Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Женевæйы дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы хъусынгæнинаг Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстыты фæдыл Женевæйы дыууын фыццæгæм раунды дискусситы тыххæй

2012 азы 10-11 октябры г. Женевæйы уыдис дунеон дискусситы форматы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады сæраппонд дыууын фыццæгæм фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы АИШ делегацитæ. Афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ОБСЕ минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Ӕххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

Дискусситы сæйраг хъусдард здæхт æрцыдис Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстоны тыххæй ма спайда кæныны фарстмæ, кæцы нысан æрцыдис Д.А. Медведев-Н. Сарказийы 2008 азы 12 августы бадзырдтыты. Хуссарирыстойнаг делегации банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны æмæ Абхазы ‘хсæн тыххæй ма спайда чындæуы. Уый тыххæй хъуамæ фæтагъддæр чындæуа юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæго сразыдзинады документыл куыст æмæ йæ бацæттæ кæныны хъуыддаг, куыд адасдзинады системæйы иууыл ахсджиагдæр барадон компонент, афтæ.

Дунеон нормæтæ хъахъæныны хъуыддаджы, уыцы нымæцы тыххæй ма спайда кæныны, афтæ ма 2010 азы кæрон Хуссар Ирыстоны Абхазы æмæ Гуырдзыстоны президенттæ тыххæй ма спайда кæныны фæдыл иувæрсонæй кæй сарæзтой, уыцы хъусынгæнинаг бафидар кæныны тыххæй хуссарирыстойнаг делегации рахæцыдис тыххæй ма спайда кæныны фæдыл уымæй размæ уæрæсейаг делегации цы проект бавдыста Женевæйы дискусситы Хайадисджытæ иумиаг фехъусынгæнинаг райсыны ‘вварс.

Дыууæ фарсы эксперты фæлгæтты рæвнæлдтой тыхæй ма спайда кæныны фæдыл Женевæйы дискусситы хайадисджыты иумиаг проект саразыны куыстмæ.Дискусситы Хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ та ногæй загътой афтæхуыйнаг хæдаразгæ «æдасдзинады дунеон мадзæлдтæ» хъарыны ныхмæ. Цы фембæлд уыдис, уым ахсджиаг бынат бацахста, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон агурыны фарст. Уагъдæрцæуæг раунды фæлгæтты дунеон эксперты Хайадистæй ауагъд æрцыдис информацион сессии ацы темæмæ хауæг фарстаты фæдыл. Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ та ногæй сæ хъусдард аздæхтой ахæм факт сбæлвырд кæнынмæ, зæгъгæ, 2008 азæй фæстæмæ æбæрæгæй сæфтыл нымад чи ‘рцыдысты, Хуссар Ирыстоны уыцы цæрджыты æрцахстой æмæ бæрæг рæстæджы дæргъы уыдысты Гуырдзыстоны æфсæддон структурæтæм. Загъдгонд æрцыдис ныфсдзинад, зæгъгæ, Гуырдзыстоны ног хицауиуæгад бæрндзинад ахаст рæвдисдзæнис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон хъысмæт сбæлвырд кæнынмæ.

Фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой бафæдзæхсын æмæ хъусбардарын Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæны инциденттæ Механизмы куыст дарддæр дæр æххæст кæныны нысанмæздæхтдзинад. Уыимæ иумæ хуссарирыстойнаг хайадисджытæ банысан кодтой Механизмты эффективондзинад æмæ оперативондзинад фæбæрзонддæр кæнын. Хуссар Ирыстойнаг фарс æрсыдтис Гуырдзыстонмæ, цæмæй иумæ æххæст кæной паддзахадон арæны делимитации æмæ демпркацийы куыст. Дискусситы рæстæджы ма ноджыдæр уынаффæ цыдис, гуманитарон характер кæмæн ис, ахæм фарстатыл дæр.
Дискусситы Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Уæрæсейы хайадисджытæ сæ хъуыды загътой, цæмæй баиу æрцæуой дыууæ кусæгон къорды æмæ сæ эффективондзинад цæмæй сырæза, уый нысанæн ивындзинæдтæ хаст æрцæуæй Женевæйы дискусситы форматмæ.

Женевæйы радон фембæлд уыдзæнис 2012 азы 12 декабры.

г.Женева,
2012 азы 12 октябр.