Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Чехойты А. комментарий паддзахадон информацион агентад «Рес»-æн

Хъыгагæн, констатации кæнын ахæм факт æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн йæ бон нæ бацис, цæмæй йæхицæн хатдзæгтæ сарæзтаит 2008 азы августы трагикон цауты фæстæ.

Уымæ гæсгæ иттæг серьезон катайдзинад æвзæрын кæны Гуырдзыстоны президент М. Саакашвили хъусынгæнинаг «тоталон хъахъхъæнынадмæ» хи бацæттæ кæнын, кæцыты сарæзта 28.07.2010 азы гуырдзиаг телеуынынады комкоммæ эфиры. Гуырдзыстоны президентæн йæ хъусдарды акцент уыдис æмбæстагон хъахъхъæнынады системæ саразынмæ, банысан кодта, зæгъгæ алы хъæу æмæ горæт дæр хъуамæ зоной сæхи бахъахъхъæнын, афтæ ма дзырдта сæрмагонд къордтæ саразыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй æмбæлон цæттæдзинад æмæ æмбæлон ифтонгады дзаумæттимæ.

Ам ирдæй зыны уый æмæ æрæджы Гуырдзыстонмæ АИШ паддзахадон секретарь Хилари Клинтон кæй æрцыдис æмæ йæ дзырдтæ «Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинад æмæ деокупаци фæзæрдæджын кодтой Гуырдзыстоны къухдариуæгады «ног хъайтарон хъуыддæгтæм» Гуырдзыстоны президент Гуырдзыстоны гарзджын тыхты раз цы хæстæ рæвæрдта, уыдонæн хæстон реваншмæ бафæлвæрдæй дарддæр æндæргъуызон аргъ нæй скæнын Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй.

Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстонимæ тыхæй ма спайда кæныныл кæй не сразы, уымæ гæсгæ ахæм хъусынгæнинæгтæ цырддзысдзинад? хъуамæ æвзæрын кæной, цæмæй регионы сабырад æмæ стабилондзинад уа, уый кæй фæнды, уыдонмæ.

г. Цхинвал,
29.07.2010 аз.