Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 10 августы Гуырдзыстоны мидæггагон хъуыддæгты министрады полицийы автомашинæ Евроцæдисы цæстдарджыты миссийы цæстыты раз æрбахызтис РХИ Цхинвалы районы Арцеуы цæрæн пункты территоримæ Гуырдзыстонимæ æмарæн паддзахадон арæны сæрты. Кæд дзы цалдæр хаты домдтой, цæмæй ныуагътаит РХИ территори æмæ аздæхтаит фæстæмæ,уæддæр сын фæстиуæг нæ уыдис, ницæмæ сæ дардта. РХИ Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы бахъуыдис уæлдæфы фæдзæхстæн æхст фæкæнын æмæ æрмæстдæр уый фæстæ арæнхалджытæ Гуырдзыстоны территоримæ аздæхтысты.


Хъыгагæн, уый Гуырдзыстоны тыхон структурæтæн провокацион характеры иунæг прецедентон цау, мыййаг, нæу Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны сæрты ахизыны фæткфехалыны хъуыддаджы.

Знон, 12 августы уагъд æрцыдис МПРИ фæлгæтты экстренон фембæлд ацы инциденты фæдыл, кæцыйы хуссарирыстойнаг фарс æххæстæй сбæлвырд кодта гуырдзиаг полицæйæгты бæрндзинад. Фæлæ уæддæр Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад апарахат кодта хъусынгæнинаг, кæцыйы, куыд фæтк, афтæ къæхты ‘рдæм фæкæнгæйæ, лæвæрд цæуы мæнг информаци, куыд æнæкæсгæйæ хорз кæй сахуыр кæнынц скъолайы, ахæм æмдзæвгæйау та Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад инциденты радон хатт аххосджын кæны уæрæсейаг гарзджын тыхты æмæ хуссарирыстойнаг хицауады.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бæрндзинадимæ хъуысын кæны уый æмæ суверенон Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнмæ цахæмфæнды баввахс уæвынæн дæр ис провокацион миниуæг æмæ йын дзуапп лæвæрд цæудзæнис, цахæм æмбæлы, ахæм хуызы. Æмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарсы æдзухон, сзыгъуыммæгонд æмæ зианхæссæг позици та æвдисæн у, Гуырдзыстоны хицауадæн, реалонæй цы цæуы, уый йæ бон бамбарын кæй нæу.


Цхинвал, 2013 азы 13 август