Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъуысынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат 14 январы йæхимæ райста Республикæ Хуссар ирыстоны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварады сæргълæууæг Пухаты А.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдоваг Респуликæйы дывæрсыг æмкуысткæнынады фарстатыл æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастыты дарддæры перспективæтыл.

г. Цхинвал
14 январь 2011 азы