Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

20 май - Хъынцъым æмæ саударæн бон

20 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъынцъым æмæ саударæн бон кæй нысан чындæуы, уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы Молдаваг Республикæйы ауагъдæуыд номарæн мадзæлттæ.
Хайад дзы райстой официалон адæймæгтæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

РХИ ФХъМ-ы
пресс-службæ