Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады æхсæн капитал бавæрды æмæ хъахъхъæныны тыххæй

Дарддæр Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы кæй хуындæуы, уыцы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад, æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад


иу Бадзырдзаразæг Фарсы паддзахады территорийыл иннæ Бадзырдзаразæг Фарсæн йæ паддзахады инвестортæн капитал бавæрыны бакæныны тыххæй æмбæлон уавæртæ аразынмæ тырнгæйæ,

ацы Фидыды бындурыл капитал бавæрыны иумæ разæнгард кæнын æмæ хъахъхъæныны хъуыддаг кæй стимуляци кæндзысты капиталы æрбацыд æмæ иумиаг базарадон-экономикон æмæ зонадон-техникон æмгуыстады райрæзт нымайгæйæ,

сразы сты дæлдæр ранымайгæ хъуыддæгты:

1 Уац

Бæрæггæнæнтæ

Ацы Фидыды пайдагонд æмбарынæдтæ нысан кæнынц:

а) «капитал бавæрд» - исадон мулчы алы хуызтæ, кæцытæ иу Бадзырдаразæг Фарсы инвестортæ æвæрынц иннæ Бадзырдаразæг Фарсы территорийыл фæстаг Бадзырдаразæг Фарсы закъондæттынадмæ гæсгæ, сæрмагондæй:

змæлгæ æмæ æнæзмæлгæ исад, æмæ ма исадон бартæ, уыдон нымæцы ипотекæ, армдарын, фидарад;

акцитæ, бавæрдтæ æмæ организациты æмæ кондæдты капиталы хайон хайадисты æндæр формæтæ, æмæ облигацитæ;

экономикон æргъадтæ сарæзты тыххæй бавæрд æхцайон фæрæзтæ домыны бар, кæнæ бадзырдтæм, кæцытæн ис экономикон æргъад æмæ кæцытæ баст сты инвестицитимæ;

интеллектуалон исады объекттыл уæлвæткон бартæ, уыдон нымæцы авторон бартæ, патенттæ, сæудæджерадон хуызæгтæ, пайдайон моделтæ, товарон нысæнттæ æмæ лæггæдты нысæнттæ, технологи, коммерцион аргъад кæмæн ис, ахæм информаци, æмæ ноу-хау;

амалиуæгадон архайд æххæст кæнынæн бартæ, кæцытæ лæвæрд цæуынц дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахæдты закъондæттынады бындурыл, кæнæ бадзырдтæ, кæцытæ арæзт æрцыдысты дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахæдты закъондæттынадмæ гæсгæ, кæцытæ баст сты сæрмагондæй æрдзон ресурсты басгæрст, бакуыст, æрæфтиаг æмæ эксплуатаци.
капитал бавæрды формæйы никæцы аивд нæ æндавы сæ квалификацийыл куыд инвестицитæн, кæд ахæм ивындзинад нæу инвестицитæ кæй территорийыл уыдысты арæзт, уыцы Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады закъондæттынадмæ ныхмæвæрд.

æ) «инвестор» - цыфæнды физикон кæнæ юридикон адæймаг Бадзырдаразæг Фарсæй, кæцы аразы инвестицитæ иннæ Бадзырдаразæг Фарсы территорийыл, фæстаг Бадзырдаразæг Фарсы закъондæттынадмæ гæсгæ;

«физикон цæсгом» - цыфæнды адæймаг, кæцы у Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады æмбæстаг йæ закондæттынадмæ гæсгæ;
«юридикон цæсгом» - цыфæнды организаци, кæцы арæзт кæнæ конд у Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ;

б) «æфтиæгтæ» - инвестицитæй ист фæрæзтæ, сæрмагондæй, æфтиаг, дивиденттæ, проценттæ, лицензион æмæ æндæр æфтиæгтæ;

в) «территори» - Республикæ Хуссар Ирыстоны территории кæнæ Уæрæсейы Федерацийы территории.

Уæрæсейы Федерацийы ма ацы термин нысан кæны йæ сæрмагонд экономикон зонæ æмæ континенталон шелф, кæцытæ бæрæг сты Иугонд Нациты Организацийы 1982 азы 10 декабры денджызон барадмæ гæсгæ.

г) «закондæттынад» - Республикæ Хуссар Ирыстоны закъæттæ æмæ æндæр нормативон барадон акттæ кæнæ Уæрæсейы Федерацийы закъæттæ æмæ æндæр нормативон барадон акттæ.

2 Уац

Фидыды архайды сферæ

Ацы Фидыдæй пайдагонд цæуы æппæт капитал бавæрдтæм, кæцытæ арæзт æрцыдысты 1992 азы 1 январæй райдайгæйæ иу Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады инвестортæй иннæ Бадзырдаразæг Фарсы территорийыл, фæстаг Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ. Ацы Фидыд нæ цæуы пайдагонд хъаугъатæм, кæцытæ фæзындысты, цалынмæ йæ тыхы бацæуа, уæдмæ.

3 Уац

Инвестициты хъахъхъæд

1. Алы Бадзырдаразæг Фарс дæр тырны иннæ Бадзырдаразæг Фарсы инвестортæн хæрзгъæд уавæртæ саразынмæ фыццаг Бадзырдаразæг Фарсы территорийыл инвестицитæ саразынæн æмæ уадзы ахæм инвестицитæ йæ паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ.

2. Алы Бадзырдаразæг Фарс дæр йæ паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ ифтонг кæны йæ территорийыл иннæ Бадзырдаразæг Фарсы инвестортæн æмæ инвесторты æфтиæгтæн æххæст барадон хъахъхъæд.

4 Уац

Капитал бавæрыны режим

1. Алы Бадзырдаразæг Фарс дæр йæ территорийыл ифтонг кæны иннæ Бадзырдаразæг Фарсы инвесторты æфтиæгтæн æмæ капитал бавæрдтæн, кæцытæ хауынц ахæм капитал бавæрдтæн æмæ æфтиæгтæн хицауиуæг кæнын, пайда сæ кæнын æмæ сын уаг дарын, рæстаг æмæ æмбар режим.

2. Ацы уацы 1 пункты амынд режим хъуамæ къаддæр хæрзгъæд ма уа иннæ режимæй, кæцы дæтты Бадзырдаразæг Фарс йæхи паддзахады капитал æвæрдтæн æмæ инвесторты æфтиæгтæн, кæнæ æртыккаг бæстæйы инвестицитæн æмæ инвесторты æфтиæгтæн, инвесторты хъуыдымæ гæсгæ сæ чи у хæрзгъæддæр, уымæ гæсгæ.

3. Алы Бадзырдаразæг Фарсæн дæр бар ис йæ паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ иннæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады капитал бавæрдтæн æмæ инвесторты æфтиæгтæн ахæсгæ режимæй сист бакæнын æмæ дзы спайда кæнын, кæцы лæвæрд цæуы сæхи паддзахады капитал бавæрдтæн æмæ инвесторты æфтиæгтæн, кæцытæ банысангонд сты ацы уацы 2 пункты.

4. Ацы уацы уагæвæрдтæ хæрзгъæддæр режимы тыххæй ма хъуамæ цæуой æмбæрстгонд афтæ, æмæ иу Бадзырдаразæг Фарс уа хæсджын иннæ Бадзырдаразæг Фарсы инвестицитыл æмæ инвесторты æфтиæгтыл парахат кæна цыфæнды режимы уæлидзинæдтæ, преференцитæ æмæ привелегитæ, кæцытæ лæвæрд цæуынц кæнæ гæнæн ис æмæ фидæны лæвæрд æрцæуой фыццаг Бадзырдаразæг Фарсы æрдыгæй:

а) йæ хайадистимæ баст сæрибар базарады зонæйы, таможнæйон цæдисы, валютон цæдисы, иумийаг базары æмæ цыфæнды аналогон экономикон интеграцион арæзтæдты кæнæ цыфæнды дунеон фидыдты, кæцытæй рæзы ахæм цæдистæ кæнæ арæзтæдтæ;

æ) дывæр фидтонæвæрдæй фæиппæрд кæныны фидыды кæнæ фидтонæвæрды æндæр фарстаты тыххæй бадзырдты бындурыл.
Ацы Фидыды 5, 6 æмæ 9 уацты уагæвæрдтæн æнæ зианæй дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй иу дæр нæу хæсджын ацы Фидыдмæ гæсгæ ифтонг кæна ацы Бадзырдаразæг Фарсæй ифтонггонд режимæй хуыздæр, кæцы у йæ хæсистытæм гæсгæ Æппæтдунеон базарадон организацийы (ÆБО) Фидыдмæ гæсгæ 1994 азы 15 апрелæй, уый нымæцы хæсистытæ лæггæдтæй базарады тыххæй Генералон Фидыдмæ гæсгæ (ЛБГФ), æмæ ма бирæварсон бадзырдмæ гæсгæ, кæцы хауы ивестициты режиммæ, кæцыйы хайадисджытæ сты дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахадтæ.

5 Уац

Экспроприаци

1. Иу Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады инвесторты инвестицитæ, кæцытæ сты баконд иннæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады территорийыл, æмæ ахæм инвесторты æфтиæгтæ ма хъуамæ цæуой комкоммæ кæнæ фæрссаг хуызы экспроприацигонд, национализацигонд кæнæ ма хъуамæ уой эспроприацийы кæнæ национализацийы (дарддæр – экспропираци) фæстиуджыты хуызæн мадзæлтты амæттаг, уæлвæткон сты уавæртæ, кæцы ран экспроприаци баконд цæуы æхсæнадон интересты тыххæй иннæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ, æрмæстдæр кæд экспроприаци нæу дискриминацион æмæ баст у тагъд, адекватон æмæ эффективон компенсацийы бафыстимæ.

2. Компенсаци хъуамæ уа экспроприацигонд инвестициты базарадон аргъы хуызæн, кæцы у экспроприацийы датæмæ, кæнæ экспроприаци æппæтзындгонд куы сси, уыцы дæтæйы агъоммæ, цы хабар сæ æрцыд раздæр, уымæ гæсгæ. Компенсаци фыст цæуы æвæстиадæй сæрибарæй конвертгæнæн валютæйы æмæ ацы Фидыды 7 уацмæ гæсгæ сæрибарæй æрвыст цæуы инвестицитæ цы Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады территорийыл уыдысты баконд, уырдыгæй фæсарæнтæм. Экспроприацийы датæйæ компенсацийы бафысты фактон датæмæ компенсацийы суммæмæ æфтыд цæуынц проценттæ коммерцион ставкæйыл, кæцы бæрæггонд цæуы базарадон бындурыл, фæлæ ЛИБОРы ставкæтæй къаддæр нæ æхсæзмæйон кредиты АИШы долларты.

6 Уац

Зианы баххæст

Иу Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады инвестортæн, кæцыты инвестицитæн кæнæ æфтиæгтæн цæуы зиан иннæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады территорийыл хæсты, хæстон архайдты, революцийы, змæстыты, æмбæстæгон змæстыты фæстиуæгæн, уæлвæткон уавæр бакæныны кæнæ аналогон уавæрты фæстиуæгæн фæстаг Бадзырдаразæг Фарс аразы паддзахады территорийыл, уæд ахæм зиан æрхæссыны тыххæй иннæ Бадзырдаразæг Фарс фиды цыфæнды æндæр æртыккаг паддзахады инвестортæн кæнæ йæхи инвестортæн цы компенсаци бакæны, ахæм бафысты хæрзгъæд режим.

7 Уац

Фиддонты арвыст

1. Алы Бадзырдаразæг Фарс дæр гаранти дæтты иннæ Бадзырдаразæг Фарсы инвестортæн сæ фидтонон æмæ фыццаг Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ æндæр хæсистытæ сæххæст кæныны фæстæ сæ инвестицитимæ баст бафыстыты фæсарæнтæм æнæбахъыгдаргæ арвыст, сæрмагондæй:

а) инвестицитæ бафидар кæныны æмæ рауæрæх кæныны тыххæй спайдагонд фыццагон каптал кæнæ цыфæнды æндæр уæлæмхас фæрæзтæ;

æ) æфтиæгтæ;

б) фæрæзтæ, кæцытæ фыст цæуынц кредитты æмæ райстыты тыххæй, кæцытæ нымад сты дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй дæр куыд инвестицитæ, афтæ, æмæ ма банымад проценттæ;

в) фæрæзтæ, кæцытæ инвестор райста инвестициты æнæхъæн кæнæ хай ликвидаци кæнæ ауæйы руаджы;

г) фæрæзтæ, кæцытæ инвестор райста компенсацийы хуызы, зиан бафидыны хуызы кæнæ регуляцийы æндæр хуызы ацы Фидыды 5 æмæ 6 уацтæм гæсгæ;

гъ) куыстмызд æмæ æндæр бафыстытæ, кæцытæ исынц инвестор æмæ иннæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады æмбæстæгтæ, кæцытæн инвестицитæ бакæныны тыххæй ис фыццаг Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады территорийыл кусыны бар;

д) фиддонтæ, кæцытæ фæзынынц ацы Фидыды 9 уацмæ гæсгæ хъаугъатæ регуляци кæныны фæстиуæгæн.

2. Ацы уацы 1 пункты амынд фиддонты арвыст баконд цæуы æвæстиатæй цыфæнды сæрибарæй конвертгæнæн валютæйы инвесторы равзæрстмæ гæсгæ базарадон баивдон курсмæ гæсгæ, кæцы у арвысты датæйы инвестицитæ цы Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады территорийыл сты баконд, уый закъондæттынадмæ гæсгæ.

8 Уац

Суброгаци

Кæд æмæ иу Бадзырдаразæг Фарс кæнæ йæ æххæстбар орган дæтты йæ паддзахады инвесторæн финансон гаранти æнæкоммерцион тæссагдзинæдтæй бахъахъхъæныны тыххæй, кæцы баст у ахæм инвесторы инвестицитимæ иннæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады территорийыл æмæ фиды инвесторæн амынд гарантийы бындурыл, уæд фæстаг Бадзырдаразæг Фарс нымайы фыццаг Бадзырдаразæг Фарсы кæнæ йæ æххæстбар органы сфæрæз суброгацийы фæткы хуызы ацы инвесторы æппæт бартæ æмæ домæнтæ. Уыимæ иумæ фыццаг Бадзырдаразæг Фарсмæ кæнæ йæ æххæстбар органмæ инвесторы бартæ æмæ домæнтæ хизынц суброгаци аразыны рæстæджы инвестормæ цы гуырахсты уыдысты, ахæм бæрцы. Ахæм бартæ æмæ домæнтæ арæзт цæуынц фыццаг Бадзырдаразæг Фарсæй кæнæ йæ æххæстбар органæй ацы Фидыдмæ гæсгæ æмæ цы паддзахады территорийыл уыдысты конд инвестицитæ, уыцы Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады территорийыл.

9 Уац

Быцæуты скъуыддзаг кæнын иу Бадзырдаразæг Фарс æмæ иннæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады ивесторы æхсæн

1. Быцæутæ иу Бадзырдаразæг Фарс æмæ иннæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады инвесторы æхсæн, кæцытæ фæзынынц уыцы инвесторы инвестицитимæ фыццаг Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады территорийыл, уыдон нымæцы быцæутæ, кæцытæ хауынц компенсациты бафысты бæрц, уавæртæ кæнæ фæткмæ æмæ базиангонды баххæстмæ ацы Фидыды 5 æмæ 6 уацтæм гæсгæ, кæнæ та фиддонты арвысты фæтк, кæцы ис ацы Фидыды 7 уацы, райхæлгонд цæуынц гæнæн уæвгæйæ бадзырдты руаджы.

2. Кæд быцæуæн нæй аскъуыддзаггæнæн бадзырдты руаджы æхсæз мæйы дæргъы дыууæ Быцæугæнæг Фарсæй сæ иу цы бон рарвыста фыст хуызы куырдиат быцæу аскъуыддзаг кæныны тыххæй бадзырдты руаджы, уæдæй, уæд гæнæн ис æмæ лæвæрд æрцæуа æркастмæ инвесторы равзæрстмæ гæсгæ:

а) кæй территорийыл сты баконд инвестицитæ, уыцы Бадзырдаразæг Фарсы паддзахады компетентон тæрхондонмæ;

æ) арбитражон тæрхондонмæ ad hoc, кæцы арæзт у æмæ кусы Баиугонд Нациты организацийы Къамисы дунеон базарады бартæм Арбитражон регламентмæ гæсгæ.

б) Дунеон центр инвестицион быцæуты регуляци кæныны фæдыл, кæцы арæзт у инвестицион быцæуты регуляци кæныны фæдыл паддзахадты æмæ физикон кæнæ юридикон адæймæгты æхсæн, кæцыйыл къухтæ фыст æрцыди. Вашингтоны 18 марты 1965 азы, быцæутæ райхалыны тыххæй уыцы Конвенцийы уагæвæрдтæм гæсгæ (кæд уыцы Конвенци йæ тыхы бацыд дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахаты дæр) кæнæ инвестицион быцæуты регуляци кæныны фæдыл Дунеон центры Уæлæмхас фæткойтæм гæсгæ (кæд уыцы Конвенци иу Бадзырдаразæг Фарсы паддзахадæн кæнæ сæ дыууæйæн дæр йæ тыхы нæ бацыд, уæд).

3. Ацы уацмæ гæсгæ æвзаргæ быцæуы фæдыл рахæсгæ уынаффæ у кæронбæттæн æмæ у быцæуы дыууæ фарсæн дæр æнæмæнгхъæуæг. Алы Бадзырдаразæг Фарс дæр ифтонг кæны ахæм уынаффæйы сæххæст йæ паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ.

10 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æхсæн быцæутæ скъуыддзаг кæнын

1. Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æхсæн быцæутæ ацы Фидыд æмбарыны кæнæ дзы пайда кæныны тыххæй скъуыддзаг цæуынц гæнæн уæвгæйæ консультациты æмæ бадзырдты руаджы дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æхсæн.

2. Кæд быцæуæн нæй аскъуыддзаггæнæн консультациты кæнæ бадзырдты руаджы æхсæз мæйы дæргъы дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй сæ иу цы бон рарвыста фыст хуызы куырдиат быцæу равзарыны тыххæй бадзырдты руаджы, уæдæй, уæд кæцыфæнды Бадзырдаразæг Фарсы домæнмæ гæсгæ лæвæрд цæуы æртыккагон тæрхоны æркастмæ.

3. Æртыккагон тæрхон арæзт цæуы алы хъуыддагæн дæр хицæнæй, уый тыххæй алы Бадзырдаразæг Фарс дæр нысан кæны æртыккагон тæрхоны иу уæнг дыууæ мæйы дæргъы дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй иу иннæ Бадзырдаразæг Фарсмæ æртыккагон тæрхоны тыххæй куырдиат кæд барвита, уæдæй. Стæй æртыккагон тæрхоны уыцы дыууæ уæнджы равзарынц æртыккаг паддзахады æмбæстаджы, кæцы дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы разыйæ æвзæрстгонд цæуы æртыккагон тæрхоны сæрдарæй æртыккагон тæрхоны иннæ дыууæ уæнгæй фæстаджы снысан кæныны бонæй иу мæйы дæргъы.

4. Кæд ацы уацы 3 пункты амынд æмгъуыдмæ хъæуæг снысангæнинæгтæ конд не'рцыдысты, æмæ кæд дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æхсæн æндæр бадзырдтæ нæй, уæд дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй алкæцыйæн дæр йæ бон у бахата Дунеон тæрхондоны сæрдармæ куырдиатимæ, цæмæй ахæм нысан æрцæуа конд. Кæд Дунеон тæрхондоны сæрдар у дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахадтæй сæ иуы æмбæстаг, кæнæ æндæр аххосагмæ гæсгæ йæ бон нæу амынд куырдиат сæххæст кæнын, уæд хъæуæг снысангæнинæгтæ хъуамæ сараза Дунеон тæрхондоны сæрдары хæдивæг. Кæд Дунеон тæрхондоны сæрдары хæдивæг дæр у дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй иуы паддзахады æмбæстаг, кæнæ исты æндæр аххосæгтæм гæсгæ йæ бон нæу сæххæст кæнын амынд куырдиат, уæд хъæуæг снысангæнинæгтæ хъуамæ бакæна йæ фæдыл хистæрдæр Дунеон тæрхондоны уæнг, кæцы нæу дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахадты æмбæстаг, кæцыйæн нæй æндæр исты аххосæгтæ, кæцытæ йæ хъыг дарынц амынд куырдиат сæххæст кæнын.

5. Æртыккагон тæрхон хæссы йæ уынаффæ хъæлæсты фылдæры бындурыл. Ахæм уынаффæ у кæронбæттæн æмæ æнæмæнг дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæн. Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй алкæцы дæр хæссы йæ снысангонд æртыккагон тæрхоны æмæ æртыккагон тæрхоны йæ минæварады архайдимæ баст хæрдзтæ. Æртыккагон тæрхоны сæрдары архайдимæ баст хæрдзтæ дыууæ Бадзырдаразæг Фарс хæссынц æмхуызонæй. Фæлæ Æртыккагон тæрхоны бон у рахæссын уынаффæ, цы ран хæрдзты фылдæр хай кæндзæн иу Бадзырдаразæг Фарс æмæ ахæм уынаффæ уыдзæн æнæмæнгхъæуæг дыууæ Бадзыраразæг Фарсæн дæр. Æртыккагон тæрхон йæ куысты фæтк бæрæг кæны йæхæдæг.

11 Уац

Консультацитæ

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй алкæмæн дæр йæ бон у æркура консультациты ауагъд цыфæнды фарстмæ гæсгæ дæр, кæцы хауы ацы Фидыды æмбарын æмæ пайда кæнынмæ.

12 Уац

Фидыды йæ тыхы бацыд æмæ йæ архайды æмгъуыд

1. Алы Бадзырдаразæг Фарс дæр хъусын кæны фыстæй иннæ Бадзырдаразæг Фарсæн ацы Фидыд йæ тыхы бацыды тыххæй хъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ ауагъды тыххæй. Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы дыууæ хъусынгæнæнæй фæстаджы райсты бонæй.

2. Ацы Фидыд архайы фынддæс азы дæргъы. Уыцы æмгъуыд фæуыны фæстæ йæ архайды æмгъуыд йæхигъæдæй дарддæргонд цæуы иннæ фондзазон æмгъуыдмæ, кæд æмæ йæ æмгъуыды фæудмæ 12 мæйы раздæр дыууæ Фарсæй иу нæ фехъусын кæна йæ архайдæн кæрон скæныны тыххæй.

3. Дыууæ Фарсы фыст хуызы кæрæдзийы разыдзинадмæ гæсгæ ацы Фидыдмæ гæнæн ис æмæ хаст цæуой ивындзинæдтæ.

4. Инвестицитæн, кæцытæ баконд æрцыдысты ацы Фидыды архайд æрлæуды агъоммæ æмæ хауынц йæ архайды сферæмæ, ацы Фидыды уагæвæрдтæ сæ тыхы сты ацы Фидыды архайды æрлæудæй иннæ фынддæс азы дæр.

Арæзт æрцыд сахар Цхинвалы 2009 азы декабры 1-æм боны дыууæ экземплярæй, уыдонæй алкæцыдæр ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, æмæ дыууæ тексты дæр сты æмдых.