Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

10 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегаци Президент Бибылты А.И. сæргълæудæй ацыд г.Донецкмæ Донецкы Адæмон Республикæ расидыны æртыккаг азы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны охыл.


11 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты А.И. æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы Президент Захарченко А.В. сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй бадзырдыл.

Бадзырдмæ гæсгæ дарддæргонд цæудзæн æмахастыты райрæзт политикон, экономикон, социалон, культурон æмæ æндæр кæрæдзийæн цымыдис чи у, ахæм къабæзты.

Уыцы бон ма Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты М.К. æмæ Никанорова Н.Ю. сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæн дипломатон ахастытæ саразыны тыххæй Суагъæйыл.


Цхинвал, 2017 азы 11 май