Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты пресс-службæйы хъусынгæнинаг



22 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Медойты Димитр йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Минæварады Комитеты Сæргълæууæг Фаррух Исломовы.


Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Минæварад Хуссар Ирыстоны цы архайд кæны, уыцы фарстатыл. Сырх Дзуары Минæварады Сæргълæууæг радзырдта Министрæн организаци гуманитарон проблемæтæ куыд скъуыддзаг кæны, уый сæйраг здæхтыты тыххæй æмæ организацийы пъланты тыххæй æввахс периоды.

Банысангонд æрцыд Æбæрæгæй сæфтыты агурыны Æртæварсон координацион механизмы куысты ахсджиагдзинаг.

Фаррух Исломов ма Медойты Димитрæн раарфæ кодта министры бынатмæ нысангонд кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн Комитеты архайдæн æнæсцух æххуысы тыххæй.

Медойты Д. иумæйагæй æвæрццаг аргъ скодта МККК-йы гуманитарон архайдæн Хуссар Ирыстоны рацæугæ азты дæргъы æмæ ныфс бавæрдта дарддæры æнтыстджын æмархайдæй.


Цхинвал, 2017 азы 22 июнь