Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. Комментарий информацион агентад «Рес»-æн.

Гуырдзыстоны президенты пресс-спикер Манана Манджгаладзе куыд фехъусын кодта, афтæмæй Гуырдзыстон фæнд кæны, цæмæй ОБСЕ декабры Саммиты равæра фарст бæстæмæ хъусдарæджы охыл ОБСЕ Мисси раздахыны тыххæй. Гуырдзыстоны хицауады ацы нысаны тыххæй ноджы конкретондæрæй та загъта Гуырдзыстоны фæфарайнагхъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, официалон Тбилисимæ «ис стыр цымыдисдзинад, цæмæй ОБСЕ исты пайдатимæ раздаха фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æмæ сын фадат уа Гуырдзыстоны оккупацигондтерриторийыл мониторинг æххæст кæнынæн».

Комментариты тыххæй мах бахатыдыстæм Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарайнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Муратмæ.

– Гуырдзыстоны ОБСЕ Мисси уа æви нæ, уыцы фарст, сæйраджыдæр, у, æппæт уынаффæтæ дæр консенсусæй чи исы, уыцы организацийы æмæ Гуырдзыстонæн йæхи хъуыддаг. Æз афтæ нæ нымайын æмæ комментарий кæнын нæ хъæуы ОБСЕ уæнг Гуырдзыстоны ахастытæн ацы организациимæ. Æндæр хъуыддаг у уый æмæ Гуырдзыстоны ОБСЕ кæцыфæнды уæвынадæн дæр ницы ахаст ис йемæ сыхаг хæдбар паддзахады Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ. Æмæ ахæм планы саразæн ис иуæй-иу комментаритæн. ОБСЕ 1992 азы декабрæй 2008 августы онг гуырдзиаг хайад иста ирон конфликт æрбæстон кæныны. Цхинвалы йын уыдис йæхи офис. Фæлæ 2008 азы
Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы фæстæ ОБС Е мандат Хуссар Ирыстоны уæдмæ цахæм уыдис, уый фæцис. Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы уый æмæ гуырдзиаг агрессийы рæстæджы ОБСЕ минæвæрттæ æмæ сæ архайд, растдæр зæгъгæйæ та сæ ницы архайд йæ фæдыл расайдта бирæ рæстæг уайдзæфтæ.

Фæлæ уæддæр ОБСЕ ахсджиаг дунеон организаци кæй у, уый зæрдыл даргæйæ, Хуссар Ирыстоны хицæуттæ 2008 азы августы фæстæ цалдæр хаты ОБСЕ къухдариуæгадмæ хатыдысты, цæмæй аркастаиккой дарддæры æмкуысткæнынады фарстмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы Хуссар Ирыстоны Республикæ нымад кæй у, уый хынцгæйæ.

Гуырдзыстоны хицæуттæ дунеон организациты уæнгтæ кæй сты, уымæй пайда кæнгæйæ, фæлварынц, цæмæй сæ хъуыды ацæуа сæ фæндондзинад, цæй Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны сконды цæмæй уа, уый æцæгдзинадыл. Æцæгæй та Хуссар Ирыстоны нæу Гуырдзыстоны хай æмæ Гуырдзыстоны кæцыфæнды организацийы архайд парахатгонд нæ цæуы Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уыимæ иумæ ма, ноджыдæр ма йæ зæгъон, нæ республикæ цæттæ у намысджын, æмбар диалогмæ, уыцы нымæцы ОБСЕ-имæ дæр. Банысан кæндзынæн уый æмæ тагъд рæстæджы кæй æнхъæлмæ кастæуы националон къаддæр чи сты нымæцæй уыдон фæдыл ОБСЕ Уæлдæр къамисары визитмæ, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзæнис Владикавказæй.

2010 азы 28 октябрь