Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры арфæйы тел Сент-Винсент æмæ Гренадины фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ базарады министрмæ Сен-Винсент æмæ Гренадины хæдбардзинады боны цытæн

Сент-Винсенты æмæ Гренадины паддзахады хæдбардзинады Боны цытæн, кæцы нысангонд цæуы 27 октябры, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. арфæйы тел арвыста Сен-Винсентайы æмæ Гренадины Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Йæ Бæрзонддзинад Луис Хилтон Стрейкермæ.

Телы дзырд цæуы:

«1979 азы 27 октябры хæдбардзинад банымайыны Бон, кæцы ссис закъонбæрцадон фæстиуæг Сент-Винсенты æмæ Гренадины адæмы бирæнусон тохы фæстиуæг сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд тохты бындур нывæрдта Дæ паддзахады сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрибар рæзтæн.

Абон Дæ бæстæ æмбæлы кадджын боныл, чи сырæзтис ахæм паддзахадимæ æмæ уæзгæ регионалон партнеримæ, кæцы йæ адæмæн аразы аккаг фидæн æмæ ныфсдзинадимæ дунеон æмæхсæнады фидар кæны йæ позицитæ.

Ацы бæрæгбонон боны мын бар радт Дæ Бæрзонддзинадæн æмæ Дæ адæмæн – Сен-Винсенты æмæ Гренадины адæмæн хорздзинæдтæ, æппæт хъуыдæгты дæр æнтыстытæ, дидинрафтыд æмæ сабырдзинад».

Цхинвал
2010 азы 27 октябрь