Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хæдивæг статс-секретарь Г.Б.Карасинимæ телефоны кæй ныхас кодта, уый фæдыл

8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. телефонæй ныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг статс-секретарь Г.Б.Карасинимæ.

Телефонæй ныхас кæныны рæстæджы бауынаффæ кодтой уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмахастыты актуалон фарстытыл – регионалон ситуаци, Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Женевайы дискусситы радон раундмæ бацæттæ кæныныл. Санахъоты Д.Г. фехъусын кодта, 2008 азы, августы, Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы цыппар азы боны цытæн Цхинвалы уагъд кæй цæуынц зæрдылдарæн мадзæлттæ.

Цхинвал,
2012 азы 8 августы.