстæджы аскуыддзаг æрцæуа ахæм фарст,зæгъгæ,цы у ахсджиагдæр паддзахады территориалон æнæхъæндзинад æви нациты барад,сæхи куыд фæнды, сæ цард афтæ саразын.

Фарст: Дæ хъуыдымæ гæсгæ ОБСЕ эффективон организации у, æви нæ æмæ хæссы йæ политикон æмæ экономикон хайбавæрд дунеон аххæстытæм?

Дзуапп: Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы уый æмæ ОБСЕ кæй у, æдасдзинадыл чи кусы, дунейы ахæм тынг стыр регионалон организации æмæ йын ницы ахаст ис экономикæйы фарстытæм. Уымæн йе сконды ис Европæйы, Цæгат Америкæйы æмæ Централон Африкæйы 56 бæстæты.
Фæнды мæ, цæмæй уын уæ зæрдыл æрлæууын кæнон ОБСЕ «уæд мА СБСЕ) саразын баст кæй уыдис иумиаг европæйаг æдасдзинады идеяйыл. Фæлæ ОБСЕ æдасдзинад æмæ эффективон дзинадыл ам,махмæ Хуссар Ирыстоны куы дзурæм, уæд уайтагъдæр нæ зæрдыл æрлæууы 2008 азы августы Гуырдзыйы агрессии. Уæд конфликты зонæйы ОБСЕ хъусдарджытæ доклад кодтой Гуырдзыстон йæхи кæй цæттæ кæны хуссар Ирыстонмæ бабаырсынмæ, уый тыххæй, фæлæ сæ докладтæ нæ фæхæццæ сты Æдзухон советмæ. Сæхæдæг та батагъд кодтой æвæдиагæй ацæуыныл. Бафиппайын мА хъæуы уый дæр æмæ Æдзухон совет абоны уонг дæр, нæ республикæйы цы рцыдис, уымæн æмбæлон аргъ нæма скодтой.