Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



2 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Д.Н. йæхимæ райста къорд абитуриентты, кæцытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад радта ахуыры рекомендаци УФ ФХМ Дипломатон Академимæ.


Ныхасы рæстæджы Медойты Димитр бæстонæй æрдзырдта УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацы кадджын уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуырмæ бацæуыцы æмæ дзы ахуыр кæныны уавæртыл. Радта бæстон дзуаппытæ абитуриентты фарстатæн æмæ сын зæрдæ бавæрдта, Министрад лæмбынæгæй йæ хъус кæй дардзæн, Уæрæсейы Федерацийы æддагон-политикон хаххыл чи ахуыр кæны, уыцы студенты æнтыстытæм.

УФ ФХМ Дипломатон Академимæ бацæуыны тыххæй цы конкурсон фæлварæнтæ хъуамæ рацæуой, уый фæдыл Медойты Д.Н. абитуриенттæн æнтыстыты арфæ ракодта.


Цхинвал, 2017 азы 2 июнь