Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл дыууæ азы сæххæсты сæраппонд 2010 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцæудзысты бæрæгбонон мадзæлттæ.

2008 азы 26 август, Республикæ Хуссар Ирыстоны, дзырд дæр ыл нæй, ссис хъысмæтскъуыддзаггæнæг нымæцы агъоммæ ирон адæмы историйы уыдис сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад райсыны сæрыл тохы дыууын азы закъонбæрцон фæстиуæг.

Сабыр Цхинвалмæ 2008 азы 7-8 августы Гуырдзыстоны сырдон бабырст йæ фæдыл бынтондæр æнæххос адæймæгты мæрдтæ æмæ цæфтæ чи расайдта, агрессоры бафидауыны сразы кæныны сæраппонд Уæрæсейы архайдтытæ баххуыс сты дарддæры тугкалд æруромынæн æмæ ахъаз кодтой ситуации нормализации кæнынæн. Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсейы къухдариуæгады уынаффæ уыдис Хуссар Ирыстоны адæмы æдасдзинад чи сифтонг кодта, иунæг ахæм.

Уæрæсейаг-Хуссарирыстойнаг бастдзинæдтæн ис дæргъвæтин æмæ хъæздыг истори. Нæ адæмы нын иу кæнынц духовон æмæ культурон иудзинæдтæ, кæрæдзи уарзыны æнкъарынад, кæрæдзиимæ æнгом бастдзинад æмæ æмкуысткæнынадмæ тырнындзинад. Æнусты арфæй чи цæуы, уыцы кæрæдзимæ тырнындзинад историйы æппæт рæстæджыты дæр æмæ историйы цахæмфæнды фæсæттæнты дæр уыдис æнæфæивгæ.

Ацæугæ дыууæ азы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн стыр куыст бачындæуыдис æххæст аргъ кæнæн æрцыдис, ахæм æхсæнпаддзахадон ахастытæн.2008 азы 17 сентябры уæлдæр æмвæзадыл къухтæ фыст æрцыдысты хæлардзинады, æмкуысткæнынады æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны Бадзырдыл, кæцы бындур æрæвæрдта дывæрсыг бадзырдон-барадон базæйы дарддæры рæзтæн. Ныры онг къухтæ фыст æрцыдысты 30-æй фылдæр алыгъуызон æхсæнпаддзахадон, æхсæнхицауадон æмæ æхсæнведомствойон фидыдтыл.

Республикæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинад ифтонг кæнынмæ стыр хайбавæрд хæссы Хуссар Ирыстоны чи ис, уыцы уæрæсейаг æфсæддон контингент, кæцы йæ мисси æххæст кæны æмбæлон дывæрсыг бадзырдты бындурыл æмæ у сабыр царды гарант.

Хуссар Ирыстон фидыдады æмæ хæларсыхагон ахастыты политикæ реализации кæнгæйæ, цæттæ у йæ ахастытæ дунеон барады принциптæ æмæ кæрæдзийæн аргъ кæнынц бындурыл аразын æмæ разын кæнынмæ æппæт паддзахадтимæ. Паддзахаддзинад дарддæр фидар кæнын, демократион институты хуыздæр кæнын, социалон-экономикон инфраструктурæ сæндидзын кæнын сты адæмы сабыр, сфалдыстадон цардмæ раздахыны сæйраг приоритет.

Уыимæ иумæ ма, хъыгагæн, фæстаг рæстæджы официалон Тбилисы ‘рдыгæй арæхдæр хъуысы «тоталон хихъахъхъæнынадмæ», Хуссар Ирыстоны адресыл æртхъирæнтæ æмæ æнæбындур бафæлвæрдтытæ Хуссар Ирыстоны цы цæуы, уыдон зыгъуыммæ æвдисынмæ. Гуырдзиаг Минæвæрттæ, проблемæты бынтон æндæргъуызон æвæргæйæ, сæхи сæрмагонд тæригъæдтæ архайынц Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æвæрынмæ æмæ уымæй здухынц ретоны æндыгъддзинады.

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый у Хуссар Ирыстоны дунеон банымады процессы райдиан. Мах бузныг стæм Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымадта, æппæт уыцы бæстæтæй, бæрнон уынæффæтæ кæй райстой æмæ нæ уырны, ацы банымайыны процесс кæй ахъаз кæндзæнис ретоны дарддæр дæр сабырад æмæ æдасдзинад кæнынæн.

Хуссар Ирыстоны уырнындзинад зæгъынц ахсджиаг историон цауы – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерации кæй банымадта, уый дыккаг азы бæрæгбонкæнын, кæй суыдзæнис дыууæ бæстæйы æмæ адæмты дарддæр дæр æввахс кæнынæн, ратдзææнис ног импульс дыууæфарсон кæрæдзийæн пайдайы æмкуысткæнынады рæзтæн.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты
Пресс-службæ