Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзион æххуысыл

Дарддæр Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы кæй хуындæуы, уыцы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци,


сæ адæмты историон æгъдауæй сæвзæргæ фидар бастдзинæдтæ, хæлардзинад æмæ кæрæдзи æмбарыны традицитыл æнцой кæнгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн хæларсыхагдзинад, хæларадон ахастытæ, кæрæдзион æххуыс куы фидар кæной,уæд уый дыууæ паддзахады адæмтæн пайда кæй уадзæн æмæ Фæскавказы регионы сабырад, æдасдзинад сфидар кæнынæн кæй ахъаз кæндзæн, уый хынцгæйæ,

æппæтæнхыгъд принциптæ æмæ æхсæнадæмон барады нормæтыл, фыццаджыдæр ИНО-йы Уагæвæрды нысантæ æмæ принциптыл сæ æнувындзинад фидар кæнгæйæ,

сæ ахастытæ ног æмвæзадмæ сисынмæ тырнгæйæ,

адæймаджы барты æппæтæнхыгъд нормæтæ æххæст кæныныл сæ æнувындзинад фидар кæнгæйæ,

æппæтдунеон сабырдзинад æмæ æхсæнадæмон æмгустад фидар кæнынмæ тырнгæйæ,

бадзырдтой дæлдæр цы ранымад цæуы, ууыл:

1 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæ ахастытæ араздзысты куыд хæлардарæг паддзахæдтæ афтæ, фæткæй сæ куыст кæндзысты кæрæдзийы паддзахадон суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн аргъ кæныны принциптыл, бацæутæ сабырæй æрнывыл кæныны, тыхæй кæнæ тыхы æртхъирæнтæй ма пайда кæныны, уыимæ экономикон æмæ æндæр амæлттæй æлхъивыны, æмбардзинад æмæ мидхъуыддæгты ма бацагайыны, адæймаджы бартæ æмæ бындурон сæрибартæ хъахъхъæныны,æхсæнадæмон хæсистытæ цæсгомджынæй æххæст кæныны, афтæ ма æндæр æппæтæнхагъд принциптæ æмæ æхсæнадæмон барады нормæтæ хынцгæйæ.

2 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æнгомæй æмгуст кæндзысты æддагон политикæйы, æмархайд кæндзысты сабырдзинад фидар кæныны хъуыддаджы, Фæскавказы регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинад хъæддыхдæр кæныны æмæ уыцы нысантæм гæсгæ иудадзыг кæндзысты, дыууæ фарсæн дар пайда чи уадзæн, ахæм консультацитæ æхсæнадæмон æмæ регионалон проблемæты фæдыл. Уыдон сæхимæ хæс исынц, Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы интерестæм чи бар дары, уыцы регионалон конфликттæ æмæ æндæр уавæртæ æрбæстон кæныны ахъазыл æмзондæй кæй архайдзысты, уый тыххæй.

3 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы кæрæдзиимæ æнгомæй æмархайд кæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсуйы Федерацийы суверенитет, территорион æнæхъæндзинад бахъахъхъæнын æмæ сæ æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы: Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй искæцыйы хъуыдымæ гæсгæ, уымæ бабырсынæй тас куы уа, уæд хи иумæйагæй бахъахъхъæнын, сабырдзинад æмæ кæрæдзийы æдасдзинад бавæрыны нысанæн, Уыдон алы хатт дæр æвæстиатæй кæрæдзиимæ уынаффæ кæндзысты. Ацы уынаффæтæ рæстæджы бæрæг цæудзысты, тасдзинад аиуварс кæныны охыл иу Бадзырдаразæг Фарс иннæ Бадзырдаразæг Фарсæн цы æххуыс бакæндзæн, уый хуызтæ æмæ бæрц.

4 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы иумæйагæй исдзысты алы æнцонвадат мæдзæлтæ дæр, цæмæй сабырадæн тасдзинад, сабырады фехæлд иуварс кæной, афтæ ма цæмæй кæцыфæнды паддзахады кæнæпаддзахæдты къорды рдыгæй сæ ныхмæ агрессийы акттæн ныхкъуырд радтой.Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы кæрæдзийæн хъæугæ æххуыс кæндзысты, уыимæ хæстон æххуыс дæр, ИНО-йы Уагæвæрды 51 уацы куыд фыст ис, хи бахъахъæныны индивидуалон кæнæ коллективон бармæ гæсгæ.

5 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æдасдзинад, стæй мæ Фæскавказы регионы сабырдзинад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны охыл кæцыфæнды бадзырдаразæг Фарс дæр иннæ Бадзырдаразæг Фæрсæн дæтты йæ территорийыл æфсæддон базæтæ (обьектæ) аразын, уыдонæй пайда кæнын, йæгæрзифтонг тыхты æххуысæй уыдоны æфсæддон инфраструктурæ хуыздæр кæныны бар.

Ахæм бар æххæст кæныны фадæттæ æмæ фæтк алы конкретон уавæры бæрæг цæудзысты хицæн фидыдтæй (саугъæтæй).

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы ма æрфысдзысты хицæн фидыдтæ æфсæддон æмгуысттады тыххæй.

6 Уац

Бадзырдаразæг Фæрстæ хайад нæ исдзысты сæ иу кæнæ иннæйæ ныхмæ чи уæ, ахæм блоктæ кæнæ цæдисты.

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй алчи дæр йæхиуыл хæцдзæн, цæмæй хайад ма иса, иннæ Бадзырдаразæг Фарсæй алчи дæр йæхиуыл хæцдзæн, цæмæй хайад ма иса, иннæ Бадзырдаразæг Фарсы ныхмæ комкоммæ кæнæ фæрсаг æгъдауæй чи уа кæнæ сæ фарс чи хæца, ахæм цыфæнды архæйдтыты кæнæ мадзæлтты æмæ нæ бауадздзæн, цæмæй йын йæ территорийæн спайда кæной иннæ Бадзыраразæг Фарсы ныхмæ агрессии кæнæ æндæр тыхмитæ бацæттæ кæнын кæнæ бакæныны, стæй не ххуыс кæндзæн æндæр паддзахадтæн, уыцы паддзахадтæ æмæ иннæ Бадзырдаразæг Фарсы чсæн гæрзифтонг быцаæу куы рауайа, уæд.

7 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы фидар кæнынц æмæ аргъ кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы территорион æнæхъæндзинад æмæ арæнты æнæхæлгæдзинадæн. Бадзырддаразæг Фæрстæ æрфысдзысты хицæн фидыдтæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсуйы Фудерацийы æхсæн паддзахадон арæн куыд цæуы, уый тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн хъахъæд цæудзæн Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы иумæйаг архайды руаджы, сæхи сæрмагонд интересты, стæй Фæскавказы сабырдзинад æмæ стабилондзинад хынцгæйæ.

Бадзырдаразæг Фæрстæ ацы фарстайы фæдыл æрфысдзысты сæрмагонд фидыд.

8 Уац

Иу Бадзырдаразæг Фарсы æмбæсттагтæн сæ бон у, æмæ райсой иннæ Бадзырдаразæг Фарсы æмбæстагдзинад, кæй æмбæстагдзинад исой, уыцы Бадзырдаразæг Фарсы сфидаргонд уавæртæ æмæ фæткæвæрды бындурыл.

Дывæрсыг æмбæстагдзинады фарстатæ æрбæстон кæныны тыххæй Бадзырдаразæг æрфысдзысты сæрмагонд фидыд.

9 Уац

Алы Бадзырдаразæг Фарсы территорийыл дæр нымад цæуынц, иннæ Бадзырдаразæг Фæрсы паддзахадон оргæнтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты лæвæрд документттæ.

10 Уац

Дыууæ бадзырдаразæг Фарсæй алчи дæр йæхимæ исы хæс, йæ территорийыл чи цæры,уыцы адæмæн кæй хъахъхъæндзæн сæ граждайнаг,политикон,социалон,экономикон æмæ культурон бартæ æмæ сæрибартæ, цы расæйæ сты, нæлгоймæгтæ сты æви сылгоймæгтæ,цы æвзагыл дзурынц,цы диныл,цахæм политикон кæнæ æндæр зондахастыл хæст сты, цавæр адæмыхатт кæнæ социалон къордмæ хауынц,цы исбон сæм ис кæнæ ма æндæр цы уавæры сты, уымæ нæ кæсгæйæ.

Бадзырдаразæг Фæрстæй алчи дæр хъахъхъæндзæн, иннæ Бадзыраразæг Фарсы территорийыл чи цæры, йæ уыцы æмбæстæгты бартæ, ауддзæн сыл æмæ сын æххуыс кæндзæн æхсæнадæмон барады æппæтæнхыгъд принциптæ æмæ нормæтæм гæсгæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрад кæй нæй,уыцы æндæр паддзахæдты Республикæ Хуссар Ирыстоны алы æмбæстагæн дæр ис бар, цæмæй йæ хъахъхъæной Уæрæсейы Федерацийы дипломатон минæвæрадтæ кæнæ консулон уагдæттæ, Уырæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн цыдæриддæр уавæртæ арæзт ис, уыдонмæ гæсгæ.

11 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы араздзысты æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ, цæмæй сæ падзахæдты æмбæстæгтæ иннæ Бадзырдаразæг Фарсы территоримæ сæрибарæй бацæуой, уырдыгæй фæстæмæ рацæуой æмæ уыцы территорийыл сæрибарæй цæуой.

Бадзырдаразæг Фæрстæ æххæст кæнынц иумæйаг фæтк се ‘мбæстæгтæн æндæр паддзахæдтæм бацæуыны æмæ фæстæмæ рацæуыны фадат саразыны тыххæй. Бадзардаразæг Фæрстæ бакусдзысты æмæ араздзысты æмразыгонд мадзæлттæ, цæмæй уаг дæттой æндæр паддзахæдты æмбæстæгтæ сæ территоритæм бацæуыны æмæ фæстæмæ рацæуыны фæткæн.

12 Уац

Дыууæ Бадзыраразæг Фарсы сæ территоритыл æххæст кæнынц ахадæн мадзæлттæ, уыдонимæ æмбæлон фæткæвæрдакттæ райсын дæр, цæмæй ма æруадзой æмæ ныхкъуырд радтой тыхми бакæнынмæ цыфæнды ардауæн архæйдытæн хицæн адæймæгты кæнæ цæрджыты къордты ныхмæ национ, расæйон, этникон кæнæ динон æбыхсонддзинад, фыдæхдзинад кæнæ æнæуынондзинадыл чи æнцайы, ахæмтæн.

Дыууæ бадзырдаразæг Фарсы сæ территоритыл æххæст кæнынц ахадæн мадзæлттæ, цæмæй бахъахъхъæной хицæн адæймæгты кæнæ цæрджыты къордтæ, сæ этникон, æвзаджы, культурон кæнæ сæ дины миниуджыты хæдбындурдзинады аххосæй æртхъирæнты кæнæ тыхмиты, дискриминаци, фыдæхдзинады бын чи ис кæнæ дзы чи бахаудзæн, ахæмты, стæй сын сæ исбон дæр цæмæй бахъахъхъæной.

13 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæ территоритыл æххæстæй хъахъхъæндзысты къаддæр адæмыхæттыты этникон, æвзаджы, культурон æмæ динон хæдбындурдзинад æмæ сын арадзысты уавæртæ сæ хæдбындурдзинад бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæнынæн.

Алы Бадзырдаразæг Фарс йæхимæ исы хæс гарантии кæнын къаддæр адæмыхæттытæм чи хауы, уыдонæн, хицæнтæй кæнæ къаддæр адæмыхæттыты æндæр адæймæгтимæ иумæ, сæ бартæ сæхи культурæйы алы къабæзтæй дæр цæмæй сæрибарæй пайда кæной, хъахъхъæной æмæ йæ рæзын кæной,уæвгæ сæ æвæндонæй ассимиляции кæнын кæй ничи фæлвара, афтæмæй.

Бадзырдаразæг Фæрстæ сæхимæ исынц хæс, къаддæр адæмыхæттытæм чи хауы, уыдонæн сæ бартæ æмæ сæрибар æххæстæй кæй хъахъхъæндзысты, кæй сифтонг кæндзысты уыцы адæймæгтæн æмхуызон бартæ фæткæвæрды раз, æмхуызон хъахъхъæд кæй уыдзысты фæткæвæрды, æнæ цавæрфæнды дискриминацийæ.

Бадзырдаразæг Фæрстæ къаддæр адæмыхæттытæн араздзысты æнæмæнгхъæуæг уавæртæ культурон, социалон æмæ экономикон царды, стæй ма паддзахадон хъуыддæгты цæмæй ахадгæйæ архайой, уый тыххæй, зæгъæм, сæрмагондæй сæхимæ чи хауы, уыцы хъуыддæгты.

14 Уац

Иу Бадзырдаразæг Фарсы паддзахадон исбон, юридикон цæсгæмттæ æмæ æмбæстæгты исбон иннæ Бадзырдаразæг Фарсы территорийыл куы уа, уæд йæ барадон фæтк бæстонгонд цæуы, исбон цы Бадзырдаразæг Фарсы зæххыл ис, уый фæткæвæрдмæ гæсгæ, кæд дарддæр æндæр уавæр бæлвырд не рцæуа Бадзырдаразæг Фæрсты ‘хсæн æндæр æмбæлон дывæрсыг фидыдтæй, уæд.
Кæд Бадзырдаразæг Фæрстæй сæ иу загъы иннæ Бадзырдаразæджы территорийыл уæвæг исбон мæн у, зæгъгæ, æмæ уыцы иу рæстæг уыцы исбон кæд дзырддаг кæнынц æндæр адæймæгтæ кæнæ паддзахæдтæ, уæд иннæ Бадзырдаразæг Фарсæн йæ хæс у, исбон кæй у, цалынмæ уый кæронмæ не сбæлвырд уа, уæдмæ æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ ахæм исбон хъахъхъæнын æмæ бавæрыны фæдыл.

15 Уац

Дыууæ Бадзыраразæг Фарсы тврнынц экономикон интеграции бæрзонд къæпхæнмæ бахæццæ кæнынмæ æмæ уыцы нысантæм гæсгæ рæзын кæндзысты базарадон-экономикон æмгуыстад, мадзæлттæ исдзысты энергетикон æмæ транспортон системæтæ баиу кæныны, бастдзинад æмæ телекоммуникациты системæтæ кæрæдзиуыл бабæттыны тыххæй.

Бадзырдаразæг Фæрстæ сæ экономикон-базарадон ахастыты кæрæдзийæн дæттынц цыфæнды æндæр паддзахадæн цы хæрзвадатдæр фæтк ис, уымæй цауддæр чи нæу, ахæм хæрзвадат фæтк.

Бадзырдаразæг Фæрстæ экономикон, базарадон, зонадон-техникон ахастыты рæст ифтонг кæнынц ахæм æмвæзæдтыл:

Паддзахадон хицаудзинады оргæнты;

Банктæ æмæ финансон системæйы;

Территориалон æмæ бынæттон (муниципалон) разамынды оргæнты;

Куыстуæттæ, иугæндтæ, организацитæ æмæ уагдæтты;

Иумæйаг куыстуæттæ æмæ организациты;

хицæн амалхъом адæймæгты.

Бадзырдаразæг Фæрстæ кæрæдзийæн парахатæй дæтдзысты экономикон информаци, араздзысты афтæ, цæмæй дзы хайджын уой Дыууæ бадзырдаразæг Фарсы куыстуæттæ, амалхъом адæймæгтæ æмæ ахуыргæндтæ.

Бадзырдаразджытæ æрфысдзысты фидыдтæ бадзырдтæ базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ æмгуыстады æндæр къабæзты рæзты тыххæй.

16 Уац

Уæрæсейы Федерации араздзæн ахадæн мадзæлттæ Республикæ Хуссар Ирыстоны финансон æмæ банкон системæтæн феххуыс кæнын æмæ сæ кусын кæныны тыххæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фидыны сæйраг фæрæз уæрæсейаг сом кæй у, уый хынцгæйæ.

17 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæхимæ исынц хæс, амалхъомдзинад æмæ æндæр хæдзарадон архайдæн хæрзвадат экономикон, финансон æмæ барадон уавæртæ кæй араздзысты,уый тыххæй, уыимæ инвестицитæн ахъаз кæнын æмæ сæ дыууæрдыгæй фарс дæр хъахъхъæнын,æппæт мадзæлттæй ахъаз кæнын æмбæстæгты, куыстуæтты, фирмæты æмæ бадзырдаразæг Фæрсты экономикон æмгуыстады æндæр субъекты ‘хсæн комкоммæ бастдзинæдтæн.

18 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æххуыс кæндзысты кæрæдзийæн сæ территоритыл егъау экологион катастрофæты фæстиуджытæ аиуварс кæныны хъуыддаджы, стæй кæрæдзийæн æххус кæндзысты æрдзон æмæ техногенон фактортæ кæй расайой æмæ цæрджыты цардæн тас кæмæй уа, ахæм уæлвæткон уавæрты.

19 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æппæт мадзæлттæй ахъаз кæндзысты æмгуыстад æмæ бастдзинæдтæн культурæ, аивад, ахуырад, туризм æмæ спорты сферæты, æххуыс кæндзысты, цæмæй информации сæрибарæй хæццæ кæна сæ кæрæдзимæ. Ацы фарстаты фæдыл Бадзырдаразджытæ æрфысдзысты хицæн фидыдтæ дæр.
Республикæ Хуссар Ирыстон разæнгард кæндзæнис йæскъолайы агъоммæйы уагдæттæ æмæ ахуыргæнæндæтты уырыссаг æвзаг ахуыр кæнын.

20 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы рæзын кæндзысты æмгуыстад æнæниздзинад хъахъхъæныны, медицинон зонад æмæ практикæйы, æмбæлон материалон-техникон базæйы рæзты хостæй, медицинон техникæйы фæрæзтæй, сывæллæтты хæлцы продукттæй ифтонг кæныны.

21 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæрмагонд фидыдтæй уаг ратдзысты сæ иуы æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон ифтонгдзинады хъуыддæгтæ иннæ Бадзырдаразæг Фарсы территорийыл банывыл кæнынæн.

22 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы рæзын кæндзысты зонд æмæ техникæйы сферæты æмгустад, ахуыргæнæндæтты, зонадон-иртасæн æмæ проектон-конструкторон уагдæтты ‘хсæн комкоммæ бастдзинæдтæ фидар кæныныл архайгæйæ,æххæст кæндзысты иумæйаг программæтæ æмæ бакуыстытæ, уæлдайдæр та приоритетон къабæзты æмæ раззагдæр технологиты сферæйы.

Бадзырдаразæг Фæрстæ сæхимæ хæс исынц, иумæ кæй архайдзысты æмæ хæрзвадат уавæртæ кæй араздзысты кадртæ цæттæ кæныны сферæйы, ахуыргæндтæ, специалисттæ, аспиранттæ æмæ сту студенты баивды, нымайдзысты ахуыры тыххæй кæрæдзийы дипломтæ, ахуырадон хуындæдтæ æмæ къæпхæнтæ.

Бадзырдаразæг Фæрстæ зонад æмæ ахуырады фарстаты фæдыл æрфысдзысты хицæн фидыдтæ.

23 Уац

Дыууæ Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы исдзысты мадзæлттæ ,цæмæй сунификаци кæной хæдзарадон хъуыддæгтæ бæстон кæныны фæткæвæрд, уыимæ граждайнаг æмæ хъалон исыны фæткæвæрд, стæй цæрджыты социалон хъахъхъæнынады æмæ пенсит фидыны фæткæвæрдад.

24 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы дунеон барады нормæтæм æмæ сæхи национ фæткæвæрдадмæ гæсгæ æмгуыст кæндзысты фыдракæндты, терроризм æмæ экстремизмы æндæр тихмион разындтыты ныхмæ тохы, наркотикты æвæткон æзылдимæ, æвæткон миграциимæ стæй граждайнаг авиации æмæ транспорты æндæр хуызты æдасдзинады ныхмæ чи у, ахæм æнæбарадон актты ныхмæ, контрабандæ æмæ культурон хæзнатæ давыны ныхмæ.

25 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы иудадзыг кæрæдзийæн хъусын кæндзысты барадон актæ æмæ æхсæнадæмон-барадон документты бакуыст , райст æмæ сæ пайда кæныны тыххæй информации.

26 Уац

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæхимæ хæс исынц, дыууæ паддзахады парламенттæ æмæ парламентариты ‘хсæн бастдзинæдтæ æмæ æмгуыстады рæзтмæ сæрмагондæй сæ хъус кæй дардзысты, уый тыххæй.

27 Уац

Ацы Бадзырд куыд æмбарынгæнгæ у æмæ дзы куыд пайда кæнын хъæуы, уый фæдыл Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы ‘хсæн бацæутæ лыггонд цæудзысты баныхæсты руаджы.

28 Уац

Ацы Бадзырды хъæуы ратификации кæнын æмæ йæ тыхы бацæудзæн, кæрæдзимæ ратификацион æвдисæнгæххæттытæ цы бон радтой, уæдæй.

29 Уац

Ацы Бадзырд арæз цæуы 10 азы æмгъуыдмæ.

Йæ архайд йæхигъæдæй даргъ кæндзæнис дарддæры фондзазон æмгъуыдмæ, кæд æмæ йæ мгъуыды фæудмæ æхсæз мæйы раздæр Дыууæ Бадзырдаразæг Фæрстæй сæ иу дæр фыстæй нæ фехъусын кæна йæ архайдæн кæрон скæныны тыххæй.

Бадзырдæй рацæуыны рæстæгмæ æмбæлон Бадзырдаразæг Фарс хъуамæ сæххæст кæна, ацы Бадзырды архайды дæргъы йыл цы хæстæ уыд, уыдон се’ппæт дæр.

30 Уац

Гæнæн ис æмæ ацы бадзырдмæ бахастæуа, йæ æнæфæхицæнгæнгæ хай чи уа, ахæм ивддзинæдтæ æмæ бафтауинæгтæ, уыдон кондæуы хицæн суагъæтæй. Ивддзинæдтæ æмæ бабафтауинæгтæ баххæсссыны бар ис Дыууæ Бадзырдаразæг Фæрстæй алкæмæн дæр, иннæ Бадзырдаразæг Фарсæн хъуамæ æмбæлгæ хуызы фехъусын кæна, афтæмæй.

31 Уац

Ацы бадзырд сæххæст кæныны охыл Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы, кæд бахъæуа, уæд сæ къухтæ бафысдзысты æндæр бадзырдтæ æмæ фидыдтыл дæр æмæ сараздзысты æмбæлон координацигæнæг оргæнтæ.

Арæзт æрцыд сахар Мæскуйы «» сентябрь 2008 азы дыууæ экземплярæй, уыдонæй алкæцыдæр ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл,æмæ дыууæ тексты дæр æмдых сты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы

номæй номæй