Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавровимæ кæй фембæлд, уый тыххæй

2012 азы 9 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. фыццаг официалон визиты фæлгæтты фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавровимæ.

Фембæлды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой дывæрсыг ахастыты регионалон æмæ дунеон проблемæты къорд фарстытыл.

Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой æддагон-политикон, экономикон æмæ културон æмгуыстгæнынады дунеон фæдыздæхтыты дарддæры рæзты ахсджиагдзинад. Банысангонд æрцыдис Фæскавказы æдасдзинады проблематикæйы фæдыл Женевæйы дискусситы нысаниуæг. Уынаффæ ма цыдис бадзырдон-барадон базæйы, консулон фарстатæ ма сæм бану кæнгæйæ, дарддæры дывæрсыг архайдтыты рæзтыл.

Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С.В. Лавров радон хатт банысан кодта, фæстæмæ раздахæн кæй нал ис Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад кæй банымадта, уымæн, афтæ ма ныфс бавæрдта, Уæрæсейы къухдариуæгад йæ курс кæй нæ фæивдзæнис æмгуыстгæнынады æппæт сферæйы дæр Хуссар Ирыстоны æмæ йæ адæммы ‘вварс дарддæр дæр хæцыны тыххæй.

Фембæлды рæстæджы банысан æрцыдис, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц Мæскуы æмæ Цхинвалы ‘хсæн политикон диалогы къухыбафтгæ æмвæзадæн. Фæдфæдылон систы нæ паддзахадты дæлдæр æмæ бæрзонд æмвæзадыл фембæлдтæ æмæ контакттæ, уæрæхдæр кæнынц парламенты алыгъуызон министрадты æмæ ведомстваты ‘хсæн Уæрæсейы ‘рдыгæй фарс ныфс бавæрдта, дунеон аренæй дарддæр дæр кæй кацдзæнис Республикæ Хуссар Ирыстоны позициты фарс.

Фембæлды кæрон Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Хуссар Ирыстонымæ фæхуыдта С.В. Лавровы, йæхицæн хуыздæр кæд уа, ахæм кæцыфæнды рæстаджы.

Фембæлды фестæ министртæ дзуапп радтой дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн.

Цхинвал,
2012 азы 9 октябр.