Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаджы фæдыл

2013 азы 28 майы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ æнæразыдзинад загъта, цыма Хуссар Ирыстоны арæн уæрæсейаг æфсæддонтæ æварстæй ахастой размæ æмæ йæ бабастой сындзтелæй Дицы æмæ Дуаны хъæуты цур фадгуыты.


Зындгонд куыд у, афтæмæй ныртæккæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн хъахъхъæнынц Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнджытæ 2009 азы æхсæнпаддзахадон сразыдзинады къухтæ фыст кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн кæуылты цæуы, уый сбæлвырд кæныны куыст, йæ фиксаци иууылдæр æххæст цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ.

Арæнхъахъæнджыты архайдтытæ бынтондæр ницы бар дарынц сыхаг Гуырдзыстоны паддзахадон суверенитетмæ. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ хивастæй, кæй зæгъын æй хъæуы, арæныл никæцы ‘рдæм ахæцыдысты æмæ уымæ гуырдзиаг къухдариуæгады мæсты ахаст та дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр у радон провокаци, арæнгæрæтты цы ирон адæм цæрынц, уыдоны змæнтыны охыл провокаци.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ нæ паддзахады территори бæлвырд цæуы Хуссар Ирыстоны автономон областы фæлгæтты. Хуссар Ирыстон у хæдбар, нымад паддзахад æмæ уый, Гуырдзыстоны фæнды æви нæ, уæддæр йæ арæнты политикæ араздзæнис хæдбарæй.


Цхинвал, 2013 азы 28 май