Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Гуырдзыстоны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны арæныл цæрæн пункт Перевийæ Уæрæсейы арæнхъахъхъæнæг посты ракæныны тыххæй

Хæларзæрдæйы уавæрты Уæрæсейы ‘рдыгæй фарс Хуссар Ирыстоны территоримæ ракодта Перевийы хъæумæ ‘ввахс ын чи уыдис (РХИ æмæ Гуырдзыстоны ныгуылæн арæн), йæ уыцы арæнхъахъхъæнæг посты. Уымæ цæттæгонд цыдис серьезон æгъдауæй. Уæрæсейы Æуасдзинады федералон службæйы хаххыл хæххон, зынбафтæн кæдæм у, уырдæм арæзт æрцыдис, йæ даргъ 10 километры кæмæн у, ахæм иувæрсты ахизæн фæндаг. Уый Карзманы комы иу кæны Хуссар Ирыстоны иннæ территориимæ æмæ ахсджиаг у бынæттон цæрæг ирæтты ифтонг кæнынæн.

Нæ арæнхъахъхъæнджыты иу ранæй иннæ ранмæ акæныны сæйраг параметры тыххæй рагацау бадзырд æрцыдис Евроцæдисæн Гуырдзыстоны цы мониторингон Мисси ис, уый къухдариуæгадимæ. Мах бафидар кодтам нæ зæрды кæй ис боны фæткæй ацы фæстаг рæстæджы бирæ хæттыты дзырд кæуыл цыдис ныгуылæны партнерты ‘рдыгæй уыцы техникон проблемæ ахæм дзырдæй æмæ Евроцæдисы ‘рдыгæй арæны гуырдзиаг фарсы тыххæй лæвæрд æрцæуа æдасдзинады фидар гарантии, афтæ ма Миссийы къухдариуæгад хъуамæ ауадза æмбæлон «хъомыладон» куыст Тбилисимæ, цæмæй иуварс æрцæуой гæнæнуæвæг провокацитæ. Ахсджиаг уыдис, цæмæй хи бахызтæуыдаит 2008 азы декабры цауты сфæлаттæй уырыссаг посты бархийæ ракæныныл цыдис бафæлвæрд, фæлæ нæ рауадис, уымæн æмæ уæрæсейаг æфсæддонслужбæгæнджыты ацыдис фæстæ Переви æвæстиатæй бацахстой Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты сæрмагонд нысаны стыр тыхтæ æмæ Гуырдзыстоны пропагандæ хъуыддаг афтæ ракодта, цыма сæ къухты бафтыдис «стыр уæлахиз». Уæд Карзманы комы чи цардис, уыцы хуссарирыстойнæгтæн фæзындис реалон тæссагдзинад æмæ нæ арæнхъахъхъæнджыты бахъуыдис фæстæмæ аздæхын.

Евроцæдисы миссийы ‘рдыгæй фарс нын лæвард æрцыдысты æнæмæнгкъæуæг ныфсытæ. Уæрæсейы арæнгæрон посты аконд ацы хатт цыдис Евроцæдисы хъусдарджыты дæр уыдысты уым афтæмæй Гуырдзиаг полицийы чысыл дæлхайы ‘рдыгæй нæ уыдис ныхмæлæууынад. Евроцæдисы мисси Перевийы ситуацийыл контрол ифтонг кæндзæнис йæ хъухдарджыты тыххæй районы стабилизаци цалынмæ уа, уымæй, æппынкъаддæр цалдæр къуырийы дæргъы.

Ныфс нæ ис Уæрæсейы ‘рдыгæй ацы къахдзæф, кæцы здæхт у æндыгъдад фæлæмæгъдæр кæнынмæ Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны арæнтыл, кæй йын уыдзæнис адекватон æмæ конструктивон реакци Гуырдзыстоны æмæ дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй.

Перевийы цæрæн пунтæй уæрæсейаг арæнгæрон пост ракæнынæй махæн кæронмæ æхгæд æрцыдис мæнгæй захдгонд чи ‘рцыдис, цыма не ‘ххæд кæнæм Д.А. Медведев – Н. Саркозийы бадзырды фарст.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы арæнтæ ныфсджынæй хъахъхъæнынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ, ацы паддзахадтимæ 2009 азы 30 апрелы цы дывæрсыг фидыд æрцыдис арæзт уый бындурыл.

2010 азы 19 октябрь