Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг



13 июны Цхинвалы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры номæй Министрады сæвзæрды 25 азы цытæн уагъд æрцыд цытджын райст. Мадзалы хайад райстой РХИ Президент Бибылты Анатоли, РХИ премьер-министр Пухаты Эрик, РХИ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвæрттæ: УФ – Карджиаты Эльбрус, Абхазы – Елбачиты Алан, ДМР – Коцты Егор æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.


Уазджытæн арфæйы ныхас загъта æддагон-политикон уагдоны Сæгълæууæг Медойты Димитр. Йæ раныхасы уый банысан кодта, 25 азы размæ арæзт дипломатон службæ йæ куысты фыццаг бонтæй, зын уавæрты, кæй сси паддзахадæн куыд йæ мидæггагон, афтæ йæ æддагон политикон процессты активон хайадисæг, уый.

Арфæйы ныхас загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый стыр аргъ скодта æддагон-политикон уагдоны архайдæн æмæ равдыста уырнындзинад, уæвæг политикон реалиты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дарддæр дæр æнтыстджынæй кæй скъуыддзаг кæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ националон интересты вазыгджын æддагон-политикон фарстатæ.

Райст ацыд хъарм æмæ хæларадон атмосферæйы.


Цхинвал, 2017 азы 14 июнь