Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 17 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Сæргълæууæг Пухаты А.И.

Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис хуссарирыстойнаг-приднестроваг æмахастытæ рæзын кæнынимæ баст къорд уæрæх фарстатыл.

Министр стыр аргъ скодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы ‘хсæн æмкуысткæнынады уæрæх позитивон динамикæ æмæ æмвæзадæн æмæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц фидар бадзырдон-барадон базæйыл. Министр бузныг загъта Пухаты Алыксандрæн, дыууæ паддзахады ‘хсæн бастдзинæдтæ уæрæх кæнынæн ахъаз кæй кæны, уый тыххæй. Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестровæйы паддзахæдты ‘хсæн хæларадон бастдзинæдтæ дарддæр дæр рæзт кæй цæудзысты, ахæм ныфс æрцыдис бавæрдгонд ныхасы кæрон.

Цхинвал,
2012 азы 17 февраль.