Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари
Хъыгагæн та радон хатт нысан кæнæм, Гуырдзыстоны кæйдæр территоритæм фæлгъауæнтыл æмæ æнæбындур амбицитыл æууæндгæйæ, ныгуылæйнаг коллегæтæ кæй тырнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн сæ бæстæйы хъысмæт хæдхъомæй бæрæг кæныны бар ницæуыл банымайынмæ, уый. Æвæццæгæн, Ныгуылæны растыл нымайынц, регионы сабырад æмæ сабырдзинадыл кусын нæ, фæлæ гуырдзиаг къухдариуæгады фыст, реалон хъуыддæгтæй иттæг дард «политикон штамптæй» пайда кæнын.
Хуссарирыстойнаг адæмы райрæзт æмæ бархъомысæй йæ хъуыды æвдысыны бартæ халæг фидиуæнтæ нымайæм политикон æвастбарыл æмæ суверенон паддзахады мидхъуыддæгты хи тыссыныл.
Республикæ Хуссар Ирыстон, кæцы абон нысан кæны 2001 азы 8 апрелы референдумы ист Конституцийы бон, йæ сæвзæрдæй ныры онг алыхатт дæр æвдыста йæ æнæаипп æнувыддзинад паддзахадон арæзты демократон принциптæм.
Фидарæй нæ уырны, сом, 9 апрелы та дунеон æмæхсæнад кæй суыдзæн Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибар æмæ демократон æвзæрстыты æвдисæн.
Цхинвал, 2017 азы 8 апрель