Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады хъусынгæнинаг Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл æртыккæгæм азы сæххæсты охыл

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл æртыккæгæм аз кæй сæххæст, уый цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлтæ.

2008 азы 26 августы бон Ирыстоны азфысты историйы фыст æрцыдис сызгъæрин дамгъæтæй æмæ нысан цæуы куыд паддзахадон бæрæгбон – Паддзахадон хæдбардзинад банымайыны боныл. Ацы цау ссис иууыл стырдæр арæн Хуссар Ирыстоны иууыл ногдæр историйы.

Хуссарирыстойнаг паддзахад саразын æмæ йæ дарддæры рæзт рацыдис Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарсы перманентон агрессийы уовæрты адæмы бартæ æмæ аккаг цард бахъахъхъæныны æнæмæнгхъæуындзинадæй. Хуссар Ирыстоны адæм сæ хæдбардзинад бахъахъхъæдтой сæ дыууыназон æндыгъд тохы стыр зиæнттæ æмæ адæймæгты мæлæтæй. Уæрæсейы Федерацийы Президенты 2008 азы 26 августы Указ «Хуссар Ирыстоны Республикæ хæдбардзинад банымайын» ссис ацы тохы закъонбæрцон фæстиуæг. Хуссар Ирыстоны кæддæриддæр бузныджы æнкъарæнтимæ никуы ферох кæндзысты уæрæсейаг салдаттæ æмæ афицерты хъайтардзинад, раст сæ ирон фыртты нæмттæ, сæ цард Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау чи радта, уыдоны нæмттæ куыд никуы ферох кæной, афтæ.

Хуссар Ирыстонæн йæ хæдбардзинад нымад кæй æрцыдис, уый йын байгом кодта йæ рæзты ног этап. Ныр ын йæ æдасдзинадæн гарант у Уæрæсейы Федераци. Бæстæ нырыккон демократон паддзахад аразгæйæ, ныфсджын къахдзæфтæ кæны социалон-экономикон пргрессы фæндагыл.

Нæ паддзахадты ‘хсæн ахастыты ног гъæдджын ахастыты характер дæтты фæдфæдылонæй дывæрсыг ахастытæ рæзын кæныны, ииуыл вазыгджындæр фарстатæ кæрæдзийыл æууæндыны æмæ кæрæдзиæмбарынады бындурыл скъуыддзаг кæныны фадат. Уæрæсейаг æфсæддонты æмæ арæнхъахъхъæнджыты координацигонд æмархайдтытæ бынæттон барадхъахъхъæнæг аз ифтонг кæнынц Хуссар Ирыстоны адæмы сабырад æмæ æдасдзинад.

Цхинвал, 25 август 2011 аз